Кæронмæ фæхæццæ кæны 2016-2017 азтæн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ. Азы кæронмæ ма хæрзчысыл рæстæг кæй баззад æмæ ацы программæйы фæлгæтты цы объекттæ арæзт цæуынц, уыдон та эксплуатацимæ радтынмæ куыд цæттæ сты, уыдоныл дзырд цыдис РХИ-йы Хицауады радон рабадты Пухаты Эрикы сæргълæудæй.

Æмбырды куысты хайад райстой РХИ-йы Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæстæ æххæстгæнæг Зæгъойты Эдуард, объектты арæзтады архайæг подрядон организациты минæвæрттæ.

«Азы фæудмæ ма баззадис нымад бонтæ, уыцы цыбыр æмгъуыдмæ та объектты арæзтадон куыстытæ æмæ уынгты хæрзарæзтадон куыстытæ дæр хъуамæ кæронмæ  фæуой. Афон у, цæмæй ныридæгæн æркæсæм, Инвестпрограммæйы фæлгæтты фидæнмæ цы арæзт æрцæудзæнис, уымæ, кæцыйыл дзырд цæудзæнис Æхсæнхицауадон къамисы рабадты», – загъта Хицауады Сæрдар.

Дарддæр æмбырды дзырд цыдис, хæслæвæрдтæ эффективонæй æххæст кæныныл æмæ хыгъдон документаци рæстæгыл аразын æмæ бавдисыны фарстытыл, цæмæй ист цæуой хатдзæгтæ, арæзтадон объект уæвæг нормæтæн дзуапп дæтты æви нæ, уымæн.

«Мах иууылдæр нæхи нымайæм республикæйæн патриоттыл, нæ хæсты раз та – бæрнджыныл æмæ кæд афтæ у, уæд сæ æххæст кæнут. Æрмæстдæр афтæмæй суыдзæн уæ бон фидæнмæ æууæнчы лимит бакусын», – загъта Хицауады Сæрдар подрядон организациты минæвæрттæм сидгæйæ, кæцытæн сæ фылдæр хай сты бынæттон кусджытæ.

Пухаты Эрик æрдомдта, цæмæй æмбæлон документаци арæзт цæуа æмбæлон æмгъуыдты æмæ сыл рæстæгыл бакусой профилон организацитæ.

Æмбырды рæстæджы уынаффæ цыдис Инвестпрограммæйы алы объектыл дæр. Дзырд ма цыдис, нæ горæты уынгты хæрзарæзтады фарстытыл, кæцытæ хъуамæ арæзт фæуыдаиккой æмæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцыдаиккой 15 декабрмæ. Аразджытæ куыд загътой, афтæмæй ма дзы баззадис чысыл кусинæгтæ æмæ ныфс бавæрдтой, банысангонд æмгъуыдтæм сæ кæй бакæндзысты, уымæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.