Географион равæрдмæ гæсгæ нæ чысыл бæстæ хæххон бынаты нымад цæуы. Уымæ гæсгæ цух стæм денджызы продукцийæ – кæсаджы алы хуызтæ æмæ æнгæс хæлцадон товартæй. Денджызæй æркæнгæ продукци нæ республикæмæ ласынц бæстæйæн æддейæ салдæй æмæ хатт дæргъвæтин рæстæг фæлæууы уæйгæнæн дуканиты, афтæмæй йæ пайдайы рæстæг ацæуы. Афтæмæй та адæймаг хъуамæ пайда кæна, кæд бынтон ногахст кæсаджы фыдæй нæ, уæддæр йæ пайда кæнын уагыл куыд уа, ахæмæй.  

Архайы кæсаджы хæдзарад райтынг кæныныл

Республикæйы алы бынæтты хицæн адæймæгтæ архайынц кæсаджы хæдзарадтæ райтынг кæныныл. Сæрмагондæй, уыдон дарынц æмæ зилынц нæ климат æмæ уавæрты цы кæсаджы хуыз цæры, уыцы форелы алыгъуызон хуызтæ.

 Кæсаг дарыны хæдзарад саразын къуайсайаг Теблойты Тимурæн йæ стыр бæллиц уыд æмæ йæ къухты бафтыд. Къуайсайы цы бынат равзæрста уыцы хæдзарадæн, уый цыма æрдз йæхæдæг сарæзта, сæрмагондæй кæсагдардæн, афтæ у. Ацы куыстыл æнувыд лæппу кæсаг дары аст бассейны мидæг. Нырмæ лæппын кæсаг ласта республикæйæн æддейæ, фæлæ архайы, цæмæй инкубаторы ‘руаджы йæхæдæг фылдæр æмæ парахат кæна ацы кæсаджы хуыз.

Кæсагдарды бынат кæм райтынг кодта Тимур, уый æнæркаст уавæры уыд, схъæд. Æмæ ацы куыстуарзаг лæппу йæхиуыл æнæауæрдонæй фæкуыста, ссыгъдæг кодта бынат, хатт-иу йæ уавæры бацыдысты администрацийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ дæр æмæ йæм техникæйæ  фæкастысты.

Дон ахсджиаг у хæдзарадæн

Кæсагдардæн ахсджиаг у доны гъæд. Æмæ ацы бынаты цы суадоны дон ис, уырдæм йæ рæстæджы Джоджорайы цæугæдонæй кæсаг цыд, æмæ кæсаг та йæхи цы донмæ æппары, уый доны хорз гъæдыл дзурæг у.

Ацы æнæхайыры вирусы аххосæй фæстæмæ алæууыдысты бирæ хæдзарадтæ. Уымæй фæкъуылымпы куыстуарзаг лæппуйы кæсагдарды хъуыддаг дæр. Лæппын кæсаг æрласыны фадат ын нал уыд, хæринаг дæр сын амал кодта къуылымпытимæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ зæгъæн ис, æмæ йæм ныртæккæ кæсаг нæй реализацийæн. Нæ фарстæн, зæгъгæ, ис гæнæн æмæ хæдзарад æхгæд æрцæуа ныры сæвзæргæ уавæрты аххосæй, – дæтты цæхгæр дзуапп: «ницы амалæй, мæхæдæг фæлвардзæн сæ парахат кæныныл».

«Æппæлгæ нæ ракæндзынæн, фæлæ æз цы форелы хуыз дарын, уый Хуссар Ирыстоны у иууыл хæрзгъæддæр кæсагыл нымад (радужный).

Зымæгон рæстæджы кæсæгты хæдзарад вæййы тынг хорз уавæры, уымæн æмæ кæсаг хъарм доны нæ фæразы. Сæрдыгон рæстæджы доны хъæрмад у 12 градусы хъарм, зымæджы та 3 градусы. Форелы хуыз кæсагæн хуыздæр уавæртæ саразæн нæй, йæхи дзы хаты иттæг хорз. Бирæ хуыз кæсæгтæ сæхи хуыздæр хатынц хъармдæр доны, фæ-лæ цæргæ фæкæндзысты ацы доны хъæрмады дæр», – загъта уый.

Реализаци кæм цæуы кæсаг

Ацы хъуыддаг тыхсын кæны куыстуарзаг лæппуйы. Уымæн æмæ тыхсы, кæсаг кæм реализаци кæна, ууыл. Йæ фæнд у, цæмæй йын ам, горæты уа уæйгæнæн бынат. Алкæмæн уыцы фадат нæй, цæмæй Къуайсамæ ацæуа æмæ уым амал кæна кæсаг, æмæ ам бынаты куы уой, уæд та æнцонвадат у йæ æлхæныны хъуыддаг.

«Мæхицæн ис уыцы фадæттæ, цæмæй сæ удæгасæй ласон ардæм горæтмæ, чысыл бассейнтæм æмæ сæ ам реализаци кæнон, æрмæст тыхсын бынатыл.

Æнæуый та мæ фæллойæ чи фæхъæстæ вæййы, уый æрцагуры мæ продукци. Уыдис мын ахæм æлхæнджытæ, кæцытæ мæ кæсæгтæй сæхимæ æрсайдтой адæмы, стæй Цæгат Ирыстонæй ластой æмæ йæ ме ‘фсон уæй кодтой. Ахæм фæлитой адæмимæ æз мæ бастдзинæдтæ æрурæдтон, уымæн æмæ æз мæ продукцийы гъæд зонын æмæ мæ нæ фæнды, мæ продукци дызæрдыггаг кæнон», – дзырдта фæллойгæнæг лæппу.

Æххуыс фæрсæрдыгæй

Кæсагдарды хæдзарады алфæмблай æвæрд ис видеокамерæтæ, уымæн æмæ Тимур архайы æмæ фыдæбон кæны æрмæст йæхæдæг. Хатт горæтмæ кæнæ æндæр хъуыддæгты фæдыл рацæуы, æмæ цæмæй йæ зæрдæ ма æхсайа йæ хæдзарадмæ, уый тыххæй æвæрд æрцыдысты ацы камерæтæ. Бассейнтæ сты бетонгонд, уæлейæ та хызæй æмбæрст, уымæн æмæ кæсæгтæм æмхиц у уырд. Уый сæ куы фæхъæстæ уа, уæд сын скуынæг кæндзæн сæ мыггаг.

Ацы лæппуйы тырнындзинæдтæ бахынцыдта бæстæйы сæргълæууæг, федта æмæ базонгæ йæ куыст æмæ архайдимæ. Уымæ гæсгæ йын кæд егъау нæ, уæддæр бакодта æмбæлон æххуыс. Уый тыххæй йæм бахатыдысты Тимуры æмгæрттæ, уымæн æмæ ацы лæппуйæн серьезон ахаст ис йæ куыстмæ.

«Æнæ фыдæбонæй æз ницы зонын. Бирæтæ æрмæст се ргом здахынц ахæм хъуыддагмæ, цæмæй фæрсæрдæгæй агурой æххуыс æмæ уый ‘руаджы сæ куыст кæной. Фæлæ уыййас ныфсхастдзинадæй æххæст нæ дæн æз», – худгæйæ дзырдта уый.

Тимур цы ахсджиаг æмæ пайдайы хъуыддагыл хæст у, уый хæрзиуæгон æмæ цымыдисон куыст у, æмæ йын бантысæд ноджы фылдæр.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.