Алчи дæр зоны, наци бæрæггæнæг сæйраг миниуæг æвзаг кæй у. Нацийæн æнæ æвзагæй уæвæн нæй, нæй æвзаг – нæй наци дæр. Уымæн фыста Расул Гамзатов, зæгъгæ, кæд райсом амæлдзæнис ме ‘взаг, уæд цæттæ дæн абон дæр мæлæтмæ.

Алы адæм дæр сæ бон цы у, уымæй архайынц, сæ национ æвзаг рæзын æмæ хъæздыг кæныныл, йæ сыгъдæгдзинадыл.

Ирон адæмы номдзыд хъæбул Тыбылты Алыксандр йæ рæстæджы фыста: «Размæ нæ ацæудзыстæм, нæ зонд не стыхджын уыдзæн, йæ фисынтæ йын нæхи æвзагыл куынæ самайæм, йæ уидæгтæ йын нæхи æвзагыл куынæ сфидар кæнæм, уæд». Уартæ ма паддзахы заманы хæдахуыр фыссæг Гæдиаты Секъа дæр тыхстис йæ мадæлон æвзаджы хъысмæтыл æмæ йæ мадæлон æвзагмæ куыдфæндыйы цæстæй чи кастис, уыдонæн уайдзæф кодта, æдзух сидтис, цæмæй йыл ма уæлæхох кæной

Секъа хорз æмбæрста, не ‘взаг куы фесæфа, уæд йемæ кæй фесæфдзысты нæ куырыхон хистæртæ нын сæ фæстæ цы бирæ диссаджы зарджытæ, таурæгътæ, аргъæут-тæ, ирон фынджы рæсугъд æгъдæуттæ ныууагътой, уыдон. Æмæ уыдон та махæн сты царды æцæг скъола, нæ цæугæ хæзнатæ. Уыцы хæзнадон у нæ мадæлон æвзаг æмæ цæуы иу фæлтæрæй иннæмæ, нæртон ронджы къусау сысгæ нæ кæны.

Мадæлон æвзаджы ад сабийы уæнгты æнæмæнгдæр хъуамæ ахъара йæ мады æхсыримæ. Мады рæвдаугæ, узæлгæ дзырдтæ саби ацахсы, йæ авдæны ма куы вæййы, уæд.

Йæ рæстæджы дзæнæттаг, академик Джусойты Нафи арæх дзырдта: «Дзырд куы æнкъарай æмæ йын банкъарæн та ис, чысылæй йыл куы схъомыл уай, уæд, 14-15 азмæ, ома, уæдмæ хъуамæ ахуыр кæнай дæхи мадæлон æвзагыл. Æмæ, уыцы æнкъарынад куы сфидар уа адæймаджы уæнгты, зонды, зæрдæйы, уæд æй никуыуал ферох кæндзæнис, йæ ад та цæрæнбонтæм баззайдзæнис дæ зæрдæйы».

Æмæ, уæддæр æмæ уæддæр, алы нацийæн дæр, цæмæн у ахсджиаг йе ‘взаг æмæ йæ афтæ лæмбынæг цæмæн хъуамæ ахуыр кæна? Уый фæдыл нын сæ хъуыдытæ загътой:

Битарты Зойæ, Профессор, «Æвзаг у хъуыды саразыны æмæ хъуыды зæгъыны хотых, æвзаг у, æхсæнад цæмæй архайы, уыцы фæрæз. Махмæ ахæм хуыды æрхæццæ ис, канд нæхи ахуыргæндтæй нæ, фæлæ дунейы ахуыргæндтæй дæр.

 Мæхи хъуыды дæр у ахæм: æвзаг у, адæймаджы удыгъæд схъомыл кæныны фæрæз. Куыдфæнды ма сахуыр кæнай æндæр адæмты æвзæгтæ, æмæ дæхи æвзаг хорз куынæ зонай, уæд дæс хатты дæхи ирон куы ныффыссай, уæддæр нæ уыдзынæ ирон. Дæ мадæлон æвзагыл куы схъомыл уай, уæд та уыдзынæ дæ адæмы хъæбул, дæ адæмы монондзинадыл тыхсæг, хæрзвæткон фæ-рæзтæ æмæ архæйдтытæ аразæг. Иугæр адæймаг йæ мадæлон æвзагыл куы схъомыл уа æмæ куы бамбара уыцы ахсджиагдзинад, уæд уый свæййы нацийы менталитет, хъомылгæнæг.

Алы наци дæр кæрæдзийæ хицæн кæнынц канд се ‘взагæй нæ, фæлæ сæ уагахастæй, се ‘гъдауæй, сæ хъуыдытæй æмæ уыдон тауæг та у æвзаг.

Ацы бæрæгбон 15 маймæ кæй æрцыд, уый дæр хуымæтæджы нæу. Уыцы бон рацыдис Къостайы «Ирон фæндыр». Æмæ Къостайы «Ирон фæндыр» та, куыд фæзæгъынц, чырыстон динæн библи куыд у, афтæ у ирон адæмæн. Уымæн æмæ уыцы чиныджы бакæсæн ис алы хъуыды дæр. «Ирон фæндыр» ахæм нуарджын æмæ æлвæст æвзаг у æмæ абоны бон дæр никæмæн ма бантыст йе сфæлхатт кæнын. Тындзынц, архайынц æндæртæ дæр, фæлæ генийæн сфæлхатгæнæн нал вæййы. Æмæ нын цы ныууагъта Къоста, уый хъуамæ цæстыгагуыйау хъахъхъхъæнæм.

Тыбылты Ингæ, филологон зонæдты кандидат.

– Мадæлон æвзаг у мады æвзаг, афтæ фехъусæн ис адæмы æмæ æхсæнады æхсæн. Æмæ, æцæгæйдæр, мадæлон æвзаг мадау адджын у. Фыццаг дзырд дæр саби скæны йæ мадæлон æвзагыл æмæ бахъуыды кæны фаг дзырдтæ. Хъуыды кæнын дæр фæархайы йæхи мадæлон æвзагыл. Мах хъуамæ æмбарæм – не ‘взаг у нæ истори. Абон цыдæриддæр зонæм нæ фыдæлты цардæй, дзырдæн, зæгъæм, сæ ахастытæ æндæр адæмтæм, сæ культурæ, се ‘гъдæуттæ, уыдон мах зонæм не ‘взаджы фæрцы. Гъе, уымæ гæсгæ, махæй алкæмæн дæр не ‘взаг хъуамæ уа зынаргъ цыкурайы фæрдыгау.

Канд 15-æм майы нæ, фæлæ æрвылбон дæр мах хъуамæ архайæм не ‘взаджы аивдзинадыл, хъахъхъæнæм æй, кусæм ыл, парахат æй кæнæм æмæ йын уæд тас нæу фесæфынæй.

Чилæхсаты Залинæ, 6-æм скъолайы ирон æвзаджы ахуыргæнæг.

– Æз хъуыды кæнын, советон дуджы-иу ныййарджытæй бирæтæ сæ сывæллæтты ирон æвзаджы уроктæй акодтой гуырдзиагмæ, зæгъгæ, ирон æвзаг зын ахуыргæнæн у. Фарстæуы, уæдæ йæ куыд сахуыр кодтой Миллер, Шегрен, Ахвледиани? Уыдон се ‘ппæт дæр ирон æвзагæй систы зындгонд ахуыргæндтæ. Цæмæй нæ дуджы дæ мадæлон æвзаг ахуыр кæнай, уый тыххæй арæзт æрцыдис æмæ цæуы алыгъуызон чингуытæ. Æз арæх фæфæрсын мæ ахуыргæнинæгты, зæгъын ирон чингуытæ уæ чи фæрсы, кæмæ ис Къостайы «Ирон фæндыр»? Æмæ, хъыгагæн, иронау чи кæсы, ахæмтæ се ‘хсæн разыны хæрзцъус. Уый бирæбæрцæй баст у ныййарджытыл дæр. Уыдон хъуамæ архайой сæ сывæллæттæн мадæлон æвзаг бауарзын кæныныл. Ирон сывæллон хъуамæ зона ирон рухстауджытæ Колыты Аксо, Æгъуызаты Иуане, ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къоста, ирон прозæйы бындурæ-вæрæг Гæдиаты Секъа æмæ иннæ ирон фысджыты дæр. Кочысаты Мухарбег дæр æнæ-хъуаджы нæ фыста, зæгъгæ, мадæлон æвзагæй, Фыдыбæстæйæ адджындæр ницы ис.

Ирон æвзаг хъæздыг æвзаг у æмæ дзы хъуамæ пайда кæнæм. Бирæтæ хуымæтæг ирон дзырдæй бирæтæн сæ нысаниуæг нæ фембарынц. Æмæ уымæй хъыгагдæр зæрдæйæн цы хъуамæ уа.

Уæдæ, æвзаг адæймаджы хъысмæт у, цы наци йыл дзурынц, уыдоны хъысмæт. Афтæ иннæ ‘рдæм дæр. Æвзаджы хъысмæт адæймагæй, нацийæ æвдисгæ у, даргъ историон фæндагыл сæ хъысмæт иу вæййы. Æмæ куыд зонæм, афтæмæй нæм не ‘взаг та æрхæццæ ис уæззау историон фæндагыл нæ нæргæ фыдæлтæй. Историйы уадтымыгътæ нын æвдæрзтой нæ фыдæлты, сæ гуыргъахъ фæндæгтыл цæугæйæ сæ бæрц къаддæрæй къаддæр кодта, сæфтой сæ зæххытæ, фæлæ нæ фесæфтой сæ мадæлон æвзаг, цыкурайы фæрдыгау æй бахъахъхъæдтой, афтæмæй йæ æрхæццæ кодтой æмæ нæрыдис нæ хæхты, нæ кæмтты ирон дзырд.

Хорз уаид, мадæлон æвзаг нын азæй азмæ адджындæр куы кæнид, зæрдæмæ æввахсæй æввахсдæр куы лæууид. Уый та мадæлон æвзагæн йæхицæй кæнгæ нæу. Махæй кæнгæ у, махæй аразгæ у. Мах ыл куыд дзурæм, не ‘рвылбонон царды дзы куыд пайда кæнæм, ахæм уыдзæнис йæ хъысмæт. Фæлæ, хъыгагæн, алкæмæн йæ зæрдæйы нæ райгуырынц мадæлон æвзагмæ уарзондзинады æнкъарæнтæ æмæ йыл суæлæхох вæййы, æцæгæлон æвзаг ын фæадджындæр вæййы æмæ æцæгæлон æвзагимæ фæнывæнды йæ плæнттæ. Ахæмтæй ферох вæййы, мадæлон æвзагмæ пайдайы цæстæй кæсæн кæй нæй.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.