Мады Майрæм у ирон адæмы рагондæр дзуæрттæй, рагондæр бæрæгбонтæй иу. Ахуыргæндтæ куыд зæгъынц, афтæмæй равзæрд аланты дуджы. Ирон адæммæ ныр дæр æмæ раджы дæр сылгоймаг кадджын уыди. Суанг ма Болгарийы дæр ис аланты кувæндон Мады Майрæмы номыл.

Мады Майрæмы кувæндæттæ Ирыстоны бирæ уыд, куывтой йæм алы хъæуы дæр. Уæлдай зындгонддæр сты Рекомы Мады Майрæм, Зруджы Мады Майрæм, Мæздæджы Мады Майрæм æмæ æндæр кувæндæттæ.

Йæ бæрæгбоны – майрæмы мæйы фæстаг къуырийы – кодтой хъæугуывдтæ. Дзуары бынмæ-иу æрцыдысты æрыгон сылгоймæгтæ æмæ чызджытæ. Сæхи йыл фæдзæхстой æнæзæнæг сылгоймæгтæ, цæмæй сæ дзуары хорзæх уа, цот сын рантыса. Мады Майрæмы дзуары бынмæ-иу ног чындзы æрбакодтой æмæ-иу ын уым скуывтой, цæмæй каркау бæдулджын уа, авд лæппуйы æмæ йын иу цъæхдзаст чызг рантыса, ноггуырд сабиты-иу æрбахастой æмæ-иу сæ дзуарыл фæдзæхстой.

Мады Майрæммæ сылгоймæгтæ абон дæр кувынц, табу йын кæнынц, цæмæй сæ йæ хорзæх уа, цы сывæллæттæ сын рантыса, уыдон æнæнизæй, æнæфыдбылызæй рæзой.

Галилейаг чысыл горæт Назареты цардысты ацæргæ æмкъæйттæ – Иоаким æмæ Анна. Дыууæ цардæмбалы дæр уыдысты раст адæймæгтæ æмæ хуыцаумæ кувджытæ. Сыгъдæг цардæмбæлт-тæ дæргъвæтин рæстæджы дæргъы уыдысты æнæзæнæг æмæ æппынæдзух хъынцъым кодтой, сывæллæттæ сын кæй нæй, ууыл. Иу хатт Иоаким стыр бæрæгбоны рæстæджы Иерусалимы аргъуанмæ бахаста лæвæрттæ Хуыцауæн. Фæлæ сауджыны нæ ба-фæндыд сæ райсын, æнæзæнæг, кæй уыд, уымæ гæсгæ, æмæ сывæллæттæ та нымад цыдысты Хуыцауы лæварыл.

Уыцы рæстæджы йæ цардæмбал уыд хæдзары æмæ фехъуыста, зæгъгæ, йын аргъуаны сау-джын нæ айста йе ‘мкъайы лæвæрттæ, æнæзæнæг кæй сты, уый аххосæй. Анна ма базыдта уый дæр, æмæ йæ цардæмбал хъынцъымгæнгæ æмæ кӕугæйæ кæй ацыд æдзæрæг ранмæ, æмæ йæхæдæг дæр скуыдта. Анна ацыд дыргъдонмæ, сбадт лавыры бæласы бын, арф ныуулæфыд æмæ цæссыгæйдзаг цæстытæй арвмæ скæсгæйæ, уæлийæ фæхатыд ахстон, цыран цъыбар-цъыбур кодтой цъиуы чысыл лæппынтæ. «Æгæрыстæмæй цъиутæн дæр ис лæппынтæ, фæлæ махæн зæрыбоны нӕ уыдзæн ахæм амонд», – ахъуыды кодта Анна.

Уæд æм æнæнхъæлæджы фæзынд зæд. Уый йын загъта: «Ды басывæрджын уыдзынæ æмæ ныййардзынæ чызг, уый уыдзæн арфæгонд æмæ алцæмæй уæлдæр. Чызджы  руаджы Хуыцауы арфæ райсдзысты æппæт зæххон адæмтæ. Уый руаджы æппæт адæмæн лæвæрд æрцæудзæн фервæзт. Йæ ном хуындзæн Мария».

Уыцы рæстæджы зæд фæзынд æдзæрæг ранмæ Иоакиммæ дæр. Уый йын загъта: «Иоаким! Хуыцау дын фехъуыста дæ куывдтытæ æмæ йæ бафæндыд дæуæн йæ арфæ балæвар кæнын. Дæ цардæмбал Анна басывæрджын уыдзæн æмæ ныййардзæн чызг. Кæцы уыдзæн æхсызгон æнæхъæн дунейæн дæр. Мæнæ дын нысан, раст кæй дзурын, уый тых-хæй: ацу аргъуанмæ  Иерусалиммæ, æмæ уым Сыгъзæрин кулдуары цур ссардзынæ дæ цардæмбал Аннайы, уымæн дæр æз загътон ацы ныхæстæ».

Дисы бахаугæ Иоаким æппæт зæрдæйæ Хуыцауæн арфæ кæнгæйæ, цингæнгæ тагъдыл ацыд Иерусалиммæ аргъуанмæ. Зæд ын куыд загъта, афтæ уым федта Аннайы, Сыгъзæрин кулдуары цур Хуыцаумæ кувгæйæ, æмæ йын радзырдта, зæды тыххæй. Уый дæр йе ‘мкъайæн радзырдта, цы федта æмæ цы фехъуыста Чызг ныййарыны тыххæй, уыдон. Аргъуаны Хуыцауæн бакувгæйæ, æмкъæйттæ раздæхтысты хæдзармæ.

Фараст мæйы фæстæ Аннайæн райгуырд чызг, сыгъдæгдæр æмæ арфæйагдæр. Уый уыд алцæмæй уæлдæр, Хуыцауы раз адæмы сæ-рыл хæцæг. Йæ райгуырдыл ын цин кодтой арв дæр æмæ зæхх дæр. Йæ райгуырды цытæн Иоаким Хуыцауæн æрхаста стыр лæ-вæрттæ æмæ амæттæгтæ, райста арфæ сауджынæй æмæ æппæт адæмæй, Хуыцау ын йæ арфæ кæй саккаг кодта, уый тыххæй. Уый фæстæ йæ хæдзары сарæзта стыр куывд, æмæ иууылдæр цин æмæ арфæ кодтой Хуыцауæн.

Сыгъдæг Аргъуан растæй хоны Иоаким æмæ Аннайы Хуыцауы фыдтæ, уымæн æмæ сæ Сыгъдæгдæр Чызг Мария ныййардта Иисус Христосы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.