Лауызгæнæн

Стыр мархойы райдайæн бонæй æртыккаг æмæ цыппæрæм сабатæхсæв ирæттæ арæзтой Фыццаг æмæ Дыккаг Лауызгæнæн. Уый нымад уыдис мæрдты боныл æмæ уыдон номыл кодтой лауызтæ.

 

Лауызтæ кæныны æгъдау æндæр адæмтæн дæр зындгонд у. Ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ, лауызтæ ритуалон хæринагыл нымад нæ цæуынц. Лауызтæ кæнынæн, зæгъынц, фыццаг уыдис практикон нысаниуæг. Адæм, дам, дзуллаг ссадæй кæрдзынтæ кæнын куы нæма зыдтой, уæд ссады тæнæг змæст тæвд къæйыл кодтой бæрцгай æмæ сæ хордтой афтæмæй. Фæлæ, дам, куыдфæстагмæ лауызтæ ритуалон хæринаджы нысаниуæг дæр райстой.

Лауызтæ кодтой æмæ абон дæр кæнынц дзуллаг ссады тæнæг змæстæй тæвд тебæйы, уый фæстæ-иу сæ нурыдзæхдоны стылдтой.  Лауызтæй уæлдай ма цы хæринæгтæ арæзтой уыцы стыр æхсæвы, уыдонæй-иу иу хай нывæрдтой чысыл уисæйбыд къалатийы æмæ сæ-иу дуармæ æрцауыгътой, цæмæй дзы мæрдтæ сæ хай ахастаиккой.

Адæмы уырнындзинадмæ гæсгæ, сабатизæры зæронд мæрдтæ сывæллæтты сбадын кæнынц бæлæстыл, сæхæдæг ацæуынц уæлион бæстæмæ сæ хиуæтты фенынмæ. (Ног мæрдтæ нæ цыдысты – сæ бынæттæн сæфынæй тарстысты). Хæстæджытæ-иу æрæмбырд сты мæрдтимæ фембæлынмæ æмæ сын-иу æрхастой алыхуызон лæвæрттæ. Уымæй уæлдай ма уыдон семæ хастой бæласы къалиутæ, даргъ хъилты цъуппыттыл-иу баст уыдис алыхуызон адджинæгтæ. Мæрдджынтæ-иу архайдтой, цæмæй сæ хæдзæрттæ, сæ кæртытæ уой хæрзæфснайд, хæдзары алцыдæр нывыл æмæ йæ уагыл куыд уыдаид, афтæ. Науæд, дам, мæрдтæн сæ зæрдæ фæстæмæ сæ хиуæттæм æхсайдзæн, мыййаг, зæгъ, кæд æвзæр æмæ мæгуыр цæрынц. Се ‘рбацыдмæ сын цæттæ кодтой алыхуызон мархойы хæринæгтæ. Бинонтæ-иу æрæвæрдтой фынг, хæдзары дуар-иу зыхъхъырæй ныууагътой æмæ-иу æнхъæлмæ кастысты сæ марды æрбацыдмæ. Ног дарæс дæр-иу сцæттæ кодтой бинонтæ. Дарæс-иу  скодтой  дзуарæвæрд хъилтыл, æдтейæ бакæсгæйæ сæ марды хуызæн куыд уыдаит, афтæ-иу æй сарæзтой.

Алцыдæр-иу куы сцæттæ кодтой, уæд-иу бинонты хистæр нæлгоймаг скуывта мæрдтæн, куывды рæстæджы-иу арты баппæрста мæнæуы дзæрнатæ æмæ æндæр хæринæгтæ дæр, уыдон, зæгъгæ, мæрдты хай сты. Уый фæстæ-иу сылгоймæгтæ райдыдтой хъарæг кæнын. Стæй-иу æрбадтысты фынджы уæлхъус, нуæзтой, хордтой, æмæ сæ уырныдта, зæгъгæ, ацы хæрд æмæ нозтæй сæ мæрдтæ дæр афтæ хæрынц. Ацы æхсæв-иу тæлтæг арайдтытæ, сонт фæзылдтытæ, исты цæвынтæ (фæхт хойын) нæ фæтчыдис, науæд, дам, мæрдты бæсты бæлæстыл бадгæ цы сывæллæтты ныууагътой сæ ныййарджытæ, уыдон рахаудзысты. Ацы стырбоны рæстæджы хъуамæ уæлмæрдтæм фæндæгтæ ныссыгъдæг кодтаиккой, науæд, дам, мæрдтæн цæуын зын уыдзæнис.

Термин «лауыз» рацыд тюркаг æвзæгтæй  æмæ нысан кæны лаваш.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.