Хуссар Ирыстоны хуссар – хурскæсæны ‘рдыгæй Гуырдзыстонимæ ныры арæныл ломисалеваг æмæ харулаг дыууæ æфцæджы астæу, Чысаны донбылгæрон Октябры революцийы агъоммæ æрбныат кодта стыр хъæу Ахалгор («Ног гур»). Уыд, уæды иумæйаг Ирыстонмæ чи хауд, уыцы Гуры уезды сконды. XX-æм æнусы Ирыстон дыууæ хайыл куы фæдих кодтой, уæд дæр Ахалгор баззад Хуссар Иры. Революцийы фæстæ Гуырдзыстоны Советон хицауад куы æрфидар, уæд номы фыццаг хай аивтой æмæ Ахалгор ссис Ленингор. Рагæй фæстæмæ дзы цардысты ирæттæ. Гуырдзыстоны арæныл кæй уыд, уымæ гæсгæ дзы цард гуырдзиæгтæ дæр, стæй, чи сгуырдзиаг, ахæм сомихæгтæ. Цардысты хæларæй, адæмты хи-цæндзинад цæсты уадиссаг нæ хауд, кæрæдзийы хорз миниуджытыл ахуыр кодтой. Хæринаг кæнынмæ сæ алчи дæр дæсны уыд, фæлæ уæлдай цин кодтой ирон чындзæхсæвыл: хæбизджынтæ (чъиритæ), дам, хæрдзыстæм.

Азтæ куыд цыдысты, афтæ рæзт Ленингор дæр æмæ ссис стыр районы центр. Хаудис æм стыр æмæ чысыл, ирон æмæ гуырдзиаг 100 хъæумæ æввахс. Кодтой фосдарды куыст. Советон дуджы дзы цы хæдзарадтæ уыд – Балаан, Дадианет, Укъанамхаре, Ларгвис æмæ иннæ колхозты фысты нымæц 1968 азы хæццæ кодта 106 минмæ, цæрджытæн сæхи фысты нымæц та уыд 150 мины. Иумæйагæй районы уыд 256 мин фысы. Уыцы нымæц фæстæдæр фылдæр цы кодта, уый йедтæмæ къаддæр нæ кодта. Сæрды сæ дардтой Ленингоры районы æфцгуыты, зымæгон та – Хъызлары кæрдæгджын зæххытыл. Сæ фæстæ чи цыд, чи сæ нымадта, чи сæ æлвыдта, æфтиаг чи нымадта, уыдоны сæргъ бирæ азты лæууыд Цгъойты Ило. Районы стурты æмæ хуыты нымæц дæр дзæвгар уыд. Къуымбил, дзидза, æхсыр, цыхт æмæ царвæй хъæздыг уыд. Цалынмæ бæстæ нæ сызмæст, уæдмæ Ленингоры район хойрагæй æфсæста Гуырдзыстоны.

Ленингорæн уыд бастдзинæдтæ æндæр республикæты стыр районтимæ. Зæгъæм, 1968 азы 21 марты Ленингормæ æрцыд Дагъыстаны Чародины районæй кадджын делегаци: райæххæсткомы сæрдар Дж. Джамалов (делегацийы сæргълæууæг), партийы райкомы хайады сæргълæууæг М.Нурова, фæскомцæдисы райкомы фыццаг секретарь Х.Амаров, колхозы иугонд хæдзарадты директор Р.Шарипов, республикон газеты редакцийы хъæууонхæдзарадон хайады сæргълæууæг М.Хаджиев. Уазджытæ уыдысты Ленингоры районы быдырон хæдзарадты – Орчъосан æмæ Цъинагары колхозты. Базонгæ сты хæдзарадты уавæримæ. Дыккаг бон ацыдысты Гурмæ Сталины хæдзар-музей фенынмæ. Уазджытæн поселочы фембæлд уыд партион æмæ хæдзарадон активимæ. Фæллойгæнджыты номæй сын арфæ ракодта партийы райкомы секретарь Мæргъиты Алекси. Ленингойрæгтæ дæр уыдысты Чародины. Мæргъиты Алекси дæсгай азты фæстæ куыд мысыд, афтæмæй сыл фысымтæ сæмбæлдысты æхсызгонæй. Сæ райкомы фыццаг секретарь Кадыров Магди Магамед сын зæрдиагæй раарфæ кодта. Равдыстой сын концерт дæр. Уырдыгæй куы цыдысты, уæд сыл аэропорты сæмбæлд поэт Расул Гамзатов. Ленингойрæгтæ йын семæ аластой æмæ йын балæвар кодтой зындгонд нывгæнæг Санахъоты Барисы конд ныв «Р. Гамзатов». 

Ленингоры районы фæллойгæнджытæн ма бастдзинад уыд Украинæйы Ивано-Франковскы областы Косовы районимæ. Кæрæдзимæ цыдысты уазæгуаты, колхозтæ кодтой ерыс. Фæуæлахизуæвджытæн та – лæвæрттæ. Кадджын уазджытæн-иу фысымиуæг кодта Ленингор дæр. Уыцы уазджытæй иу уыд номдзыд богал Андиаты Сослан.  1980 азты йæ  Ленингормæ фæхуыдтой хъæбысхæстуарзджытæ, патриоттæ – райæххæсткомы сæрдар Бе-дойты Христофор æмæ поселочы скъола-интернаты директор Хетæгкаты Зауыр. Уыдон стыр кад скодтой сæ номдзыд уазæгæн. Йæ номыл ын райцентры гом арвы бын сарæзтой турнир хъæбысхæстæй. Архайдтой дзы, куыд Чысангомы, афтæ хæстæг гуырдзиаг районты цæрæг зынгæ богалтæ дæр. Турниры размæ кадджын уазæгæн фембæлд уыд районы активимæ. Андиаты Сосланæн арфæ ракодтой партийы Ленингоры райкомы фыццаг секретарь Арчил Тиникашвили, райæххæсткомы сæрдар Бедойты Христофор, фæскомцæдисы Хуссар Ирыстоны обкомы секретарь Дзанайты Геннади, скъола-интернаты директор Хетæгкаты Зауыр æмæ æндæртæ. Андиаты Сосланæн арфæ ракæныны фæстæ йын дидинджытæ балæвар кодтой æмæ йæ кадджын уавæры сæ рæнхъытæм айстой ногдзаутæ. Йæ хъуырыл ын бабастой сырх галстук. Йæ фысымтæн  зæрдæбын арфæтæ ракодта уазæг дæр.

Ленингоры районмæ цы бирæ кадджын уазджытæ цыд, уыдонимæ уыдысты газет «Рæстдзинад»-ы редакцийы кусджытæ дæр. Хуссар Ирыстоны иннæ районтау газеты фæрстыл æвдыст цыд Ленингоры районы цард. «Рæстдзинад»-ы кусджытæ сæ редактор Хъаныхъуаты Валодя æмæ газет «Советон Ирыстон»-ы редактор Куымæридтаты Александры фæрцы тынгдæр кæимæ схæлар сты, уыдонæй иу уыд хъуыстгонд хæдзарад – Калинины номыл Цъинагары уæды колхозы (уый фæстæ совхоз) сæрдар, ССР Цæдисы Сæйраг Советы депутат Дзугаты Иван.

Мæргъиты Алексийы рæстæджы районы уæлдай æргом здæхт цыд ахуырмæ, аивадмæ. Байгом сты цалдæр астæуккаг скъолайы – гуырдзиаг, уырыссаг, скъола-интернат, музыкалон скъола, хъæуы цæрæг фæсивæдæн изæры скъола, сывæллæтты цæхæрадон, стыр кинотеатр, парк… Зындгонд зарæггæнæг Саккаты Валери солист кæм уыд, уыцы ансамбль «Бонвæрнон»-иу поселочы райдзаст клубы арæх æвдыста концерттæ.

Бирæ номдзыд адæм рацыд Ленингорæй, Чысангомæй: æхсæнадон æмæ паддзахадон органты кусджытæ, фысджытæ, ахуыргæндтæ, спортсментæ. Зæгъæм, поэт æмæ æхсæнадон архайæг Бедойты Христофор, йе ‘фсымæр зынгæ нывгæнæг Бедойты Шалва, сæ хо зонæдты кандидат Шурæ, Цабаты Уасо – театриртасæг, хъуыстгонд юристтæ, Хицауады кусджытæ – РХИ-йы Хицауады раздæры сæрдар Цгъойты Мераб, РЦИ-Аланийы юстицийы министры уæды фыццаг хæдивæг Хацырты Медея, журналисттæ Мæргъиты Татьянæ уыд ЮНЕСКО-йы уацхæссæг, РХИ-йы сгуыхт журналист Хуриты Гиви, Хацырты Еленæ – РЦИ-Аланийы журналистты цæдисы сæрдары хæдивæг, ахуыргæндтæ Тогойты Георги, техникон зонæдты кандидат Мæргъиты Алик, зынгæ дохтыртæ Мæргъиты Зауыр æмæ йæ хо Додо, се ‘фсымæр Эмануил – инженер, Хацырты Баграт «Отличник-финансист», æхсæнадон архайджытæ æмæ хæдзарадон разамонджытæ Тыджыты Уасо, Дриаты Абрам, Цгъойты Ило, номдзыд механизатор Дриаты Артъо, Советон Цæдисы хъайтар Сабанты Григол, Македонийы дыууæ хатты хъайтар Къусраты Къоста… Спортсментæ-богалтæ Кæсойты Сограт, Цгъойты Сурен, Бедойты Гиви, уæгъдибар хъæбысхæстæй тренер Къораты Харитон, футболисттæ Гуццаты Владимир, Зозырты Андрей, Елойы фырт æмæ бирæ æндæртæ.

Ленингоры поселок тынг рæсугъд уыд йæ Ерыстауы галуантæй (цалдæр раны), бæрзонд бæлæстæй, райкомы алфæмблайæ, стыр стадионæй æмæ скъола-интернатæй, рынчындонæй, вагзалæй, Чысаны рæсуг донæй. Фæсивæд скъолайы фæстæ тырныдтой уæлдæр ахуырад райсынмæ. Сæ дарæс уыд аив, модæмæ гæсгæ – поселочы хуыдтой чысыл Париж. Рæстæгмæ-иу дзы чи цард, уый-иу уырдыгæй нал афæндыд æмæ-иу дзы баззад цæргæйæ. Мой-иу чи скодта, уыдонæй дæр-иу бирæтæ сæ бинонтимæ фæстæмæ уырдæм сыздæхтысты. Сæрдыгон-иу алыгъуызон уазджытæй йемыдзаг уыдысты Чысандоны донбылгæрæттæ – улæфыдысты дзы. Дыргъ æмæ халсартæй дæр хъæздыг уыд Ленингор. Адæм сæ фæткъуытæ æмæ æндæр дыргътæ цалдæргай тоннæтæй лæвæрдтой хицауадмæ, машинæтæ бирæтæм уыд, сæхи хидвæллойæ цы æхцатæ куыстой, уымæй сæ æлхæдтой. Тæхудиаджы цард кодтой адæм, цалынмæ Советон Цæдис нæ фехæлд æмæ Гамсахурдиа йæ бартæ нæ райста, уæдмæ.

Æмæ иу бон уыцы фашист йæ хотыхджын фыдгæнджытимæ Ленингоры центры куы февзæрд, уæд йæ талф-тулф уынаффæтæй иу уыд Ленингор фæстæмæ Ахалгор схонын. Уымæй фыддæр ыл куы ницы æрцыдаид, уæд ын быхсæн уыд, фæлæ цард уый адыл фæстæмæ алæууыд, цæрджытæй бирæтæ лидзинаг фесты. Поселок æмæ Гуырдзыстоны арæнмæ æввахсдæр хъæуты бакодта Мцхетайы бæрны (æввахс æм у), иннæ хъæутæ баззадысты Ирыстоны зæххыл, ирæттæ стырдæр хъæуы совхоз Цъинагарыл сæвæрдтой Ленингоры совхоз. Фосдардæн стыр район æнæ фосæй аззад. Иуæй сæ цæгъдгæ кодтой хотыхджынтæ, инæмæй фæиппæрд сты Хъызлары дзаджджын хизæнуæттæй. Афтæмæй, Хуссар Ирыстоны Хицауадæн республикæйы зæххытæй йæ бар кæуыл нæ цыд, уый уыд Ленингоры районы цæгат-скæсæн хай, уыимæ Ленингоры поселок дæр. Уыцы зæххытыл цы хъæутæ ис, уыдон сты, Мцхетайы губернийы дæлбар, сæ цæрджытæ пайда кодтой гуырдзиаг æхца «лари»-йæ.

Район дыууæ дихы фæци йæ национ скондмæ гæсгæ нæ, фæлæ йæ географион равæрдмæ гæсгæ. Цæвиттон, йæ «гуырдзиаг хайы» баззадысты цæугæдон Чысаны дыууæрдыгæй фарс, комы æмæ уырдæм хæстæг цы хъæутæ ис, уыдон – иу 65 хъæуы бæрц. Районы ирон хай йæ центр Цъинагары хъæу – иннæ хаимæ абаргæйæ бирæ хæстæг дæр у Цхинвалмæ. Фылдæр дзы ис фæзбыдыртæ, донхæргонд зæххытæ. Фондз паддзахадон хæдзарады – Гъдулет, Цъинагар, Орчъосан, Абреу æмæ Монастер фылдæр кæнынц зæххы куыст. Дарынц ставдкъах фос æмæ хуытæ дæр. Скъолаты ахуыр цæуы ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл. Гуырдзыйы агрессийы фæстиуæгæн чи федзæрæг, ахæм ирон хъæутæ сты Уæллаг Къитриул, Дæллаг Къитриул, Цотагур, Надибур, Гуыдиатыхъæу, Чъачъамур, Уæллаг Багъит, Дæллаг Багъит, Армаз, Квичъир, Колот.

«Ленингормæ хæстæг Мосабруны хъæумæ бацæугæйæ бынæттон цæрджытæй нæ размæ цингæнгæйæ рахызт ацæргæ урссæр зæронд лæг Къораты Алекси. Тыргъмæ нæ бахуыдта æмæ нын къухæй ацамыдта, къулыл цы æфсæйнаг рæхыс ауыгъд уыдис, уымæ – ацы рæхыс æз раластон мемæ, Дзимырæй ардæм цæрынмæ куы цыдтæн, уæд. Уый у мæ мыггаджы, мæ фыдæлты рæхыс, цæудзæн ыл æртæ сæдæ азмæ æввахс. Уынут, цы ностæ йыл баззад. Уыдон карды цæфтæ сты, йæ алыварс-иу чи кафыд, уыдон-иу тырныдтой, чи йæ тынгдæр фæнос кæндзæн, ерыс кодтой, кæй кард цыргъдæр æмæ хъæбæрдæр разындзæн, ууыл. Дзырд дардыл у, фæлæ мæ фæнды, цæмæй сымах руаджы бафта Цхинвалы музеймæ. Ам куы баззайа, уæд фесæфдзæн æмæ æвгъау у. Сæххæст ын кодтам йæ куырдиат», – дзырдта-иу йæ мысинæгты азфыссæг Мæргъиты Алекси.

Змæст рæстæджыты поселокæй лидзинаг фесты йæ цæрджытæй бирæтæ. Зæгъæм, фыссæг, журналист Къæбысты Уарден, районы электрохызæджы сæйраг инженер Дриаты Иосиф, егъау арæзтадон организацийы сæргълæууæг Мæргъиты Анатоли, районон газет «Ленинон»-ы редакцийы хайады сæргълæууæг Дриаты Еленæ, партийы райкомы организацион хайады сæргълæууæг Хацырты Никъала, фæскомцæдисы  райкомы  дыккаг  секретарь  Мæргъиты Юри, районы адæмон контролы сæрдар Есенаты Олег, газет «Советон Ирыстон»-ы сæрмагонд уацхæссæг Тыджыты Павел, партийы Ленингоры райкомы дыккаг секретарь Хуыбиаты Мариям, райæххæсткомы сæрдары хæдивæг Дзукъаты Мишæ, партийы Ленингоры райкомы секторы сæргълæууæг Гуырцъыты Надя, историон зонæдты кандидат Бедойты Шурæ, ахуыргæнджытæ Аулохты Сергей, Быценты Нугзар, Мæргъиты Зауыр, Хазби, Бедойты Венерæ, Музиаты Вовæ, районы финансон хайады сæргълæууæг Хацырты Баграт, районы зынгсирвæзты ныхмæ тох кæныны командæйы хицау, милицийы майор Тыджыты Вася, милицийы майор Сиукъаты Омар, рынчындоны сæйраг дохтыр Есенаты Додо, райæххæсткомы секретарь Хацырты Юля,  Ленингоры совхозы парткомы секретарь Сохъуырты Гоги, хæсты инвалид Хацырты Серож æмæ бирæ æндæртæ.

98 азты поселочы байгом, европæйаг стандарттæн дзуапп чи дæтты, ахæм нырыккон хъомысджын бæгæныфыцæн завод. Завод  арæзт  æрцыд  цæгатирыстойнаг  амалиуæггæнæг Хæдæрцайы фырты æххуысæй. 2008 азы тугуарæн хæсты фæстæ æндидзыд æрцыд историон рæстдзинад, Ленингор фæстæмæ раздæхт Хуссар Ирыстоны скондмæ. Абон Ленингоры район рæзы, арæзт дзы цæуынц социалон нысаниуæджы объекттæ, фæндæгтæ æмæ бирæ æндæртæ. Район размæ цæуы. Ныфс нæ ис,  тагъд рæстæджы Ленингоры район, раздæрау нæргæ район кæй суыдзæн, уымæй.

Къамы (галиуæрдыгæй рахисырдæм): зынгæ богал Цхуырбаты Алик, фæскомцæдисы Хуссар Ирыстоны уæды обкомы 1-аг секретарь Дзанайты Геннади, партийы Ленингоры уæды райкомы 1-аг секретарь Арчил Тиникашвили, номдзыд богал Андиаты Сослан, Ленингоры уæды райæххæсткомы сæрдар Бедойты Христафор, Ленингоры уæды уырыссаг скъола-интернаты директор Хетæгкаты Зауыр æмæ фæскомцæдисы Хуссар Ирыстоны бæрнон кусджытæ Битеты Аслан æмæ Чехойты Анатоли Ленингоры хъæбысхæсты турниры.

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.