8-æм июлы уагъд æрцыд 2015-2017 азтæн Хуссар Ирыстоны экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныныл контролы фæдыл штабы рабадт. Рабадтæн сæрдариуæг кодта РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти. Йæ куысты хайад райстой Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик, профилон министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæ, арæзтадон организациты минæвæрттæ.

Рабадты рæстæджы подрядон организациты минæвæрттæ фехъусын кодтой сæ бакæнгæ куысты тыххæй.

Хицауады Сæрдар куыд банысан кодта, афтæмæй боныгъæдтæ фадат дæдтынц 2016 азæн Инвестпрограммæйы фæлгæтты арæзтцæуæг объектты иумиагæй сисгæйæ арæзтадон куыстытæ активонæй кæнынæн, фæлæ хицæн объектты уæддæр графикæй чысыл фæстæдæр зайынц. Йæ ныхæстæм гæсгæ, финанскæнынады къуылымпытæ нæй æмæ алцы дæр баст у аразджытæн сæхи фердæхтдзинадыл, хицæн арæзтадон организациты къухдариуæггæнджытæ фаг хъусдард не здахынц куыст æмбæлон æгъдауыл организаци кæнынмæ. Нæй, зæгъгæ, æруадзæн, цæмæй куыстытæ æххæст цæуой авралон режимы. Ахæм подрядон организацитæм уый æрсидт, цæмæй куыстыты фæстæзаддзинад тагъддæр аиуварс кæной æмæ хъахъхъæной график.

Ивгъуыд къуырийы рабадты РХИ-йы Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрадæн хæсгонд уыд, цæмæй бацæттæ кодтаид сывæллæттæн арæзтцæуæг рынчындоны территоримæ æввахс зæронд арæзтæдтæ æмæ гаражтæ сисыны фæдыл бар радтыны тыххæй гæххæтт бацæттæ кæнын. Фарсты фæдыл министры хæдивæг Гаглойты Сергей куыд загъта, афтæмæй Æнæниздзинад æмæ социалон рæзты министрад бары гæххæтт райсдзæн æввахсдæр бонты æмæ йæ хæдфæстæ аразджытæ æрæвналдзысты сæ исынмæ.

Паддзахадон драмон театры арæзтадыл дзургæйæ банысанчындæуыд, зæгъгæ, ам æмбæрзæн куыстытæ æххæст цæуынц сфидаргонд æмгъуыдтæм гæсгæ. Иуварс æрцыдысты Экологион, технологион хъусдарды фæдыл комитеты фиппаинæгтæ Хетæгкаты Къостайы уынджы донифтонгады æмæ канализацийы фæдыл.

Горæты центры арæзтцæуæг базармæ бахизæны машинæтæ уромæн бынат саразыны фæдыл горæты администрацийы сæргълæууæг Æлборты Алан куыд фехъусын кодта, афтæмæй ам куыстытæ æххæстгæнæг подрядон организацийæн йæ проектон фадæттæм гæсгæ йæ бон нæу уыцы куыстытæ бакæнын æмæ сæ сæххæст кæндзæн горæты администраци.

Куыд æрвыл рабадты, афтæ та ныр дæр сæрмагонд хъусдард здæхт æрцыд ацы азæн Инвестпрограммæйы фæлгæтты нæ горæты арæзтцæуæг уынгты фарстмæ. Арæзтады министры хæдивæг Гаглойты Сергей куыд банысан кодта, афтæмæй цы 11 уынджы арæзт цæуынц, уыдонæй куыстытæ иууыл активондæрæй цæуынц 7 уынджы. Уый куыд фехъусын кодта, афтæмæй Кобылы фырты уынджы аразджытæ кусынц уый асфальтмæ цæттæ кæныныл, æвæрынц ыл бордюртæ. Остъайы фырты уынджы кæнынц асфальт. – Тугъанты Махарбеджы уынджы та æххæст цæуынц газуадзæн куыстытæ. Фæскомцæдисы уынджы газы хаххмæ баиу æрцыдысты 20 цæрæн хæдзары. Цхинвалы æмæ Остъайы фырты уынгтæ та цæттæ сты асфальт кæнынмæ. Фæскомцæдисы æмæ Дзадтиайы фырты уынгты доны æмæ канализацийы хæххыты хæдзæрттæм баиу кæныны куыстытæ цæуынц графикмæ гæсгæ æмæ хъуамæ фæуой 15 июлмæ, уый фæстæ аразджытæ æрæвналдзысты ацы уынгты хæрзарæзт кæнынмæ. Тугъанты Махарбеджы уынджы та доны æмæ канализацийы хæххытæм хæдзæрттæ иууылдæр баиу æрцæудзысты иннæ къуырийы цыппæрæмы бонмæ.

Рабадты Хицауады Сæрдарæн фехъусын кодтой, республикон соматикон рынчындоны территорийыл арæзтцæуæг сывæллæтты рынчындон æмæ хирургион корпусы куыстытæ куыд цæуынц, уый тыххæй. Подрядон организацийы минæвар куыд радзырдта,  афтæмæй ацы объекты дæр куыстытæ цæуынц графикмæ гæсгæ. Ныртæккæ ам хæрзарæзт цæуы сывæллæтты рынчындоны алыварс территори. Хирургион корпусы та йæ бындуры кæнынц бетонгæнæн куыстытæ. Инженерон хызæгты арæзтадыл дзургæйæ, уый банысан кодта, зæгъгæ, уыдон дих сты дыууæ проектыл æмæ проекты дыккаг хай  æддагон инженерон хызæгтæ нырма экспертизæйы нæ рацыдысты. Æмæ, зæгъгæ, куыддæр экспертизæ æххæст æрцæуа, афтæ æрæвналдзысты уыцы куыстытæм. Уыцы нысанæн подрядон организацийы минæвар фæндон бахаста, цæмæй арæзт æрцæуа развæлгъау бадзырд. Уый та, йæ ныхæстæм гæсгæ, уымæн хъæуы, цæмæй куыстытæ æх-хæст цæуой закъоны бындурыл æмæ объект эксплуатацимæ лæвæрд æрцæуа закъонмæ гæс-гæ. Ацы фарсты фæдыл Хъуылымбегты Доменти бахатыд Арæзтады министры хæдивæг Гаглойты Сергеймæ, цæмæй æвæстиатæй скъуыддзаг æрцæуа сæвзæргæ проблемæ.

Синагур-Карзманы фæндаджы арæзтадыл дзургæйæ, Фæндагон арæзтады æмæ автомобилон фæндæгты эксплуатацийы фæдыл комитеты сæргълæууæг Гуызыттаты Эдуард банысан кодта, зæгъгæ, æвзæр боныгъæдты фæстиуæгæн куыстытæ графикæй фæстейæ зайынц. Йæ ныхæстæм гæсгæ ныртæккæ ам куыстытæ сытынг сты æмæ фæндагæй асфальт æрцыдис цыппар километры.

Йæ рады Хъуылымбегты Доменти банысан кодта, зæгъгæ, ацы объекты куыстытæ кæй фæстиат кæнынц, уымæ гæсгæ бæрнондæр цæстæй кæсын хъæуы фæндаджы арæзтадмæ, цæмæй уавæр тагъддæр рараст уа.

Рабадтæн фæстиуджытæ аразгæйæ, Хицауады Сæрдар загъта, зæгъгæ, горæты уынгты хæрзарæзтады фæдыл куыстытæ цæуынц планмæ гæсгæ, фæлæ йæ ныхæстæм гæсгæ уæддæр фæтагъд хъæуы куыстыты темптæ, сæйраджыдæр та сæрмагонд хъусдард здæхт хъуамæ цæуа, æппæт уынгты дæр цы куыстытæ æххæст кæнынц аразджытæ, уыдоны гъæдмæ, цæмæй сæ эксплуатацимæ дæтгæйæ мацы проблемæтæ сæвзæрой.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.