Фæткхалæн цаутæ ма уой, кæннод та фæкъаддæр уой, уый тыххæй æрвылбон дæр барадхъахъхъæнæг органты раз лæууы бирæ аскъуыддзаггæнинаг хæстæ. Уыдоны фæрцы нæ цард у сабыр æмæ æдыхстдæр, не ‘рвылбонон аразинæгтæ та феххæст кæнæм нæ зæрдæты фæндон æмæ домæнтæм гæсгæ.

Ацæугæ аз горæты мидхъуыддæгты хайады фадыгон инспектортæй æппæт хъуыддæгты дæр йæхи активонæй чи равдыста, уыдонæй иу у милицийы капитан Козаты Яна. Янайы æрвылбон дæр фенæн вæййы нæ горæты хуссар-ныгуылæн фарс. Йæ фадыджы цæры авд мин адæймагæй фылдæр. Ацæугæ аз æркаст æмæ равзæрста 60 хъуыддаджы бæрц. Уыдонæй 23 уыдысты, цæрджытæй йæм чи æрбацыд, ахæм куырдиæттæ. Фадыгон инспектор-тæн ацы куыст у иууыл ахсджиагдæр. Уымæн æмæ дзы алы куырдиат дæр йæхирдыгонау вæййы вазыгджын, бæстон бакусын кæуыл хъæуы, ахæм.

Алчи дæр æмбары, кадртæй кæнгæ бирæ у… Ацы фарстыл дæр Яна бакуыста бæстон. Бацæттæ кодта æмæ куыстмæ æрбакодта æртæ кусæджы. Уыдон абон лæууынц йæ фарсмæ æмæ куыд йæхæдæг, афтæ сæ уагдоны разамынд дæр у райгонд. Алы хæсмæ дæр сæ хъус æрдарынц лæмбынæг, бæстон æмæ  йæ куыст дæр уымæн вæййы раппæлинаг. Уымæй дарддæр ма Яна хорз бакуыста, йæ хъысмæт милициимæ сбæттын кæй фæндыд, милицийы уæлдæр ахуырдзинад райсын чи сфæнд кодта, уыдонимæ дæр. Ахæмтæ уыдысты дзæвгар, фæлæ дзы милицийы уæлдæр ахуыргæнæндæттæм æрвыст æрцыдысты сæ аккагдæртæ.

Фадыгон инспектор цалдæр азы цы адæмы ‘хсæнмæ фæцæуы, уыдонæй алцы дæр базоны бæстон. Яна цы фадыджы тыххæй дæтты дзуапп, уым хорз базыдта, закъæттæм æмæ æхсæнадон цардмæ уæлæнгай ахаст кæмæн ис, уыдон. Йæ фадыджы кæд бирæ нæ, уæддæр дзы ис, цы аразы, ууыл бæстон чи нæ ахъуыды кæны, афтæмæй фæткхалæн цаутæ чи саразы, ахæмтæ. Яна семæ фембæлынмæ иу кæнæ æндæр темæйы тыххæй беседæтæ ауа-дзынмæ никуы базивæг кæны. Чи сæ нæ байхъусы, хатдзæгтæ сæ чи нæ саразы, уыдоны ныхмæ та ист æрцæуынц фæкарздæргонд мадзæлттæ. Уæд æцæгæй дæр бамбарынц сæ рæдыд æмæ ма фæсмон дæр фæкæнынц, фадыгон инспектормæ кæй нæ байхъуыстой, уый тыххæй. Ахæмтæ ацы аз кæд 25 адæймаджы бæрц уыдысты, уæддæр сты фаронæй къаддæр æмæ уый дæр Яна нымайы æнтыстыл.

Бирæ фадæттæ æмæ гæнæнтæ ис, цæмæй алы фадыджы дæр азæй азмæ къаддæр уой фыдракæндтæ. Уыцы фадæттæ æмæ гæнæнтæй Яна пайда кæны æппынæдзух. Ацæугæ аз бацыд æмæ беседæтæ ауагъта 24 хисæрмагонд цæрæн хæдзары æмæ 205 та – фатерты цæрджытимæ.

Яна стыр хъусдард здахы, йæ фадыджы цæрджытæй лæвар æмæ табелон æхсæнгарз кæмæ ис, уыдон сæ куыд æфснайдæй дарынц, уымæ. Алкæмæ дæр сæ уыд бæрæггæнæг. Басгæрсты рæстæджы чысыл фиппаинагæй дарддæр æхсæнгарз дарын æмæ йе ‘фснайыны фæткойтæ иунæг ран дæр хæлд не ‘рцыдысты.

Фадыгон инспектор активон хайад райста раздæры фыдракæндтæ раргом кæныны хъуыддæгты æмæ кæимæ куыста, уыдон дзы баззадысты райгондæй.

Ацæугæ аз ма фадыгон инспектор бæстон æркаст æмæ бакуыста, сыхæгты æмæ бинонты хъаугъаты тыххæй цы куырдиæттæ æрбацыд, уыдоныл дæр. Йæ фембæлдтыты рæстæджы сæ алкæмæн дæр бамбарын кодта йæ рæдыд æмæ, се ‘хсæн цы æндыгъд ахастытæ уыд, уыдон банывыл сты.

Яна хорз бакуыста, нæ горæтмæ æрцæуæг адæймæгтæй йæ цæрæн бынат бæлвырд кæмæн нæ уыдис, уыдонимæ дæр. Ахæмтæ та уыдысты 35 адæймагæй фылдæр æмæ дзы алчи дæр фæдзæхст æрцыдис, цæмæй ацы фарст барадхъахъхъæнæг органтæ нæ, фæлæ бæстон кæной сæхæдæг. Уыимæ ма сæ бафæдзæхста, зæгъгæ, ахæм фæткхалæн цауты тыххæй æндæр хатт ивар кæй цæудзысты, уымæй.

Арæх горæты дзæгъæл куыйты аххосæй иу æмæ дыууæ адæймаджы  нæ фæтыхсы. Ацы фарсты фæдыл дæр фадыгон инспектор бакодта æмбæлон куыст. Кæд карзæй бафæдзæхста, фæтк чи хæлдта æмæ адæмæн тасдзинад кæй куыйтæ хастой, ахæм 15 адæймагæй фылдæры, уæддæр  иуæй-иу æмбæстæгтæ сæ фæткхалæн цаутæ кæнынц дарддæр.

                                                                                            ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.