Цард æрмæст рацæргæ азтæй баргæ нæу, фæлæ дзы цы бантыст хорздзинадæй саразын, уыдонæй дæр. Æмæ, уадз, стыр хъуыддæгтæ ма уæд, фæлæ дæ æрвылбонон царды хорздзинад куы тауай куыд дзыхы ныхасæй, афтæ архайдæй дæр, уæд уый дæр фаг у дæхицæн ном скæнынæн.

Хацырты Алекси цæргæ дæр ракодта – дыууæ азы ма æмæ йæ нæуæдз азы йæхирдыгæй фæуыдзысты æмæ адæмы ‘хсæн йæхицæн дæр хорз ном скодта.

Царды фæндагыл Алексийæн æнцон цæуæн нæ уыд, фæлæ цыфæнды зын уавæрты дæр цардимæ æмдзу кæнын фæразы. Хъыгагæн, бавзæрста стыр мæстытæ æмæ хъыгдзинæдтæ дæр, фæлæ хъысмæты фыдæнæн сæттын нæ бакуымдта. Схъомыл кодта йæ хъæбулы хъæбулты. Федта йæ хъæбулы хъæбулæн кæстæр дæр æмæ зæронд лæгæн, бафтыд йæ тыхмæ тых. Уымæн фæзæгъы: «Уыдон мын се ‘ппæт дæр цæстырухс æмæ уæраджы магъз дæттæг сты».

Ленингоры районы Цъубены хъæуы райгуырд æмæ хъомыл кодта Алекси. Цумахъом куы фæцис, уæд стыр ныфс ссис йæ  ныййарæг мадæн. Куыд рæзт, афтæ лæппуйæн бæрæг кодтой йæ уды хуыздæр миниуджытæ.

Æнæ фыдæй хъомыл кодтой Алекси æмæ йæ кæстæр мадызæнæгтæ. Сæ фыд хæстæй нал ссыд. Нал базыдтой фыды рæвдыд, кæд сын сæ мад фыды бæсты дæр лæггад кодта, уæддæр.

Захъхъоры астæуккаг скъолайы ахуыр кæнгæйæ, сфæнд кодта исты куыст ссарын æмæ цыбыркъух бинонты уавæр фæрогдæр кæнын. Ацыдис Тбилисмæ, бацыд æфсæнвæндагон депомæ, цæмæй йæ куыстмæ поездæн машинистæй райсой, фæлæ йæм астæуккаг ахуырдзинад кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ йæ фæндæй ницы рауад. Уæд Алекси ацыдис горæт Рустаумæ æмæ ахуыр кæнынмæ бацыд иуазон электротехникуммæ. Алексийæн цымыдисон уыдысты электроны тыхы сусæгдзинæдтæ æмæ ахуыр кодта тынг хорз. Йе ‘гъдауæй та бынтон цæстæвæрæн уыд, хастой дзы цæвиттон. Ууыл дзурæг уыд уый дæр æмæ техникумы ахуыр кæнгæйæ, хорзæхджын æрцыд В. И. Ленины райгуырдыл 100 азы сæххæсты майданæй.

Ацы техникум ын сбæлвырд кодта йæ царды дарддæры фæндаг. Куыддæр йæ диплом райста, афтæ йæ кусынмæ арвыстой горæт Кутаисы Автозаводмæ электрикæй. Фондз азы дзы бакуыста, æвзæр нæ цыд йæ куыст, йæ хъуыддаг. Иумиаг æвзаг ссардта йе ‘мкусджытимæ дæр, фæлæ йæ зæрдæ æхсайдта йæ ныййарæг мад, йе ‘фсымæр æмæ йæ хотæм æмæ йæ куыст раивта Гурмæ. Ныр феввахс ис йæ бинонтæм æмæ-иу сæ арæх абæрæг кодта.

Райдианы Алекси цардис æххуырст хæдзары ныккæнды, стæй йын баракты радтой иухатæнон хъæдын хæдзар. Алекси, уырдæм æркодта йæ мад æмæ йæ мадызæнæгты дæр. Кæд уынгæг цард кодтой, уæддæр бинонтæ разы уыдысты, иумæ кæй уыдысты, уымæй. Уæдмæ йын бинонтæ æркæнын æмæ йæ цард саразыны рæстæг дæр уыд æмæ цардæмбалæн æркодта Гуссойты Ольгæйы. Алекси рады лæууыд хæдзар райсынмæ, фæлæ йæ рад нæ æмæ нæ хæццæ кодта. Бахъуыд æй, æгæрыстæмæй, Н. Хрущевмæ куырдиат ныффыссыны сæр дæр. Дзуапп райста иу мæйы фæстæ æмæ йæм фæсидтысты сæхимæ куыстуаты разамонджытæ. Уый тыххæй нæ, æмæ йын фатер раттынæй ныфс бавæрой. Загътой йын, зæгъгæ, Сталинирмæ 5 адæймаджы скондæй æрвитæм арæзтадон бригадæ. Уым аразынц дзулфыцæн комбинат æмæ хуыйæн фабрикæ æмæ, дам, сæм бауадзын хъæуы электрохæххытæ.

Уæлдай ницыуал загъта Алекси æмæ æрбацыд Сталинирмæ.

«Уыцы рæстæджы нæ горæты рæзтысты кæрæдзийы фæдыл алыгъуызон объекттæ. Уыдон куыд рæзтысты, афтæ сæм уагътам электроэнерги. Дзулфыцæн комбинат æмæ хуыйæн фабрикæйы фæстæ куыстам сæны заводы, æхсыры заводы, Эмальпровод, Вибромашинæ, машинæтæаразæн заводы æмæ бирæ æндæр рæтты. Уæд горæт сæхи къухтæй арæзтой нæхи адæм. Арæзтой алцыдæр бæстонæй, райгондæй, кæрæдзи æмбаргæйæ, кæрæдзи уарзгæйæ», – загъта Алекси æмæ зæрдæбынæй бахудт.

Бадзырдмæ гæсгæ афæдзы фæстæ бригадæйы уæнгтæ хъуамæ аздæхтаиккой фæстæмæ Гурмæ. Фæлæ сын сæ разамонджытæм фæдзырдта нæ горæты уæды арæзтадон-монтажгæнæн управленийы хистæр Хуыбиаты Владимир æмæ сæм бахатыд, специалисттæ сын кæй нæ фаг кæны, уымæ гæсгæ цæмæй ам кусгæйæ ныууадзой Хацыры фырты, уымæн æмæ уый уыд йæ хъуыддаджы стыр дæсны. Афтæ Алекси кусгæйæ баззад Цхинвалы. Цыбыр рæстæгмæ йын радтой фатер Вокзалгæрон уынджы. Уæдæй абонмæ цæры уым æмæ ныр дæр, йæ кармæ нæ кæсгæйæ, йæ къух саразы, чи йæм бахаты хионæй, сыхагæй, зонгæйæ, уыдонæн.

Алекси бирæ кады гæххæттытæй æрцыд хорзæхджын йæ намысджын куысты тыххæй. У куысты ветеран. Нæ горæты арæзтадмæ йæ хайбавæрд кæй хаста Алекси йæ рæстæджы, уымæй абон дæр сæрыстыр у.

Бæргæ царды алцыдæр йæ рады цыд. Алекси бацис чызг æмæ лæппуйы фыд. Байрæзтысты йæ хъæбултæ, ссардтой сæ амæндтæ дæр. Баисты хъæбулты хицау сæхæдæг дæр. Фæлæ æмбисонд куыд зæгъы, царды цалх зилы æмæ тæригъæд никæмæн кæны, йæ быны чи фæвæййы, уый ныцъцъист кæны.

Йæ хъысмæт хинæй разылд Алексийыл дæр. Йæ хъæбултыл цин кæнынæй нæма бафсæст, афтæмæй сæ кæрæдзийы фæстæ мæлæт аскъæфта. Не сфæрæзта йæ хъæбулты маст Ольгæ дæр æмæ уый дæр йе ‘цæг дунемæ аивгъуыдта. Карды бын уæууытæй нал уыд æмæ æрывнæлдта йæ хъæбулты хъæбулты хъомыл кæнынмæ Алекси. Æхсæв æмæ йын бон нал уыд. Йæ чызджы хъæбултæ Зæринæ æмæ Темо рæзтысты бонзонгæйæ. Уыдтой сæ дадайы фыдæбон æмæ йæ æмбæрстой йæ иу сныхасæй дæр. Алкæй дæр сæ бафтыдта йæ царды раст фæндагыл Алекси. Лæппуйы фырты чысылæй акодта йæ мад Уæрæсемæ æмæ дзы ницыуал бæрæг ис. Уæдæй абонмæ ссис йæ бæллиц Алексийæн йæ фенын. Уыцы маст ын æхсыны йæ зæрдæ.

Хуыцау зæгъæт æмæ сæххæст уæд ацы стыр бæллиц Алексийæн. Æмæ ныр куыд уæнгрог у, афтæ ноджыдæр æнæнизæй цæрæд йæ хъæбулты хъæбултимæ æмæ уыдоны хъæбултимæ.

Бестауты Валя

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.