РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти кусæгон æмбырд ауагъта Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг 2015-2017 азы Инвестицион программæ куыд æххæст цæуы, уыцы фарстыты фæдыл. Æмбырды хайад райстой Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы министр Лев Кузнецов, Республикæ Татарстаны Президенты æххуысгæнæг Фарит Ханифов, Республикæ Хуссар Ирыстоны арæзтады фарстыты фæдыл уынаффæгæнæг Дмитри Туманов, хуссарирыстойнаг фарсы æмæ арæзтадон организациты минæвæрттæ.

Инвестпрограммæйы объекттыл азилыны фæстæ æмбырды арæзт æрцыд хатдзæгтæ. Хицауады Сæрдар банысан кодта, зæгъгæ, цæрæнуæтты арæзтадон æмæ æндидзынгæнæн куыст, стæй цæрæнуатæй хъуаг æмбæстæгты цæ-рæнттæй сифтонг кæныны фарстытæ сты республикæйæн ахсджиаг фарстытæ.

Компани «СоюзПроектСтрой» цы объекттæ аразы: цæрæн хæдзæрттæ, дзулфыцæнкомбинат æмæ æндæртæ, уыдон Хицауады Сæрдар схуыдта ахсджиаг социалон проекттæ. Уымæ гæсгæ уыдон сæххæст кæнынмæ здæхт цæуы уæлдай хъусдард. «Куысты ацы фæдыздæхты ацы аз мах нæ разылæууæг æппæт хæстæ сæххæст кодтам», – загъта Хъуылымбегты Доменти.

Дарддæр Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы министр Лев Кузнецов загъта, зæгъгæ, уый иу æмæ дыууæ хатты нæ банысан кодта, фыццаджыдæр, Уæрæсейы Федерацийы æххуысæй Хуссар Ирыстоны территорийыл цы проекттæ æмæ программæтæ æххæст цæуынц, уыдоны ахсджиагдзинад. Уый банысан кодта, зæгъгæ Инвестпрограммæйы объектты арæзтады ис хорз размæцыд, афтæ ма бафиппайдта, зæгъгæ, куыстыты организацийы принциптæ æмæ сæ фæуыны æмгъуыдтæ æрæмныхгонд раджы æрцыдысты.

Йæ раныхасы ма уый загъта, зæгъгæ, сабиты рынчындоны комплексы арæзтады фæдыл æвзæры иукъорд фарсты, фæлæ, куыд банысан кодта, афтæмæй уæлæмхас ивддзинæдтæ хынцгæйæ, ацы объекты ницы тыхстдзинад æвзæры.

«Иу-цалдæр объекты та, кæд æмæ сæ куысты гъæд фæхуыздæр, раздæр-иу куыд уыдтам, уымæй, уæддæр ацы динамикæ нырма лæмæгъ у. Уымæ гæсгæ мæн æмбырды фæлгæтты фæнды банысан кæнын, кæд раздæр мах лæгъстиаг уыдыстæм подрядонтæн, æндæр уавæр нын кæй нæ уыд, уый аххосæй, уæд ныртæккæ та ис, сæрибарæй уæ чи раивдзæн, ахæмтæ. Æмæ уæдæ нæ ахастыты риторикæ дæр иумæйа-гæй фæдæрзæгдæр уыдзæн», – фехъусын кодта уый.

Дарддæр Лев Кузнецов фергомдæр кодта йæ хъуыды, ома хуссарирыстойнаг æмæ уæрæсейаг фæрстæ æххæст кæндзысты сæ хæстæ подрядон организациты раз. Æппæт проекттæ дæр æрцыдысты ифтонг финанстæй, афтæ ма скъуыддзаг æрцыдысты  инженерон-техникон фарстытæ дæр. Йæ бадзырдон хæстæ чи не ‘ххæст кæна, уыдонимæ нæ бадзырдтæ хæлд æрцæудзысты.

«Уымæн æмæ финансон ресурсты дэффицит абоны хуызæн никуы æвзарæм, æвзарæм къуындæгдзинад æмæ социалон хъуагдзинæдтæ, æмæ ахæм уавæрты æбæрн-дзинадæн хъуамæ бынат ма уа», – загъта кæронбæттæны УФ-йы министр.

Федералон къухдариуæггæнæгимæ ног фембæлд нысан æрцыд сентябры мæйы.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.