Инциденттæ ма æруадзын æмæ сæм хъусдард здахыны фæдыл механизмты фæлгæтты радон фембæлдæн хатдзæгтæ аразгæйæ, хуссарирыстойнаг делегацийы сæргълæууæг, Фæсконфликтон бæстонкæнынады фæдыл РХИ-йы Президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурат информацион фæрæзты минæвæрттæн куыд радзырдта, уымæ гæсгæ стыр æнæразыдзинад равдыстой Гуырдзыстоны ‘рдыгæй амонæн нысæнттæ æхст кæй æрцыдысты, уый фæдыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ, арæнгæрон нысан радон хатт æхсæнгарзæй æхст кæй æрцыд Къостайыхъæу æмæ Никозы æхсæн арæнмæ хæстæг, уыцы хъуыддæгтæн дарддæр æруадзæн нал ис, уымæн æмæ вазыгджын кæнынц уавæр.

«Хуссарирыстойнаг фарс æрсидт Евроцæдисы миссийы хъусдарджыты минæвæрттæм, цæмæй фылдæр хъусдард здахой арæнтæм æввахс бынæтты уавæрмæ, уыцы нымæцы уым хотыхджын адæмы фæзындмæ дæр.

Хуссарирыстойнаг фарс ногæй æрæвæрдта, Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны хсæн паддзахадон арæны хахх сбæлвырд кæныны æнæмæнгхъæуындзинады фарст, ома арæнты демаркаци æмæ делимитаци, уымæн æмæ уыдон руаджы бирæ фарстытæ биноныг цæудзысты», – банысан кодта Джиоты Мурат.

Æхсызгонæй банысан кодта, фæстаг рæстæджы арæнтæ фехалыны цаутæ бæрæг кæй фæкъаддæр сты, хынцыд æрцыд æрмæстдæр дыууæ цауы. Дыууæ хатт дæр арæнхалджытæ уыдысты Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ æмæ æмбæлон процедурæты фæстæ уыдон æрвыст æрцыдысты сæхи территоримæ. Куыд загъта, афтæмæй ныртæккæ бæрæгбоны къæсæрыл кæй стæм, уымæ гæсгæ бадзырдæуыд арæныл хизыны фарстыты фæткыл, цæмæй цæрджытæн уыцы хъуыддаджы проблемæтæ ма уа.

Механизмты ацы азы куыстæн фæстиуджытæ аразгæйæ, Джиоты Мурат банысан кодта форматы активон куыст рæвдз бастдзинады архайды руаджы.

«Мах бадзырдтам ахæм активон куыст кæныныл ног азы дæр», – банысан кодта хуссарирыстойнаг делегацийы сæргълæууæг.

Инциденттæ ма æруадзын æмæ сæм хъусдард здахыны фæдыл механизмты куысты форматы Джиоты Мурат куысты иууыл стырдæр æнтыстыл банымадта арæнтыл стабилон уавæр.

«Паддзахадон арæнтæм æввахс районты хъахъхъæд цæуы сабырдзинад, ахæм эксцесстæ дзы не ‘рцыд, кæцытæ бандæвтаиккой æдасдзинады иумийаг уавæрыл. Уымæ гæсгæ ацы форматы иууыл стырдæр æнтыстыл нымад цæуы, арæнтыл уавæр чи фæвазыгджындæр кодтаид уыцы фæткхалæн цаутæ æмæ æндæр факттæм хъусдард», – балхынцъ кодта Мурат.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.