Цхинвалы районы Присы бæрзæндыл фæстаг фадыджы Уæрæсейы Уæлвæткон уавæрты министрады центр «Лидер»-ы сапертæ ирвæзынгæнæн операцитæ ауадзыны рæстæджы ссыгъдæг кодтой тæссаг предметтæй æмæ лæвæрд æрцыд. Церемонийы рæстæджы къорды командир булкъон Александр Шевченко РХИ-йы Уæлвæткон уавæрты министрады сæргълæууæг Тадтаты Аланæн радзырдта 2017 азы республикæйы территорийыл бакæнгæ куысты тыххæй.

«Центр «Лидер»-ы къорд ссыгъдæг кодта 3,6 гектары, сæдас æмæ скуынæг кодта 105 хæлæн æрмæджы», – банысан кодта булкъон.

Æнтысты æмæ фидар æнæниздзинады фæндиæгтæ сапертæн загъта Тадтаты Алан.

«Республикæйы разамынады æмæ сæрмагондæй мæхи номæй мæн фæнды сымахæн бузныг зæгъын нæ территориты тæссаг предметтæй ссыгъдæг кæныны тыххæй, – загъта Тадтайы фырт. – Уæрæсейы Федерациимæ бадзырдмæ гæс-гæ минæтæй ссыгъдæг кæныны программæйы нысан ис центр «Лидер»-ы саперты æртæ азы дæргъы хуссарирыстойнаг территориты ссыгъдæг кæнынмæ æрба-хонын. Сымахæй бирæтæн уый у Хуссар Ирыстонмæ дыккаг командировкæ,  фи-дæн азы та уæ куыст уыдзæн æнцондæр, уымæн æмæ дыууæ азы дæргъы бирæ цыдæртæ базыдтат».

Центр «Лидер»-ы отряды къухдариуæггæнæг булкъон Анатоли Саввин бузныг загъта республикæйы адæм æмæ РХИ-йы Уæлвæткон уавæрты министрады сæргълæууæгæн, Хуссар Ирыстоны кусыны рæстæджы сапертæн цы æппæт-варсон æххуыс кодтой, уый тыххæй.

«Уæрæсейы Уæлвæткон уавæрты министрадæн приоритетондæр у адæмы æдасдзинад, уыдоны цард æмæ æнæ-низдзинад бахъахъхъæнын, – банысан кодта Саввин. – Хуссар Ирыстоны кусыны рæстæджы ссардæуыд æмæ скуынæгчындæуыд фистæг æфсады æмæ танкæты ныхмæ минæтæ, уыдон арæх спырх вæййынц адæмыл. Растдæр уый æз нымайын нæ куысты сæйраг фæстиуæгыл».

Уæлвæткон уавæрты министрады уæрæсейаг центры сапертæ æмæ РХИ-йы Уæлвæткон уавæрты министрады къухдариуæгад сæ къухтæ æрфыстой Цхинвалы районы Присы бæрзæнды территорийыл бакæнгæ куысты тыххæй актыл.

Уæрæсейаг фарсæрдыгæй актыл къух æрфыста Александр Шевченко, хуссарирыстойнаг фарсæрдыгæй та – Цхинвалы районы администрацийы сæргъ-лæууæджы хæдивæг Бибылты Валери.

«Лидер»-ы къорды пиротехниктæ журналисттæн фенын кодтой тæссаг предметтæ раргом кæнын æмæ скъахыны процесс, афтæ ма радзырдтой робототехникон фæрæзы куысты тыххæй, уый фæстæ куынæг æрцыдысты, кæй ссардæуыд, уыцы минæтæ.

Банысан кæнын хъæуы, ацы территори ссыгъдæг кæныныл кæй архайдтой 30 саперы æмæ техникæйы 5 иуæджы. 2016 азы Уæлвæткон уавæрты министрады уæрæсейаг центр «Лидер»-ы сапертæ ссыгъдæг кодтой 50 гектары территори Цхинвалы районы Ереды хъæуы алыварс. Уæд та ссардæуыд 300 фылдæр алыгъуызон хæстон æрмæджытæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.