Куырыхон æмæ зондамонæг хистæрты фарсмæ æнæмæнг хъуамæ уой коммæгæс, æгъдауджын æмæ куыстуарзаг фæсивæд. Хъару æмæ куыстуарзондзинадæй цух не сты Къостайыхъæуы цæрджытæ – Лохты Æхсар æмæ Саулохты Владимир дæр, уыдон сæ хистæр фæлтæры минæвæртты хæрзиуæгон хъуыддæгтæй не сты цух æмæ сын сæ фарн дарддæр кæнынц намысджын фæллойæ. Цыфæнды куыстæй дæр нæ хъæуы тæрсын, хи йыл нæ хъæуы тигъ кæнын. Афтæ хъуыды кæнынц ацы дыууæ æвзонг лæппуйы дæр æмæ уымæ гæсгæ се ‘рмдзæф бæрæгæй разыны иу кæнæ иннæ ахсджиаг æмæ æнæмæнгхъæуæг куысты. Аразæджы дæсныйадмæ æмхицдæр разындысты æмæ æххæст кæнынц, фæлхасгæнджытæй сæм цы куырдиæттæ æрбацæуы, уыдон. Æнцон нæу ацы куыст, уæлдайдæр та  – сæрдыгон тæвд рæстæджы, уыимæ домы быхсындзинад, æнæлаз архайд. Уый сæ зæрдыл дарынц кæддæриддæр, æнкъарынц бæрндзинад æмæ цы куыст феххæст кæнынц, уый вæййы гъæдджын æмæ зæрдæмæдзæугæ. Сæ бакæнгæ куыст фæцæуы æндæрты зæрдæмæ æмæ та сæ уыдон дæр æрбахонынц ног арæзтад сцæттæ кæнынмæ. Амæйразмæ блоктæй самадтой Хаситы Бабулийы æмбонд æмæ йæм адæймаг кæсынæй не ‘фсæды. Ацы хъуыддаг æхсызгон куыннæ уыд йæ сыхаг Бæззаты Иналæн дæр, федта сын сæ къухты ахаст æмæ уый дæр сфæнд кодта, цæмæй уымæн дæр бакусой. Æмæ та фæзындысты уымæ дæр, цы хæслæвæрд сын бабæрн кодта, уый æххæст кæнынмæ бавнæлдтой зæрдиагæй æмæ æввахс рæстæджы уымæн дæр сæ аив æмæ фидыцджын куыстæй барухс кæндзысты йæ зæрдæ. Зæгъын хъæуы, ацы дыууæ нæлгоймаджы ацы дæсныйады фæдыл сæрмагонд ахуырад никуы райстой, фæлæ йæ бауарзтой, зæрдæмæ æввахс та цы дæсныйад райсай, уый уæнгты ахъары æмæ йыл уæд тагъд фæцалх вæййы. Æнтысæд сын ноджыдæр, сæ бакæнгæ куыст циндзинад хæссæнт æмбæстæгтæн дæр æмæ сæхицæн дæр.

  Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.