Хорыбоны фӕстӕ сабатизӕр вӕййы Лауызгӕнӕн. Уый у зӕронд мӕрдты мысӕн бон.

Ирон адӕмы фыдӕлтӕм гӕсгӕ, майрӕмбоны зӕронд мӕрдтӕ уыдысты сӕрибар. Ног мӕрдтӕй уый зӕгъӕн нӕй: уыдон фӕтӕрсынц, сӕ бынат сын исчи куы байса, исчи йӕ куы бацахса, зӕгъгӕ, ӕмӕ никуыдӕм фӕцӕуынц. Зӕронд мӕрдты ницы фӕуромы ӕмӕ рацӕуынц сӕ бинонты, сӕ хӕдзӕрттӕ фенынмӕ. Се ссыдмӕ бинонтӕ бафснайынц, ныссыгъдӕг кӕнынц хӕдзар, сцӕттӕ кӕнынц алыхуызон хӕринӕгтӕ, фӕлӕ сӕйрагдӕр вӕййынц лауызтӕ.

Изӕры бинонты хистӕр фынджыдзаг ныххӕлар кодта. Иууылдӕр сбадтысты. Бинонтӕм афтӕ кӕсы: сӕ зиан дӕр фынджы уӕлхъус бады ӕмӕ хӕры, нуазы, ныхӕстӕм хъусы. Боныцъӕхтӕм хӕдзары фӕуыдзӕн, стӕй дымгӕйы фыццаг улӕфтимӕ йе ‘цӕг дунемӕ атӕхдзӕн.

Уыцы фӕндаг та у даргъ, зын, бирӕ цӕлхдуртӕ, бирӕ фыдӕбӕттӕ кӕм бавзардзысты мӕрдтӕ, ахӕм фӕндаг. Фӕлӕ йыл ацӕудзысты, азы дӕргъы цы хӕрдзысты, цӕмӕй цӕрдзысты, уыцы «дзаджджын» агурӕг. Фӕцӕудзысты ӕнӕхъӕн къуыри ӕмӕ бафӕллайдзысты, бастайдзысты, сӕххормаг уыдзысты ӕмӕ сын се ссыдмӕ саразын хъӕуы фынджыдзаг. Уый та вӕййы дыккаг Лауызгӕнӕн.

Ис ӕндӕр хъуыды дӕр. Лауызгӕнӕнтӕ вӕййынц Комбӕттӕны. Ӕмӕ-иу уӕд ирон адӕм сӕ мӕрдты тыххӕй скодтой мархойы хист, ома, нӕ мӕрдтӕ дӕр ком дарынц ӕмӕ сын мархойы хӕринӕгтӕ ныххӕлар, кӕнӕм, зӕгъгӕ. Фынгыл-иу ӕрӕвӕрдтой лауызтӕ, цӕкуытӕ, дзӕрна мӕнӕу ӕмӕ хъӕдурӕй, фых картофтӕ, картофджынтӕ, хъӕдурджынтӕ, лакъамитӕ, кӕф, арахъ, бӕгӕны, къуымӕл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.