Кæд иу стыр критик сценæйы цард схуыдта, уæд æндæр стыр лæг та æнæхъæн дунейы театр схуыдта… Æниу, афтæ куы зæгъæм, сценæ цы бар дары театрмæ – цард æм æввахсдæр у, зæгъгæ, уæд дæр бирæ ницы фæрæдидзыстæм… Цæвиттон æрхæссæм нæхи, нæ паддзахадон театрæй. Куы сырæзт, уæдæй фæстæмæ йын алы сезоны дæр вæййы проблемæтæ ног спектакль сæвæрын, кæнæ искæцæй режиссер æрхоныны тыххæй…

Царды, уæлдайдæр та Ленингоры районы царды ацы проблемæ бирæ æнцондæрæй аскъуыддзаг вæййы. Нырма уал режиссертæ æмæ архайджытæ вæййынц бынæттон артисттæ: кæм ироны, кæм – гуырдзиаджы ролы чи ахъаза, ахæмтæ æмæ та – спектакль цæттæ! Æрмæст аивадон спектакльтæ нæ æвæры Ленингоры «театр», фæлæ – поли-тикон…

Иууыл диссаг та уый у æмæ уыцы театрæн йæ репертуар кæй «фæхъæздыгдæр», Бибылты Анатоли президент куы ссис, уæ-дæй фæстæмæ… Мæ хур акæн! Дæлæты цæуой, уæлæты цæуой – уæддæр та хъуамæ чидæр базмæнта районы цæрджыты, чидæр та сын хъуамæ сæ хъусты бацæгъда: «Афтæ уын гъе! Раздæр уын уæ дедакалакмæ дуæрттæ быдиттгом уыдысты, еныр федтат, Бибилов уын уæ фæндаг æрыхгæдта…» Æмæ иу ран хъахъа кæнын, иннæ ран – æфтауын цы карк уарза, уый дæр ма æндæр цы хъæуы?.. Ленингойраг ус, дам, «нæхи» журналисттæ йæ фысссынц, ацы аз Ног азмæ наз бæлас нæ сæвæрдта, йæ джиладжи йæм Тбилисæй кæй не ‘рбацæудзысты, уый тыххæй. Æмæ нæуæдзæм азтæй фæс-тæмæ Цхинвалæй Ленингормæ кæй туг-стæгæн нæ уыд бацæуæн, уыдон куыд кодтой, уыдон тæригъæд нæ уыдысты? Уыцы ленингойраг гуырдзиæгтæ нæ зыдтой, æнудæс азы дæргъы Чъехæй Тамаресмæ хъæуты цæрæг гуырдзиæгтæ-иу сæ сы-вæллæттимæ ногазон назбæлæстыл куы цин кодтой, уæд-иу ирон адæм та, фынддæс минуты цыд асфальт фæндагыл цæуыны бæсты, Зары æфцæгыл астæумæ миты кæй лæгæрстой!..

Фæлæ уыдонæн ничи тæригъæд кодта, уыдоныл ничи тыхст, ныр цалдæр боны гуырдзиæгтæн сæ сыгъдыйы Калакмæ ныццæуæн кæй нал ис, уый тыххæй Хуыцауы цæстытæ тæвд æхсидавæй къахынц гуыр-дзиагæй, иронæй.  Стæй йæ тынг хорз зонынц (гуырдзиагæй, иронæй), сæ фæндаг сын Бибилов кæй не ‘рыхгæдта – сæ фæндаг Гуырдзыстоны разамонджыты æнæсæрфат политикæйы аххосæй æрцыд æхгæд. Æниу, уыдоны Ленингоры районы цæрджыты фæндаджы мæт никуы уыд, уыдонæн æндæр цæмæдæр уыд сæ хъавд. Куынæ сын рауад, уæд та æндæр цыдæр æрымысыдысты. Ленигоры районы «театрмæ» гастролты барвыстой сæ клоун-артист Гаприндашвилийы æмæ та сæ хъул сах абадт… Æфсон та сæ фæцис: Америкæйæ Мосабрунемæ фæдис ныхъæр кодтой, æркæсут ма, дам, ирæттæм, дам, демократийæн йæ хъæстæ дæр куыднæ ис!.. Гаприндашвилийы æнæсæрфат хъазтмæ дардæй чи каст æмæ йын «бис» чи хъæр кодта, уыдоны æмдзæгъдмæ лæмбынæг куы ныхъусæм, сæ сидтытæн сын лæмбынæг анализ куы саразæм, уæд, æнæдызæрдыгæй, зæгъæн ис: Гаприндашвилийы Ленингоры театрмæ гастролты сæ клоунты режиссер Саакашвили кæй рарвыста… Цæмæн? Хъæздыг æмæ размæдзыд фæсарæйнаг бæстæты чи ахуыр кодта, уый куыдфæнды сæлхæрæй дæр куыднæ æмбардзæн, змæст доны кæсаг æнцондæр ахсæн кæй у, уый. Фæлæ Саакашвилийæ æдылыдæр цæмæн хъуамæ разындаид «гуырдзиаг бæллицты» режиссер Бидзина Иванишвили!.. Æмæ уый дæр фæтъыста йæ уидыг, Саакашвили кæм бассæста, уыцы сæндæджы. Иудзырдæй – байста йын йæ сæндæг.

 Æрмæст Бидзина æмæ йæ къухылтухгæ хицауадæн сæ хъул сах нæ абадт: кæд сæ зæрдæ уыцы спектаклы аншлагæй барухс, уæддæр йæ финалæй æнæфтиаг фесты. Уыдон æнхъæл уыдысты, цалынмæ Гаприн-дашвили «оккупацигонд Цхинвалийы» ахæстоны бада, уæдмæ дзы пайда кæндзысты, куыд сæ америкæйаг-ныгуылæйнаг хицæуттимæ хъазты, афтæ сæхи æмбæстæгты-оппозиционертимæ хъазты дæр. Фæлæ сын Бибылты Анатоли дон ауагъта сæ бæллицты артыл – феддæдуар сын æй кодта, ома, ницæмæн нæ бахъуыд уæ клоун, нæхимæ дæр дзы фаг ис…

Афтæ рауад ленингойраг радон спектаклы финал, кæцыйæ пайда кодтой Гуырдзыстон æмæ сæ сæрхъызойты æлхæд журналисттæ Æмæ уыдонæн уый сæ хæс уыд æмæ у, уыдон уый тыххæй мызд исынц, фæлæ нæхи ‘хсæн чи цæры, немæ иу уæлдæф чи улæфы, уыдонæн цæмæн ис бар æмæ хъазой кæйдæр, æцæгæлон театры?

Æви уыдон дæр…

Стæй æрмæст Гуырдзыстонæн кусæг журналисттæ нæ – хъуыддаг дарддæр анхъæвзта. Журналистикæмæ бар чи нæ дары, ахæм «рæстдзинады сæрыл тохгæнæг» клоунтæ дæр сæхи уынаффæгæнæг, ленингойраг гуырдзиæгты сæрылхæцæг скодтой. Кæд, дам, Хуссар Ирыстоны къухдариуæгадæн сæ бон арæнтыл фæтк æрæвæрын нæу, уæд, дам, уый тыххæй хуымæтæджы ленингойрæгтæ хъизæмæрттæ цæмæн хъуамæ æвзарой… Мæнгæй нæ дзырдтой нæ рухсыбадинаг фыдæлтæ, мæсыг йæхи дурæй кæй сæтты, уый тыххæй. Цы кодтой, цы кæнынц, цы сыл æрцыд Ленингойраг гуырдзиæгтыл? Дзул сын мыды тулæм, адджын цай сын цымын кæнæм, гуырдзы ирæттæн цы фыдмитæ кодтой, ахæм фыдмитæ сын нæ кæнæм… Уæдæ ма цы кæнынц, цы сæ хъыгдары цæрынæн?..

А-а-а… Се ‘мгуырдзиæгтимæ сын рæс-тæгмæ бастдзинад кæй нал ис, уый тыххæй тыхсынц?.. Кæс, дæ хорзæхæй!.. Æмæ нæ уыдон цъылынæй цы тъунелы дзыхæй асæрфинаг уыдысты, уыцы тъунел сæ къухы куы бафтыдаид, уæд мах уагътаиккой тъуне-лæн фаллаг фарсмæ, не ‘мирон адæммæ цæуын?!.

…Æгæр дæр ма ныффидар, йæхи дурæй чи кæлы, уыцы мæсыг!..

Ленингоры районы бынæттон цæрæг гуырдзиæгты чи ардыдта æмæ ардауы, уыдон кæд афтæ тынг тыхсынц ленингойрæгты хъыс-мæтыл, уæд сын бацамонæд, цы хъæуы, уый: кæмæндæриддæр, Ленингормæ арæнгæрон фæндаг æхгæд кæй æрцыд, уый тыххæй проблемæтæ фæзынд, уыдон Бибиловы аххосджын кæныны бæсты æрæмбырд уæд иу фæзуатмæ æмæ æрсидæд сæ уарзон Гуырдзыстоны хицауадмæ. Бахатæд сæм, цæмæй сæ æнæзакъонон посттæ ахъуыдты кæной Ирыстоны территорийæ, æмæ сæм Гаприндашвилийы хуызæн хæддзу артистты мауал æрвитой, мауал сын змæнтой сæ сабыр цард æмæ сæ æвæндонæй артисттæ ма аразой.

Цънелисы хъæуы гуырдзиæгтæ цы æнæ-закъонон блок-пост сæвæрдтой, уый рес-публикæйы абоны къухдариуæгады аххос чи кæны, уыдон та иу ранмæ æрæмбырд кæнæд, августы хæсты фæстæ арæнты хахх кæуылты ауадзын хъуыд, уыдæттæ чи скъуыддзаг кодта, уыдоны æмæ сæ æр-фæрсæд, цæмæн афтæ бакодтой, уымæй. Вагæттыдзаг æхца дих кæнын йедтæмæ, дам, ницы хъуыд хæстарыд Хуссар Иры-стоны?..

Фæлæ афтæ нæ кæнынц, Гуырдзыстоны фарсхæцæг фæсарæйнаг сайттæн æну-выдæй чи лæггад кæны, уыдон. Уыдоны нæ фæнды сабырдзинад æмæ адæмы иудзинад, уыдонæн сæ мисси æндæр у: дон знаджы куыроймæ уадзын. Æмæ нæ æфтауынц не знæгты цæсты, дзырддаг, ды-зæрдыггаг нын кæнынц нæ хæдбардзинад дæр æмæ нæ рæстдзинад дæр.

Нырма фарст æвæрдтой афтæ: Гаприндашвилийыл стæрхон кæнын хъуыдис æви нæ… Хъуыдис. Арæны фæтк фехæлдта, уымæй дæр – барæй. Нæ республикæ, нæ фыдыбæстæ Ирыстоны нын схуыдта Гуырдзыстоны территори. Махæй исчи уыдоны зæххыл афтæ куы бакодтаид, уæд ын иу аз æмæ фараст мæйы не стæрхон кодтаиккой ахæстоны фæбадын, фæлæ йæ удæгасæй баныгæдтаиккой, Ереды хъæуы дыууадæс æнаххос ироны куыд баныгæдтой, афтæ. Махæй дæр иуæндæс азы размæ сæ арæны сæрты ахызт æртæ ирон лæппуйы, кæцытæн тæрхон дæр не скодтой, афтæмæй æдзæм сæфт фесты. Уыдоны кой цæмæннæ кæнынц, Гаприндашвилийы æрцахст чи дзырддаг кæны, уыцы фæсарæйнаг-гуырдзыстойнаг-хуссарирыстойнаг журналисттæ?..

Фæлæ сæ фыццаг позицийæ диссагдæр у дыккаг позици. Ныр та фарст æвæрынц иннæрдæм: хъуыдис, дам, æй ссæрибар кæнын æви нæ…Хъуыдис. Уымæн æмæ уый уыдис аслам провокаци. Гаприндашвили махмæ ахæстоны бадтаид, уый махæй бирæ пайдадæр уыдаид Гуырдзыстонæн йæхицæн. Гуырдзыстонæн пайда цы уа, уый махæн зиан кæй хæсдзæн, уый та хъуамæ æмбара авдæны саби дæр.

Уымæй дæр нæм фыдбылыз æндæр рæттæй дæр куы æнхъæлмæ кæса, уæд… Стæй ахæм стыр тасдзинад, Гаприндашвилийы гастролон балц нын иу уысммæ чи ферох кæнын кæна…

Æрцыд, дунеон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм стыр фыдракæнд. Америкæйы Иугонд Штатты президент Трампы комкоммæ бардзырдæй мард æрцыд Ираны национ лидер Сулеймани. Персаг адæм ахæм стыр æфхæрд нæ аныхъуырдзысты, Америкæйы дзуапп раттын æнæмæнг бахъæудзæн… Дзуапп ратдзæн, фæлæ йæхи састы бынаты дæр нæ æрывæрдзæн. Кæрæдзимæ та дард сты, Америкæйы плацдарм хъæуы Ираны ныхмæ. Æмæ Фæскавказы кæмæй хъуамæ спайда кæна плацдармæн? Кæй зæгъын æй хъæуы, сыдæй мæлын кæй нæ уадзы æмæ йæ къæхты хъæрмæ чи кафы, уыцы Гуырдзыстонæй… Хъуамæ дзы сараза, куыд экономикон санкциты, афтæ хæстон архайдтыты плацдарм дæр. Гуырдзыстонæн уыцы бар æмæ «шыно» нæй, цæмæй Америкæйæн «нæ» зæгъа. Куы нæ зæгъа, уæд та ноджы фыддæр – куыддæр Гуырдзыстонæй Иранмæ иу америкæйаг ракетæ дæр атæха, афтæ «мицъайы» иу чысыл гæппæлыл дæр мæрдтæм чи цæуы, уыцы Гуырдзыстонæн – «капут» … Кæд Гуырдзыстоны йæ амонд ахæм «капуттæй» бахиза, уæддæр æм æнхъæлмæ кæсынц æндæр, бынсæфтæй йын зындæр сфæразæн чи уыдзæн, ахæм сæрнизтæ: уый дын милуангай лигъдæттæ, кæцыты ‘хсæн Гуырдзыстоны сылгой-мæгтæн разындзæн мингай ирон «джахъотæ» æмæ лигъдоны фадбарцы æрбафтгæ террористтæ, уыдонимæ уайтагъд баиу уыдзысты, Панкъисы комы хæрзчысыл фадатмæ дæр чи æнхъæлмæ кæсы, уыцы ныгуыппæввонг кисттæ-террористтæ… Æппæт уыдæттæй тæссагдæр та – Лугарайы биолаборатори…

Цы хъуамæ кæна ахæм стыр тас æмæ æнамонддзинады раз æрлæугæйæ Гуыр-дзыстон? НАТО йæ фервæзын кæндзæн? Хæрæджы дымæг!..

Хъуамæ та арсы бын стула, хъуамæ та йыл хур цæгатæй скæса, хъуамæ та йын «оккупанттæ» æфсымæртæ фестой…

Арсы бынмæ лæсгæйæ та йæ фæндаг махыл у… О, махыл! Æмæ хъуамæ рагацау ахъуыды кæнæм ууыл: ленингойраг гуырдзиаг ус ногазон назбæлас кæй нæ сæвæрдта, ууыл афтæ тынг чи фæрыст, уыдон куыд кæндзысты æмæ цахæм позици равдисдзысты, Гуырдзыстон арсы бын стулынмæ куы æрхъава, уæд?..

Уæд тас нæу, йæхи дурæй чи кæлы, уыцы мæсыг бынтондæр куы ныккæла, уымæй?!.

                                                                                                      ГÆБÆРАТЫ  Юри

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.