Цæгат Ирыстоны Мызуры хъæуы фæзынд арт-объект постхæссæг Дзалаты Екатеринæйы нывимæ. Уый тыххæй, социалон хызæгты фехъусын кодта проекты автор, нывисæг Ортабаты Тимур. «Махмæ Дзалаты чызджы зонынц æмæ уарзынц иууылдæр. Уый у куыстуарзондзинады æмæ йæ хъуыддагыл æнувыддзинады цæвиттон. Бузныг арт-объекты авторæн. Йæ куыст цæрæн пункты цæрджытæ æмæ уазджытæн зæрдыл лæууын кæндзæн ацы кады аккаг сылгоймаджы лæггæдты тыххæй. Екатеринæ Саханы чызгæн мæ зæрдæ зæгъы, фидар æнæниздзинад æмæ бирæ азты цæрæнбон», – банысан кодта йæ комментариты Мызуры хъæууон администрацийы сæргълæууæг Хъайтмæзты Аслан.

86-аздзыд постхæссæг ныртæккæ кусы æрдæг ставкæйыл æмæ посты æрвитæггæгтæ хæс-сы къуырийы дæргъы æртæ хатты.

2019 азы уый хорзæхджын æрцыд «Во славу Осетии»-йы майданæй республикæйы раз йæ лæггæдты æмæ бирæ азты дæргъы цæсгомджын куысты тыххæй. Уымæй дарддæр ма, 2019 азы Дзалаты чызг нымад æрцыд «Уæрæсейы посты азы адæймагыл» æмæ йæ Кремлы залы схорзæхджын кодтой 300 мин сомы сертификатæй. Афтæ ма ссис фыццаг каналы программæ «Мужское и Женское»-йы хъайтар. Æмæ сæ дисы баппæрста сылгоймаджы куыстуарзондзинад æмæ миддуне. Лæвæрдтой йæм алыгъуызон фарстытæ æмæ сын уый дæр райзæрдæйæ дзуапп кодта.

Цæгат Ирыстоны Цъæйы комы цæрджытæ ныр æрдæг æнусы дæргъы посты æрвитæггæгтæ исынц Дзалаты Екатеринæйы къухтæй. Уый боны дæргъы ацæуы дæсгай километртæ, æмæ йæ кармæ нæ кæсгæйæ, нæ фæнд кæны йæ уарзон куыст ныууадзын. Постмæ кусынмæ бацыд 1968 азы æмæ уæдæй фæстæмæ цæсгомджынæй лæггад кæны адæмæн. 86-аздзыд сылгоймаг пост хæссы ахæм бынæттæм, цыранмæ машинæ нæ цæуы. Бирæ хатт æй бахъæуы къахæй цалдæргай километртæ ацæуын æмæ цæмæй рæстæг «дзæгъæлы ма сафа», уый тыххæй фæндагыл фæбийы цъындатæ. Хæххон курорт Цъæйы улæфджытæм пост æрбацæуы Буроны поселокмæ, кæцы ис 12 километры дæлдæр. Уырдыгæй курортмæ фыстæджытæ, бандеролтæ æмæ газеттæ хæссы Дзалаты Екатеринæ. Æгæрыстæмæй, зымæджы фæндаг зæйтæ куы æрæхгæнынц, уæддæр адресаттæм фæхæццæ кæны газеттæ, фыстæджытæ æмæ æндæр æрвитæг-гæгтæ.

«Райгуырдтæн æмæ схъомыл дæн Цъæйы. Уым цардтæн 2002 азы онг. Фæлæ бæрзонд хæххон хъæутæ æдзæрæг кæнын райдыдтой æмæ мæ алыварс цæрæг куынæуал баззад, уæд мæн дæр бахъуыд уырдыгæй ацæуыны сæр. Цæрын Мызуры поселочы. Буронмæ мæ куыстмæ 10 километры бæрц цæуын æмбæлæггаг машинæтыл æмæ турбазæ Цъæймæ хæссын пост. Мæ райгуырæн хъæумæ куы бахæццæ вæййын, уæд мæ зæрдæ циндзинады æнкъарæнтæй байдзаг вæййы. Бакæсын мæ хæдзармæ, фенын, чысыл чызгæй кæм ралидз-балидз кодтон, уыцы бынæттæ», – радзырдта сылгоймаг.

Постхæссæг суæвын Катяйы фæндыд йæ чысылæй фæстæмæ. Уыдысты хæстон азтæ æмæ сылгоймаг бахъуыды кодта, цæрæнбонтæм фронтæй æрвыст фыстæджытæм адæм куыд тынг æнхъæлмæ кастысты, уый. Катя-иу йæхæдæг дæр æнæрхъæцæй æнхъæлмæ каст фронтæй йæ хистæр æфсымæры фыстæджытæм. Хъыгагæн, йе ‘фсымæр сæрæгасæй нал сæмбæлд йæ бинонтыл. Катяйы цард фæсхæст дæр нæ уыд æнцон. Йæ ныййарджытæ фæрынчын сты. Дарддæр сахуыр кæныны бæсты скъолайы рауагъдоны бахъуыд кусын: дардта фос, карста сын хос. Цъæймæ геологты бригадæ куы æрбарвыстой, уæд æй райстой æххуысгæнæгæй. Фæлæ геологтæ ацыдысты æмæ та чызг æгуыстæй баззад. 1968 азы Цъæйы ссæрибар постхæссæджы бынат æмæ дзы райзæрдæйæ кусын райдыдта Екатеринæ. Уæдæй фæстæмæ, ныр 54 азы дæргъы йæ зæрдæ не сивта йæ уарзон профессийыл.

Буроны регистраци кæны йæ фадыджы корреспонденци, нывæры сæ йæ хызыны æмæ ацæуы хæхтæм. Бирæ хатт æй баласы машинæ, фæлæ зымæджы фæндаджы миты зæйтæ куы æрæхгæнынц, уæд æй бахъæуы къахæй цæуыны сæр. «Иу хатт хæхтæй æрцæйцыдтæн æмæ мæ размæ фæцис бирæгъ. Хорз уыд æмæ мæ цуры разынд электроадæттæн хаххы цæджындз. Сбырыдтæн ыл, фæлæ бирæгъ та æрхуыссыд мæ бынмæ. Мæ амондæн, машинæ рацæйцыд æмæ йæм мæ хъæлæсы дзаг ныхъхъæр кодтон: «Бауром, бауром»,- зæгъгæ. Машинæ баурæдта, шофыр разынд туристон лагеры хистæр. Уый асырдта бирæгъы æмæ мæ æрласта поселочы онг. Уый уыд 20 азы размæ, фæлæ абоны онг дæр мæ зæрдыл лæууы.

«Катя мæ у 20 азы хистæр, фæ-лæ мæнæй цырддæр у», – дзуры бынæттон посты хайады хистæр Салихаты Ларисæ.

Екатеринæйы чызг Иринæ дæр цæры Мызуры æмæ алыхатт дæр æххуыс кæны йæ мадæн.

Дзалаты Екатеринæйыл кæд 86 азы цæуы, уæддæр нæ фæнд кæны йæ куыст ныууадзын. «Иу-ран куы фæбадын, уæд мæ астæу æмæ мæ къæхтæ фæриссынц. Фæлæ къахæй куы цæуын, уæд мын æнцондæр вæййы. Уарзын сатæг уæлдæфмæ тезгъо кæнын. Газеттæ уаргæйæ, ныхас кæнын адæмимæ, уынаффæ кæнæм ног хабæрттыл. Мæнмæ алы хатт дæр æнхъæлмæ кæсынц, æмæ мын уый у тынг æхсызгон. Мæхи нымайын амондджыныл», – фæзæгъы Екатеринæ.

ЧЕРТХЪОТЫ Жаннæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.