Æвæдза, тæхудиаг куыннæ у ахæм адæймаг, райгуырæн бæстæйæ дард уæвгæйæ дæр йæ раттæг адæмæн уæддæр зæрдиагæй йæ лæггады хай чи кæны. Бахъуыды рæстæджы искæй фарсмæ балæууын куы зонай, дæ зæрдæ дæ уымæ куы разæнгард кæна, уæд ма уымæй хæрзиуæгондæр хъуыддаг цы хъуамæ уа, уæлдайдæр та, дзырд адæймаджы æнæниздзинадыл куы цæуа, уæд. А-зæххыл та, æнæниздзинадæй зынаргъдæр хæзна ницы ис. Уыцы зынаргъ хæзнайæ нæ адæм тынг фæцух сты, цы бирæ хъизæмæрттæ бавзæрстой дыууын азы дæргъы, уыдоны фæстиуæгæн.

Йæ адæмы æнæниздзинадмæ æнæмæты, куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы æмæ йыл зæрдæбынæй чи ауды, уыдонæй иу у æвзонг дохтыр Джыгкайты Томас. Уый кусы Мæскуыйы Федералон медикобиологион агентады оториноларингологийы зонадон-клиникон центры хирургæй.

Фæзæгъынц, зæгъгæ, алы адæймагыл дæр бандавынц йæ фыдæлты фарн, чи йæ схъомыл кæнынц, уыцы ныййарджыты æвæрццаг миниуджытæ æмæ сæ фæхайджын вæййы. Томас дæр фæхайджын йæ ныййарджыты фарнæй. Сæ адæмы æнæниздзинадыл чи ауды, уыдонæй сты Томасы ныййарджытæ – Джыгкайты Джемал æмæ Валя дæр.

…Æвзонг адæймагмæ бирæ рухс фæндтæ вæййы. Томас дæр нæ горæты 6-æм скъолайы хистæр кълæсты куы ахуыр кодта, уæд йæ бæллицтæ алыгъуызон уыдысты. Фæндыд æй юрист суæвын æмæ фыдгæнджытæн раст тæрхон хæссын. Скъола куы бакаст, уæд йæ гæххæттытæ хæсгæ дæр бакодта уæлдæр ахуыргæнæндоны юридикон факультетмæ, фæндыд æй йæ амонд сфæлварын. Фæлæ, цыдæр диссагæн, бацæуæн фæлварæнмæ куы араст, уæд ын, цыма, фæндагыл исчи йæ хъусы сабырæй бадзырдта, Томас, цымæ раст фæндаг равзæрстай? Цымæ хуыздæр нæ уаид дохтыры дæсныйад равзарын? Адæймаджы мæлæты дзыхæй кæнæ æгъатыр низы къухтæй байс, уæдæ ма цы уа, уымæй арфæйагдæр дæсныйад. Афтæ йæхимид хъуырдухæнгæнгæ цыд Томас уыцы бон бацæуæн фæлварæнмæ. Йемæ уыд Валя дæр.  Диссаг у ныййарæджы зæрдæ. Куы бакаст йæ хъæбулы сагъæсгъуыз цæсгоммæ, уæд ын афтæ: – Ма тыхс хъæбул, дæ зонындзинæдтыл, æнхъæлдæн æмæ дæ зæрдæ дарыс. Уæд Томас цыма йæ тарф фынæйæ фехъал, уыйау лæгъстæгæнгæ йæ мадæн загъта:

– Гыцци, аздæхæм нæхимæ. Мæн фæнды дохтыр суæвын æмæ адæмæн сæ низтæ сафын! Мад ыл скæуæгау кодта, зæгъгæ, еныр æрцыд дæ хъуыдымæ, дохтыры дæсныйад райсын дæ кæй фæнды, уый. Фæлæ лæппуйæ къæрттæй – цъулайæ ницыуал ахауд. Нал уыд æндæр гæнæн мадæн дæр æмæ æрыздæхтысты фæс-тæмæ нæхи горæтмæ. Бирæ нæ рахъуыды-бахъуыды кодта лæппу, фæлæ бацыд нæ горæты соматикон рынчындонмæ кусынмæ… санитарæй. Уый цыд иу палатæйæ иннæмæ æмæ рынчынты процедурæтæм ралас-балас кодта коляскæйыл, лæгуæрдоныл лæггад сын кодта æввахс хионау. Лæмбынæг каст, дохтыртæ сын куыд хос кодтой, уымæ. Афтæ æргомæй-сусæгæй зонгæ кодта фидæны дохтыр ацы профессийы сусæгдзинæдтимæ.

Æмæ дыккаг аз æнтысгæйæ фæлварæнтæ радта Дзæуджыхъæуы медицинон институтмæ. Хорз ахуыр кодта Томас, цæстæвæрæн уыд йæ ахуыргæнджытæн. Бакаст ординатурæйы дæр. Аспирантурæмæ та ахуыр кæнынмæ бацыд Мæскуыйы, уый фæстæ йæ дипломон диссертаци бахъахъхъæдта хъуыры рæзынджыты – зобы фæдыл.

Клиникæйы йын йæ зонындзинæдтæм, йæ арæхстдзинадмæ куы бакастысты, уæд æй ныууагътой уым кусгæйæ. Томас кæд дард у йæ райгуырæн бæстæйæ, уæддæр æй иу уысм дæр нæ рох кæны. 2008 азы августы хæсты рæстæджы йæ ныййарджытæн ницы схъæр кодта, афтæмæй æрцыдис Цхинвалмæ. Хæдзармæ нæ, фæлæ, комкоммæ рынчындонмæ бацыд. Æрлæууыд иннæ дохтырты фарсмæ æмæ йæ бон куыд уыд, йæ зонындзинæдтæ йæ куыд амыдтой, афтæ æхсæвæй-бонæй уый дæр уырдыг лæууыд фæцæфуæвæг рынчынты уæлхъус æмæ сæ истой мæлæты дзæмбытæй.

Фæсхæст та аздæхт фæстæмæ Мæскуымæ  йæ куыстмæ. Фæлæ уырдыгæй дæр йæ хъус дары йæ адæмы æнæниздзинадмæ, цымыдис сын кæны сæ цардмæ. Æрвылаз дæр æрцæуы Томас йæ улæфты рæстæджы нæ горæтмæ. Фæлæ дзы улæфгæ нæ бакæны, йæ рæстæг арвиты нæхи рынчындоны. Фæкæны операцитæ, йæ хъуыры зоб кæмæн ис, уыдонæн. Басгары лæмбынæг, операци кæй нæ фæхъæуы, уыдоны дæр æмæ сын рафыссы æмбæлон хостæ. Бынаты схосгæнæн кæмæн фæзын вæййы æмæ вазыгджын операци кæмæн фæхъæуы, ахæм уæззау рынчынты та æрцæуын кæны Мæскуымæ, кæм кусы, уыцы клиникæмæ æмæ сын уым скæны операци æнæаргъæй. Ацы хъуыддаджы йын йæ къух аразы ацы клиникæйы дохтыр – профессор Дайхес Николай Аркадийы фырт. Уый рахатыдта Томасы иузæрдиондзинад йæ адæммæ æмæ æвзонг дохтырæн загъта: «Томас, цалынмæ æз ацы зонадон клиникæйы кусон, уæдмæ дын бар ис, Ирыстонæй дæм чи æрцæуа, уыдонæн æнæаргъæй операцитæ аразынæн æмæ, табуафси, лæггад кæн дæ адæмæн дардæй дæр». Ахæмтæй та фæзæгъынц, Хуыцауы сконд адæймаг, зæгъгæ.

Уæдæй фæстæмæ Джыгкайты Томас йæ тыхсты сахаты йæ уæлхъус кæмæн балæууыд æмæ уый руаджы æнæниз цардмæ чи раздæхт, уыцы адæймæгтæ нæ горæты фылдæрæй фылдæр кæнынц. Уый ссис бирæ рынчынты ныфс æмæ сын сæ хорзæх ары. Бирæ арфæтæ исы нæ адæмæй Томас. Уыдонæй сæ иу  нæ горæты цæрæг Къуылыхты Розæ. Уый 15 азы дæргъы архайдта йæ хъуыры низимæ. Сылгоймагæн риссын райдыдта йæ зæрдæ. Йæ туджы æлхъывдад уыд бæрзонд, иумиагæй йе ‘нæниздзинад тынг фæцудыдта. Æмæ та а-сæрды Томас йæ улæфты рæстдæжы куы æрцыд æмæ та рынчындоны рынчынты куы иста, уæд æм бацыд Розæ дæр. Томас куы федта рынчынæн йæ низ скарз, уæд æй æрцæуын кодта, Мæскуыйы кæм кусы, уыцы клиникæмæ æмæ йын сарæзта операци. Розæ æрыздæхт фæстæмæ тынг райгондæй. Томасæй фæцис æгæрон бузныг. «Ацы арфæйаг лæппуйæн æмæ профессор Дайхес Николайæн дæр нæ арын, мæ зæрдæ сын куыд зæгъы, ахæм стыр арфæйы ныхæстæ ракæнын, фæлæ Стыр Хуыцау уæд сæ хъахъхъæнæг. Сæхæдæг æмæ сæ кæстæртæ та сæ къахы алгъæй дæр макуы схъæрзæт. Уæлдай бузныг Томасæн зæгъын, йæ адæмы æнæниздзинадыл афтæ зæрдиагæй кæй ауды, уый тыххæй», – загъта Розæ.

Бирæ сты Розæйы хуызæн тыхст рынчынтæ, Томас æнæаргъæй кæмæн схос кодта. Бирæтæ дзы бацæуынц йæ мадмæ æмæ йын арфæтыл схæцынц, ахæм лæппу кæй схъомыл кодта, уый тыххæй. Уыцы хъуыддаг ныййарæджы амондыл ноджыдæр базыртæ асадзы æмæ зæрдæ йæхи арвы милтыл асæрфы.

Бæгуыдæр, арфæйаг у ахæм адæймаг, адæмæн лæггад чи фæразы æмæ сын сæ хорзæх чи ары.

Арфæйаг у йæхи сæрмагонд царды дæр Томас. Йæ цардæмбалимæ хъомыл кæны дыууæ цыкурайы фæрдыджы хуызæн хъæбулы æмæ цы рынчынты низ фæсырдта, уыдоны арфæтæ йæхиуыл æмæ йæ хъæбултыл дзæбæхæй цæуæт. Æнæниздзинады къабазы та йæ къухты æфтæд стырæй-стырдæр æнтыстытæ.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.