Ивгъуыд къуыри РХИ-йы Информаци ӕмӕ мыхуыры комитеты хъӕппӕрисӕй журналисттӕн уыд пресс-тур горӕт Къуайсамæ. Журналисттӕ уал фыццаг  федтой Гуфта-Хъемултайы фӕндагыл цы цалцаггӕнӕн куыстытӕ цӕуынц, уыдоны. Ацы фӕндаджы арӕзтадмӕ ӕрӕвнӕлдтой 2016 азы, фӕлӕ фӕндаджы иу хай  разынд тынг зын аразӕн. Прораб Абеты Константин нын куыд радзырдта, афтӕмӕй кӕцыдӕр бынӕтты фӕндаг уыд тынг нарӕг, уымӕ гӕсгӕ дзы дыууӕ машинӕ фӕрсӕй фӕрстӕм зынтӕй хызтысты. Уымӕ гӕсгӕ кусджыты бахъуыд фӕндаг афӕтӕн кӕнын. Нарӕг фадгуытæ ма бафидар кодтам æрдæг хидтæй дæр. Иумиагӕй куыст цӕуы ӕнӕрлӕугӕйӕ. «Ныридӕгӕн  иу километры дӕрццӕгӕн сӕйраг куыстытӕ æххæст цӕуынц фӕндагӕн зындӕр хайыл. Фӕндаг къуындӕг кӕм уыд, уым æй афӕтӕндӕр кодтам 10-12 метры онг. Уый, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, у иттӕг хорз транспортӕн. Цалцӕггӕнӕн куыстытӕ æххæст кӕм цӕуынц, уым фӕндаг къахт ӕрцыд цыппар метры онг бынмӕ, цӕмӕй фӕндаджы бындур уа фидардӕр, зӕххы фадыг алыгъуызон фæлтæртæ кӕй у, уымӕ гӕсгӕ. Ныртӕккӕ уый йедзаг кӕнынц фидардӕр ӕмӕ гъӕдджындӕр ӕрмӕгӕй. Цы хомысæй йæ йедзаг кӕнынц, уый ласынц Чеселтгомӕй ӕмӕ лабораторон хатдзӕгтӕм гӕсгӕ уый у иттӕг хорз æрмæг арӕзтадон куыстытӕн. Ацы ӕрмӕгӕй кусджытӕ байдзаг кӕндзысты фӕндаджы фыццаг цъар. Фӕстаг цъар та фидаргонд ӕрцӕудзӕн бетонӕй ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ сасфальт кӕндзысты. Афтӕмӕй фӕндаг фӕлӕудзӕн дӕргъвӕтин рӕстӕджы»,- банысан кодта Абеты Константин.

Прораб ма радзырдта, зӕгъгӕ, фæндагæн ацы фадыгмæ дуртæ кæй згъæлынц, уымӕ гӕсгӕ сӕ кусджытӕ сӕхгӕдтой ӕфсӕйнаг хызтæй, кӕцыты гарантион рӕстӕг у 50 азӕй фылдӕр. Ныртӕккӕ фӕндаджы арӕзтадыл кусынц 40 адӕймаджы, уыдон се ‘ппӕт дӕр сты бынæттон кусджытæ. Мызд дӕр фыст цӕуы афойнадыл. «Нӕ мызд хизы 60-70 мин сомы онг ӕмӕ йӕ алкӕддӕр исӕм афоныл. Ныртӕккӕ фӕндаджы арӕзтадыл кусы 20  иуæджы онг кусӕн техникӕ. Ӕмӕ графикмӕ гӕсгӕ нӕ куыст ацы фадыджы хъуамӕ фӕуӕм ацы мӕйы кӕронмӕ»,- загъта прораб.

Кокайты Зæринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.