ХЪÆУЫ ИСТОРИЙÆ

Лабæйы хъæу кæд Ирыстоны нæй, уæддæр зынаргъ у алы ирон лæгæн дæр. Зынаргъ сын у æрмæст уый тыххæй нæ, æмæ дзы абон дæр, сæ царды кой ирон адæм кæй кæнынц, фæлæ ма уый тыххæй дæр, æмæ ацы хъæуы ном æнгом баст кæй у Хетæгкаты Къостайы номимæ. Уый йæ царды фæстаг бонтæ уым кæй арвыста, уым кæй амард æмæ ныгæд дæр уым кæй æрцыд, уый тыххæй. Афтæ ма ацы хъæуы сырæзтæн бындур дæр Къостайы фыд Леуан кæй æрæвæрдта, уый тыххæй дæр.

Абон кæд Лабæ Ирыстонæй дард у, уæддæр ын стыр иудзинад ис йе ‘мтуг ирон адæмимæ, куыд Цæгаты, афтæ Хуссары дæр. Уыцы хъæуы цæстыгагуыйау хъахъхъæд цæуынц ирон фарн æмæ æгъдау. Уым алы ирон хæдзар дæр æрхайы, цæмæй бахъахъхъæной сæ мадæлон æвзаг. Лабæйæгтæ адджынæй цæрынц сæ алыварс цæрæг адæмтимæ дæр.

Хъарм æмæ хæлар ахастытæ дарынц лабæйæгтæ Хуссар Ирыстонимæ. Махæн зын куы уыд, нæ зæххыл хæсты арт куы ссыгъд, уæддæр нын æмбæрстой нæ рыстдзинад. Зынаргъ сты Хуссар Ирыстоны адæмæн дæр лабæйæгтæ. Æрвылаз дæр сæ бæрæгбонты хайад райсынц. Арæх æрцæуынц сæхæдæг дæр Хуссар Ирыстонмæ.

Æмæ уæдæ куыд равзæрдис Лабæйы хъæу? Чи уыдысты йæ фыццаг цæрджытæ?

Лабæйæгтæ сæхæдæг куыд дзурынц, афтæмæй хъуыддаг уыд афтæ:

Ивгъуыд æнусы 60-æм азты зæхкусæг адæм сæ бартыл куы стох кодтой, уæддæр ницы фæ-хуыздæр Ирыстоны зæхкусджыты цард. Цы зæххы гæбæзтæ сæм уыд, уыдон бахаудысты Бадилаты æмæ Тæгиаты уæздæттæм, бонджын хъазахъхъы къухтæм, дингæнджытæм æмæ иннæ тугцъиртæм. Хуымы зæххы гæппæл уыд туджы аргъ, зæгъæм, иу дæсæтины тыххæй Мæхческы фидын хъуыд 960 сомæй 4000  сомы онг. Хохы адæм зæххъуа-гæй сæфтысты, лыгъдысты сæ цæрæнбынæт-тæй.  Адæм  сæ  фыртыхстæй  куы  базмæлой,  уымæй тæрсгæйæ, паддзахы хицауад архайдта исты амал ссарыныл, фæндыд æй, цæмæй быдыры ‘рдæм фылдæр адæм ралидза, цæмæй бирæ бинонтæ æрцæрын кæной Хъубаны. Ацы зæххытæ та, Черкестæ Туркмæ куы фæлыгъдысты, уæд æдзæрæгæй баззадысты.

Фæлæ ирон лæгæн цыфæнды мæгуырæй дæр йæ фыдызæхх афтæ ныууадзын зын у,   уыцы хъуыддаг хорз æмбæрста паддзахы хицауад дæр æмæ спайа кодта адæмæн сæхицæй. Хъуыддаг аразын райдыдта бонджындæр æмæ дзырддзæугæдæр адæймæгты руаджы. Цæвиттон Терчы зылды хицау хъуыддаг бафæдзæхста кадджын ирæттæ подпоручик Хетæгкаты Леуан æмæ прапорщик Гуытъиаты Мысырбийæн. Хетæгкаты Леуаны зыдтой Уырысы Хицауад, се ‘фсады сын зæрдиагæй кæй фæслужбæ кодта æмæ хæстыты хъæбатырæй кæй архайдта, уымæ гæсгæ.

Уыцы рæстæджы князь Барановский, афтæ загъта Леуаны тыххæй, зæгъгæ, «Ацы афицермæ хицауады ‘рдыгæй хъуамæ уæлдай хуыздæр каст уа, уымæн æмæ уый лæууыдис Нары æмæ Мамысоны цæрджыты сæргъы, йæ мыггаг кæддæ-риддæр зæрдиагæй лæггад кодта хицауадæн, йæхæдæг та бирæ азты дæргъы уыд службæйы, кардзыд уæвгæйæ, архайдта бирæ хæстыты».

Хъубаны зылды Хицаумæ Леуан йæхæдæг куыд фыста, уымæ гæсгæ 30 азы йæ удæй арт цагъта хицауады хъуыддæгты æфсады уæвгæйæ. 1841 азы 18 июлы дагъыстайнаг отряды булкъоны разамындæй Леуан архайдта хъæу Аух райсыныл карз хæсты, уым тынг фæцæф сты йæ дыууæ къахы дæр. Леуан мæгуыр нæ уыд, йæхæдæг куыд дзырдта, афтæмæй йæм уыд дзæвгар мулк æмæ зæхх.

1970 азы уалдзæджы ног цæрæнбынат бæрæггæнæг ацыдысты минæвæрттæ  Хетæгкаты Леуан, прапорщик Гуытъиаты Мысырби, Бирæгъты Дауыт, Беджызаты Темыр. Сæ сæргъ лæууыд Иры зылды хицау булкъон Энглау. Сæ размæ рацыд Баталпашинскы уæды хицау Петрусевич. Бынæттон хицауад ирон лигъдæттæн рахицæн кодтой зæхх Эльбрусы зылды, хæстон фидар Хумаринскмæ æввахс. (1871 азы 1 январæй фæстæмæ уыцы зæхх бахауд Баталпашинскы уездмæ).

Леуан æмæ Мысырби агитаци рапарахат кодтой ирон хъæуты. Алидзыны къахыл ныллæууыд тынг бирæ адæм. Æппæт Цæгат Ирыстонæй раздæры уынаффæмæ гæсгæ хъуамæ алыгъдаиккой 65 хæдзары бинонтæ. Фæлæ уыдон баисты 149. Цалынмæ Зруггомы цæрæг ирæтты Хъубаны зылдмæ ралидзынмæ не сразы кодта Хетæгкаты Леуан, уæдмæ уал Терчы зылды хицауæй бадомдта, Владикавказы зылды йын цы бартæ ис, уыдон æм куыд уой ног бынаты дæр, афтæ. Цæмæй 441 сомы афæдзмæ уым дæр куыд иса. Хъубаны зылды йын 150 дæсæтины зæхх куыд радтой, йæ сы-вæллæттæ Олгъæ æмæ Къоста къазнайы хардзæй ахуырмæ лæвæрд куыд æрцæуой. Паддзахы Хицауады æрдыгæй ацы куырдиат æххæст æрцыд, æрмæст ын пенси лæвæрд æрцыд 300 сомы афæдз. Уый хыгъд йæ зæххы хай уыд 200 дæсæтины бæрц. 8-аздзыд Олгъæ æмæ 11-аздзыд Къоста та ист æрцыдысты гимназмæ паддзахады хардзæй.

1870 азæй  1871 азы фæззæгмæ, стыр тухитæ æвзаргæйæ лыгъдысты ирон адæм Хъубаны зылдмæ Ирыстоны алы къуымтæй. Ахызтысты-иу Дыгурыл æмæ Кæсæгыл, дарддæр фæндаг цыд Хъæрæсе-Черкесийыл. Тынг-иу бастадысты, тæвды иу уæлдай удхарæй мардысты сабитæ æмæ зæрæдтæ. Арæх-иу æрлæуу-æрлæуу кодтой æмæ-иу уæд се ‘хсæнæй зæрдæвæрæн ныхæстæ райхъуыст – «Лабæмæ лидзæм, Лабæмæ», (Афтæ хуыдтой ирæттæ Хъубаны зылды). Æрæнцадысты Хъубаны областы Эльбрусы зылды Шонины поселок, зæгъгæ, дзы цы ног цæрæнуат уыд, уым, раст Хъубандонмæ Теберда дон кæм бафты, уый цур. Раздæр æрбынат кодтой ныккæндты, сарагæндты, стæй сæм хъæд æввахс уыд æмæ сарæзтой хорз хъæдын хæдзæрттæ. Гъе, афтæмæй 1870 азы Хъубаны областы фæзынд ирон хъæу – Ног Георгиевск, кæцыйы ирон адæм рахуыдтой Лабæ.

Ног бынаты зæххытæ хорз нæ уыдысты. Адæм сæ сайд бамбæрстой, фæлæ байрæджы. Адæм куырдтой кусынæн бæзгæ хуыздæр зæххытæ. Фæлæ Ирыстоны хъæутыл уæддæр айхъуыстис хъæздыг Лабæйы кой æмæ ноджыдæр бирæ адæмы фæндыд алидзын. Фæлæ Паддзахы Хицауад Кавказы администрацийæн радта ног амынддзинад, Хъубаны областы, цæмæй фылдæр уырыссæгты æрцæрын кæной, уый тыххæй хицауады хъуыды уыд афтæ: Уырыс суыдзысты æфсæддон хъазахъхъ æмæ, зæгъгæ, иузæрдионæй хæцдзысты империйы фарс. Уый фæдыл кæрон æрцыд Ирыстонæй Хъубанмæ лидзыны хъуыддаг.

 

ХЪÆУÆН ЛÆВÆРД ÆРЦЫД КЪОСТАЙЫ НОМ

Тынг тагъд сырæзт Лабæйы хъæу. Уый йæхимид ныддихтæ ис сыхтыл. Чи дзы кæцæй ралыгъд, уымæ гæсгæ йыл æвæрд æрцыдис ном дæр. Цæвиттон, ис дзы Æрыдоны сых, Нары сых, Мызуры сых, Зруджы сых æмæ бирæ æндæр сыхтæ дæр.

Лабæйæгтæ сæрбæрзонд сты сæ хъæуæй, уымæн æмæ йæ царды фæстаг азты ам цард Къоста – Иры сæрхъызой. Ныгæд дæр уым æрцыд. Фæлæ йын йæ мард фæстæдæр раластой Дзæуджыхъæумæ.

Лабæйы хъæу йæ цæрджытæн уæлдай зынаргъдæр ссис 1939 азы. Уæд хъæуыл сæвæрдтой Къостайы ном. Уый уыдис æппæт хъæубæсты фæндон.

1961 азы та йын рæсугъд фæзы цыртдзæвæн арæзт æрцыд.

Советон дуджы тынг сæрттывта Лабæйы хъæу. Разы уыдысты сæ цардæй хъæу-бæстæ.

 

ЛАБÆ ÆМÆ СТЫР ФЫДЫБÆСТÆЙОН ХÆСТ

Сæ хорз цард лабæйæгтæн æрбайхæлд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы. Лабæйæ уыцы тугкалæн хæстмæ фæцыд 800 лæджы. Уыдонæй ма фæстæмæ сыздæхтис 435. Хъæбатырæй хæцыдысты Къостайыхъæуккæгтæ фыдызнаджы ныхмæ. Уæлдай тынгдæр фесгуыхтысты инæлар Баскъаты Керымхан, Советон Цæдисы хъæбатыртæ Бутаты Георги æмæ Козаты Алыксандр, Хетæгкаты Георги, Дзусты Георги, Датиты Дати æмæ æндæртæ.

Ацы чысыл хъæу райгуырæн бæстæйæн радта 228 афицеры, 9 инæлары, 14 дæлбулкъоны, 12 майоры, 45 капитаны, 57 хистæр лейтенанты, 95 та –  лейтенанттæ.

Цыппæргай æфсымæртæй хæсты быдыры баззадысты Тотиты Андрей, Цуциты Хъаныхъо, Цъæхилты Хъасбол æмæ Кучиты Никъалайы фырттæ.

Фынддæс хæдзары бинонтæн баззадысты 3-гай фырттæ. Дыгай хъæбултæ баззадысты 55 хæдзары бинонтæн.

Уæдæ Лабæйы дæр ахæм хæдзар нæ баззад, хæсты азарæй дзы чи нæ басыгъдис.

Цард размæ цæуы. Фæсхæст та, йæ куыстуарзаг адæмы руаджы, ноджы тынгдæр рарттывта Лабæйы хъæу. Ам ис бирæ фенддаг æмæ цымыдисон бынæттæ. Ис дзы Аланты дуджы кувæндон – Уастырджийы кувæндон.

 

СÆРЫСТЫР СÆ СТЫ ХЪÆУБÆСТÆ

Бирæ зындгонд æмæ ахуыргонд адæмтæ рацыдысты ацы хъæуæй, уыдоны ‘хсæн Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты депутат Барахъты Юлия, Хъæрæсе-Черкескы адæмон æмæ Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт артист Дзанайты Барис. Хъæубæсты сæрыстырдзинад сты Дзанайты Шимон, Зæнджиаты Константин, Хъесаты Вячеслав, историон зонæдты кандидат Хъуылаты Чермен æмæ æхсæнадон архайæг Хетæгкаты Олег.

Лабæйы хъæу сæрбæрзонд сты æхсæнадæмон спорты мастер Таугазты Анатолийæ, Хъæрæсе-Черкескы сгуыхт мастер Таугазты Тимурæй, дунейы чемпион уæгъдибар хъæбысхæстæй Уырысты Маратæй, Уæгъдибар хъæбысхæстæй спорты мастер, Уæрæсейы чемпионаты æвзист призер  Таугазты Андрейæ, Европæйы, дыууæ хатты чемпион сумойæ Баскъаты Артурæй, спорты мастертæ Баскъаты Таймураз æмæ Хъæрджынты Арсенæй, æмæ бирæ æндæр зындгонд адæймæгтæй дæр.

Хъæу ма сæрбæрзонд сты ахæм зындгонд адæймæгтæй, куыд Баскъаты æфсымæртæ Анатоли æмæ Никъалайæ. Уыдон бацархайдтой, Фыдыбæстæйон хæсты чи фæмард, уыдоны тыххæй чиныг саразыныл. 1977 азы та сын скъолайы кæрты æвæрд æрцыд цырт. Бирæ сты, хъæубæстæ сæрбæрзонд кæмæй сты, ноджыдæр ахæмтæ. Æдзух хъæубæсты æнцой лæууынц Хъесаты Игорь, Колыты Леонид. Уадз, ноджы  дæр дидин æфтауæд Лабæ –  Къостайыхъæу.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.