Чизоны йыл уæхæдæг дæр нæ сæттут ацы хъуыддагыл уæхицæн.

1. Æгæр бирæ рæстæг хардз кæнут ахæм хъуыддагыл, кæцыйы æппындæр аразын нæ хъæуы.

Компьютерон хъæзтытæ, фырнозт, фырхæрд, алыгъуызон шоутæм кæсын æмæ сыл уæ рæстæг дзæгъæлы хардз кæнын, æппынæдзух телефонмæ кæсын æмæ афтæ дарддæр. Ахъуыды кæнут, цæуыл хардз кæнут уæ цард дзæгъæлы? Цæмæн сафут ацы æнæпайда митыл уæ рæстæг? Хæссынц уын исты пайда? Сдзуапп сын кæнут æмæ лæмбынæг ахъуыды кæнут æмæ фæивут уæ цардмæ уæ ахаст. Уæ сомбоны цардæн уын исты пайда æрхæсдзысты æви нæ? Кæд нæ, уæд фæивут уæ цардмæ уæ цæстæнгас.

2. Арæх фæхъаст кæнут.

Ис ахæм адæм, кæцытæ цардæй арæх фæхъаст кæнынц, цард сæм кæсы тынг уæззау æмæ æппынæдзух йæ кой фæкæнынц. Чизоны, сымах дæр ахæмтæм хаут. Кæд æмæ æппынæдзух хъаст кæнут уæ куысты хистæрæй, уæ мыздæй, уæ сыхæгтæй, уæд уæхæдæг дæр парахат кæнут уæ алыварс адæмыл негатив. Фæлæ ахæм ахаст цардмæ ницæмæн не ‘ххуыс кæны, фæлæ уын цæлхдуртæ æвæры уæ развæндæгтыл. Уæ тыхтæ радтут æппæтдæр уымæ, цæмæй ахæм негативон хъуыдытæй уæхи ссæрибар кæнат æмæ арæхдæр дзурут, цæмæй исут æхцондзинад царды æмæ дзы уæ зæрдæмæ цы цæуы, уый.

3. Уæхиуыл нæ кусут, уæ сæры магъз нæ кусын кæнут.

Размæ куыннæ цæуат æмæ ногдзинæдтыл куыннæ ахуыр кæнат, куы ницæуыл ахуыр кæнат, уæд фæзыны бастад. Лæугæ доны хъуына куыд фæзыны, афтæ гæнæн ис ахæм цау дæр æрцæуа уæ сæры магъзыл, куыннæ йыл кусат, уæд.

4. Ныффидар стут негативон хъуыдыты.

Хинымæр ныхас гæнæн ис тынг бандава уæ цардыл. Уæхицæн куы дзурат, кæй не стут фаг зондджын æмæ æмбаргæ, цæмæй уæ куысты размæ рацæуат кæнæ бакæнат уæхи амалиуæгад, уæд, æцæгæйдæр, афтæ рауайдзæн. Æппынæдзух куы фæлхатт кæнат уæхи мидæг, кæй бафæлладыстут æмæ уæм тыхтæ кæй нал ис, цæмæй исты фæиват æмæ ногдзинæдтæ бахæссат уæ цардмæ, уæд уын, æцæгæйдæр, ницы рауайдзæн.

5. Уæ уд нæ улæфы.

Уæ зæрдæ цæмæй райы, ахæм хъуыддагмæ æркæсут, уæхи аирхæфсут. Бирæтæ нымайынц, кæй сæ ницы æндавы æмæ сæ кæй ницы цымыдис кæны, фæлæ уый афтæ нæу. Алы адæймагæн дæр ис, йæ рæстæг цæуыл арвита, ахæм хъуыддаг, йæ уд кæм баулæфа, ахæм бынат.

6. Уæ фидæнæн пълан нæ аразут.

Ойы, ахсджиаг у ныры рæстæджы цæрын, фæлæ, уыимæ иумæ уæ фидæныл хъуыдыгæнгæйæ. Уæ разы сæвæрут нысан æмæ йæм цæут сæрыстырæй. Уæхимæ байхъусут æмæ уал чысыл къахдзæфтæй райдайут цæуын уæ фидæны нысанмæ.

7. Æгæр бирæ рæстæг хардз кæнут ахæм адæмимæ, кæцытæ уæ фæстæмæ кæнынц.

Ахæмты та æнæхъуаджы нæ хонынц энергетикон тугцъиртæ. Ахæмтæ адæймагæй æнцъирынц йæ энерги æмæ йын уый бæсты та дæтгæ ницы фæкæнынц. Ахæмтимæ размæ нæ рацæудзыстут ницæмæй, ницæмæй хуыздæр нæ фæуыдзыстут. Бацархайут, цæмæй мауал æмхиц кæнат ахæм тугцъиртимæ кæннод та сæ уæхи дард хизут.

8. Уæ цард иууылдæр баст у телефонимæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, дуг афтæ æрдомдта, æмæ æнæ телефонæй ничиуал у, фæлæ дзы æгæр арæх фæпайда кæнæм. Ахъуыды ма кæнут, цас рæстæг бахардз кодтам æмæ дарддæр дæр хардз кæнæм, телефоны мидæг бадгæйæ, интернеты аныгъуылгæйæ. Иннæрдыгæй та уый, æмæ уый кæй æндавы нæ алыварс адæймæгтимæ ахастытыл дæр. Уæ бинонтимæ иумæ рæстæг æрвитгæйæ, æрæвæрут уæ телефон иуварс æмæ уæ рæстæг арвитут семæ.

9. Æнæхъуаджы æхца калут æнæпайда дзаумæттыл æмæ мигæнæнтыл.

Æнæхъуаджы æхца фæхардз кæнут ахæм дзаумæттыл æмæ мигæнæнтыл, кæцытæ уæ нæ хъæуынц æмæ уæ, чизоны, нæдæр бахъæуой. Куы йыл ахъуыды кæнæм, уæд адæймаджы бирæ нæ хъæуы, фыццаджыдæр, хæрд, хæдзар. Æркæсут лæмбынæг уæ хæрдзтæм æмæ сыл ахъуыды кæнут, хъæуы ма уæ дарддæр ахæм уæлдай митæ æви нæ.

10. Цас æмбæлы, уыйас нæ фынæй кæнут.

Алчи дæр æй зоны, фынæй æнæниздзинадыл куыд æндавы, уый. Кæд арæх æрæгмæ схуыссут æмæ цъус йедтæмæ нæ бафынæй кæнут, уæд уæхицæн стут уе знаг. Уæ цайдагъдзинæдтæм æркæсут æмæ фылдæр рæстæг хицæн кæнут фынæйæн.

11. Уæ хъус нæ дару уе ‘нæниздзинадмæ.

Уæ физикон активондзинадмæ уæ хъус æрдарут, фылдæр змæлут æмæ уæ хæрдæн та режим саразут.

12. Цардæй æхцондзинад нæ исут æмæ уæ зæрдæ ницæмæ райы.

Тырнут уымæ, цæмæй уæ цардæй æхцондзинад исат æмæ уæ зæрдæ райа. Кæд æнамонд стут, уæд та уæ цард фæивут, уæ бон цас у, уыйас. Фыццаджыдæр, уæхи бахизут ахæм хъуыдыйæ, ома, уæ бон кæй ницы суыдзæнис фæивын. Æцæгдæр, ахæм хъуыдытæ фæхъыгдарынц царды хорзæй исты саразынæн. Фæивдзыстут уæ хъуыдыкæнынад – фæивдзæнис уæ цард дæр!

Æрмæг мыхуырмæ бацæттæ кодта

ДЫГЪУЫЗТЫ Зæринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.