Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли фембæлд Мады Майрæмы уаз икъонæ «Авдфатон»-ы хъахъхъæнæг Сергей Фоминимæ.

Иконæ æрхастой Цхинвалмæ  Сыгъдæг Æртиууон  Хуыцауы аргъуанмæ.

Фембæлды хайад райстой Дины фæдыл Президенты цур Æххæстбарджын минæвар Хуыбиаты Соня, Цхинвалы Сыгъдæг Æртиууон Хуыцауы аргъуаны уагæвæрæг фыд Серги, Уæрæсейы Хъайтар Александр Пегишев æмæ Уæрæсейы хъайтарты цæдисы уæнгтæ Владимир Короев æмæ Константин Чернышов.

Уазджытæн раарфæ кæнгæйæ, Бибылты Анатоли бузныджы ныхæстæ загъта Мады Майрæмы икъонæмæ бавналыны фадат сын кæй ис, кæцы æвдыст цæуы РХИ-йы цæрджытæн æмæ уазджытæн.

«Иконæ нын ноджы иу хатт фадат дæтты æнгомдзинадыл ахъуыды кæнын, æмæ ахъуыды кæнын æнгомдзинад æмæ хатыр кæнынæй хуыздæр ницы ис. Чырыстæттæн уый у тынг ахсджиаг», – загъта Бибылты Анатоли æмæ банысан кодта, ацы бонты Хуссар Ирыстоны чырыстæттæ кæй æр-бацæуынц икъонæйы раз скувынмæ.

Парламенты сæргълæууæг банысан код-та, Мады Майрæм сын кæй æххуыс кæны, уый. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый тыххæй æвдисæн у, Хуссар Ирыстоны адæм цы зын фæндаг рацыдысты, уый.

«Хæсты рæстæджы бирæтæ федтой Мады Майрæмы хуыз, кæцы у стыр бæрæгбон алы чырыстонæн. Нæ паддзахадæн чырыстон дины рæзт у тынг ахсджиаг. Чырыстон дин дæтты удон тых, Хуыцаумæ уырнындзинад», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Президент ма бузныджы ныхæстæ загъта фыд Сергийæн, кæцы йæ рæстæджы хæстон архайдтытæй хъахъхъæдта йæ Райгуырæн зæхх.

«Йæ куывдтытæ æххуыс кæнынц нæ адæмæн сæхи ма фесафын æмæ дины мидæг сæхи ссарын», – загъта уый.

Йæ фарсæрдыгæй, фыд Серги бузныджы ныхæстæ загъта паддзахады сæргълæууæгæн, организатортæн æмæ æппæт хайадисджытæн, кæцытæ Хуссар Ирыстонмæ иконæ æрластой.

Бибылты Анатоли ма бузныджы ныхæстæ загъта Александр Пегишевæн, Хуссар Ирыстоны æмбæстагæн, кæцы алыхаттдæр ис нæ фарсмæ ахсджиаг æмæ зæрдылдарæн бонты рæстæджы, æмæ Хъороты Владимирæн, кæцы йæ цард снывонд кодта чырыстон динæн лæггад кæнынæн.

«Мæнæн тынг æхсызгон у Хуссар Ирыстонмæ æрцæуын. У мæ Рыйгуырæн зæхх. Хуыцау зæгъæд, цæмæй Мады Майрæм æххуыс кæна, цæмæй йæ арфæ æртыхса Хуссар Ирыстоныл», – загъта Хъороты Владимир.

Фембæлды кæрон паддзахады сæргълæууæг Сергей Фомины схорзæхджын кодта Хæлардзинады орденæй культурон традициты рæзт æмæ сфидар кæныны æмæ активон æхсæнадон-политикон архайды тыххæй.

Йæ рады, Сергей Фомин Хуссар Ирыстонæн раарфæ кодта дидинæфтыд Мады Майрæмы армы бын. «Хуыцаумæ куыд æввахсдæр стæм, афтæ æввахс стæм адæммæ», – загъта уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.