Республикæ Хуссар Ирыстоны чырыстон динылхæст адæмыл сæмбæлдис стыр æхсызгон хабар. Адæмæн фехъусын кодтой, зæгъгæ, нæ республикæмæ æрласдзысты Мадымайрæмы «Авдфатон» иконæ æмæ афтæ дæр æрцыдис. 6-æм октябры Цхинвалы Сыгъдæг Æртиуон Хуыцауы Аргъуанмæ 5 боны æмгъуыдмæ æрластой, стыр æхсызгонæй адæм лæгъстæмæ кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы Мадымайрæмы «Авдфатон» иконæ æмæ йæм уæдæй нырмæ цæуынц сæхи фæдзæхсынмæ.

Фыццаг бон ыл аргъуаны æрбахизæны сæмбæлдысты цытджын æгъдауæй æмæ йæ афтæмæй æрбахастой аргъуанмæ, ома, чырыстон дин куыд амоны, афтæ æмæ йæ сæвæрдтой аргъуаны астæу. Бæрæг куыд у, афтæмæй ацы иконæ нæ респуликæмæ æрластой ныр цалдæр хатты æмæ уый у тынг хорз хъуыддаг. Фыццаг хатт ацы уаз иконæ куы æрластой нæ республикæмæ, уæд æй æрбахастой æмæ йæ сæвæрдтой, ныр Сыгъдæг Æртиуон Хуыцауы Аргъуан цы бынаты ис, уыцы фæзуаты æмæ дзы уый фæстæ сырæзтис нæ аргъуан. Чырыстон дунейы ацы иконæйæн кæнынц стыр кад æмæ аргъ. У диссаджы уаз ико-нæ æмæ йæм æппæт уырнæг адæм дæр фæтырнынц, цæмæй йæм бацæуой æмæ йæм скувой, бафæдзæхсой йыл сæхи. Иконæ иу бынаты нæ лæууы, æдзухдæр æй хæссынц æндæр æмæ æндæр чырыстон аргъуантæм. Ацы иконæмæ ис иу диссаджы миниуæг – рæстæгæй-рæстæгмæ йæхи æгъдауæй бауымæл вæййы, æртахы хуызы дзы фæцæуы, миро кæй хонынц, уыцы уымæлад. Дины кусджытæ йæ куыд æмбарын кæнынц, уымæ гæсгæ иконæ куы фæуымæл кæны, уæд нæ Хуыцау цавæрдæр фыдбылыз æмæ æнамонд цаутæй фæфæдзæхсы.

Фыд Серги куыд зæгъы, афтæмæй Мадымайрæмы «Авдфатон» иконæйы æххуыс кæй ба-хъæуы, уыдон æм лæгъстæмæ куы æрбацæуынц, уæд рахатынц уаз иконæйы стыр æххуыс. «Авдфатон» иконæ у саузæрдæтæ фæлмæнгæнæг æмæ ныры дуджы тынг хъæуы мах, цæмæй нæ зæрдæтæ æрфæлмæн уой, æрфæсмон кæнæм æмæ уарзæм кæрæдзи. Абон чырыстон адæм хъуамæ кувæм Хуыцаумæ, цæмæй нын радта хæрзиуджытæ, цæмæй нæхи бахизæм æвзæрдзинæдтæй, æвзæр хъуыддæгтæй», – зæгъы Фыд Серги.

Мадымайрæмы «Авдфатон» иконæмæ нæхи фæдзæхсынмæ куы бацыдыстæм, уæд мах дæр федтам, иконæйы авг уымæл кæй дардта, уый. Лæмбынæгдæр æм куы æркастыстæм, уæд та дзы федтам туджы æртæхты хуызæн тæппытæ. Уымæн æвдисæн уыдысты, нæ фарсмæ чи уыд, уыцы чырыстон динылхæст адæм дæр. Фыд Серги куыд зæгъы, афтæмæй ацы туджы æртæхты хуызæн тæппытæ иконæйыл фæзындысты,  Цхинвалмæ йæ куы ‘рластой, уæд.

Мадымайрæмы «Авдфатон» иконæ хъахъхъæнæг æмæ хæрзиуджытæдæттæг кæй у, уый чырыстон адæмæй бирæтæ бавзæрстой сæхиуыл, фæлæ бæрæг нæу йæ автор, нæдæр цы рæстæджы æрцыдис фыст, уый у бæлвырд. «Авдфатон» рагон кæй у, ууыл та дызæрдыг дæр нæ кæнынц, аргъуанты истори чи ахуыр кæны, уыдон. Сæ нымадмæ гæсгæ иконæйы фыццаг сыгъдæг хуыз фыст æрцыдис 500 азæй раздæр, ссардтой йæ Вологдайы зæххыл. Ацы ран иу мæгуыр зæхкусæг лæг бирæ азты дæргъы тох кодта, алы амæлттæй дæр хос кæмæн чи нæ цыдис, уыцы низимæ, уыдис ма къуылых дæр. Иухатт тарфынæй куы бацис, уæд фыны хъусы Хуыцауы хъæлæс, уый йын зæгъы, цæмæй сыгъдæг апостол Иоанн Богословы номыл аргъуанмæ дзæнгæрджыты бынатмæ бацæуа æмæ дзы рагон иконæты æхсæн ссара Мады-майрæмы хуыз, зæрдиагæй йæм скува æмæ уæд йæ хъизæмарæй дæр фервæздзæнис, зæгъгæ. Лæг дыккаг бон бацыд аргъуанмæ, фæлæ йæ хъуыддагæй ницы сарæзта, уымæн æмæ йын йæ ныхæстыл нæ баууæндыдысты аргъуаны кусджытæ. Æртыккаг хатт дæр та йæм фыны æрбацыдис Хуыцау æмæ та йын амоны, цы сараза, уый. Лæг бацыдис ногæй аргъуанмæ, радзырдта та сын йæ фыны хъуыддаг æмæ йын уæд бар радтой дзæнгæрджыты бынатмæ схизынæн. Асинтыл хизгæйæ, лæг федта дæлгоммæ æвæрд иконæйы, кæцыйы сæрты бирæ азты дæргъы хызтысты дзæнгæрæгцæгъдджытæ. Уыдон æй ницæмæ æрдардтой, æнхъæлдтой, зæгъгæ, у хуымæтæджы фæйнæг æмæ афтæмæй чъизи кодтой уаз иконæйы. Уайтагъд æй систой, ныссыгъдæг æй кодтой æмæ йæ разы сæххæст кодтой, дин куыд амоны, ахæм бакуывд. Рынчын лæг дæр æм скуывта, Хуыцау ын куыд бацамыдта, афтæ æмæ йæ низæй фервæзт.

Диссагæн ма хастой ацы иконæйы стыр тых, Вологдайы зæххыл емынæйы рын куы сыстадис, уæд дæр. Сауджынтæ уæд сфæнд кодтой æмæ иконæйы рахастой аргъуанæй, цæмæй йемæ сарæзтаиккой дзуарджын цыд. Алы адæймаг дæр-иу ыл куы амбæлдис, уæд-иу æм скуывтой, цæмæй сæ фервæзын кодтаид сæ иумиаг низæй æмæ æцæгæй дæр фесæфтис рын.

Ныр дæр фыдрын дунейыл кæй сыстад æмæ адæмæн тæссаг кæй у, уый тыххæй мах дæр, чырыстон адæмы фылдæр ку-вын хъæуы  Хуыцаумæ.

Цхуырбаты Лариса

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.