Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик ацы бонты Мыхуыр æмæ информацийы паддзахадон комитеты кусджыты базонгæ кодта сæ ног къухдариуæггæнæг Хъотайты Марияимæ.

Премьер-министр банысан кодта дзыллон информацийы фæрæзты ахадындзинад, загъта, уыдоны фæрцы республикæйы фæлгæтты æрцæугæ цауты фæдыл æхсæнад бæстон информаци кæй исы, уый тыххæй дæр.

«Алы паддзахады дæр дзыллон информацийы фæрæзтæ сты цыппæрæм хицауад, æмæ сæ куыст цы æмвæзадыл æвæрд у, цæрджытæм раст информаци куыд хæццæ кæны, уый дзурæг у бирæ цæуылдæрты», – загъта премьер.

Пухаты Эрик коллективы базонгæ кодта РХИ-йы президенты бардзырдимæ, Мыхуыр æмæ информацийы комитеты сæргълæууæгæй Хъотайты Мария нысангонд кæй æрцыд, уый тыххæй.

«Марияйы абон нæ базыдтат, фыццаг аз нæй дзыллон информацийы фæрæзты, æмæ мæн фидарæй уырны, йæ разылæууæг хæс-тæ цæсгомджынæй кæй æххæст кæндзæн, – бахатыд æрæмбырдуæвджытæм Пухайы фырт.

– Мария Феликсы чызг каст фæци Тыбылты Алыксандры номыл паддзахадон университет æмæ æхсызгонæй банысан кæндзынæн, нæхи уæлдæр ахуыр-гæнæндон кæй цæттæ кæны,  бæрнон бынæтты сæ бон кусын кæмæн вæййы, ахæм аккаг  рауагъдонты».

Пухаты Эрик ма банысан кодта, паддзахадон структурæтæм кæй хъæуы разæнгард кæнын æвзонг специалистты, уый дæр.

Хицауады Сæрдар арфæйы ныхæстæ загъта Хъотайты Мария-йæн, ног бынаты йæ кæй снысан кодтой, уый тыххæй æмæ йын загъта æнтыстыты  фæндиæгтæ.

Йæ рады Хъотайты Мария дæр бузныджы ныхæстæ загъта Республикæйы къухдариуæгадæн æмæ банысан кодта, æппæт дæр кæй араздзæн бæрнонæй, цæмæй йе ‘ууæнк ма фесафа.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.