Ацы бонты Республикæ Хуссар Ирыстоны чырыстон динылхæст адæмыл сæмбæлдис стыр æхсызгон хабар. 10-æм сентябры Цхинвалы ногарæзт Сыгъдæг Æртиууон Хуыцауы Аргъуанмæ дыууæ боны æмгъуыдмæ æрластой Мадымайрæмы иконæ «Авдфатон» æмæ йæм адæм цæуынц сæхи фæдзæхсынмæ. Уаз иконæ æрластой Мæскуыйæ æмæ уал фыццаг цалдæр бон фæцис Цæгат Ирыстоны уæвæг аргъуанты.

Фыд Серги куыд загъта, уымæ гæсгæ ацы уаз ныв ныр æртыккаг хатт æрластой Хуссар Ирыстоны зæхмæ æмæ йæм адæм тынг æхсызгонæй æрбацæуынц лæгъстæмæ. «Чырыстон дунейы ацы иконæйæн кæнынц стыр кад æмæ аргъ. У диссаджы уаз иконæ æмæ æппæт уырнон адæм фæтырнынц, цæмæй йæм бацæуой æмæ йæм скувой, бафæдзæхсой йыл сæхи. Йе ‘ххуысы сæр кæй бахъæуы, уыдон æм куы æрбацæуынц, уæд æнæмæнгдæр рахатынц уаз нывы стыр тых æмæ æххуыс. Мадымайрæмы иконæ «Авдфатон» Цхинвалы ис æртыккаг хатт. Ацы райсом ыл аргъуаны æрбахизæны сæмбæлдыстæм цытджын æгъдауæй æмæ йæ æрбахастам аргъуанмæ, чырыстон дин куыд амоны, уымæ гæсгæ. Фыццаг хатт æй куы æрластой, уæд æй æрбахастам ацы аргъуаны фæзуатмæ, скуывтам æм æмæ дзы сырæзтис нæ ног аргъуан. Иконæ иу бынаты нæ лæууы, æдзухдæр æй хæссынц æндæр æмæ æндæр чырыстон аргъуантæм. Раст зæгъгæйæ, уый æнхъæл нæ уыдыстæм æмæ нæм æй æрластаиккой ацы аз дæр. Фæлæ, бузныг Хуыцауæн. Цæмæй йæ Дзæуджыхъæуæй Цхинвалмæ æрластаиккой, уый тыххæй батыхстис нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли. Мах арæх æнæрхъуыдыйæ кæрæдзи фæхъыг кæнæм гуымир æмæ æвзæр ныхæстæй, саразæм æнæзæрдæмæдзæугæ хъуыддæгтæ, фырхæлæгæй искæй æвзæр кой ракæнæм æмæ нæ ферох вæййы, уыцы æвзæрдзинæдтæ фæстæмæ кæй раздæхынц нæхимæ, уый. «Авдфатон»-ы иконæ у саузæрдæтæ фæлмæнгæнæг æмæ абон тынг хъæуы мах, Ирыстоны адæмы, цæмæй нæ зæрдæтæ æрфæлмæн уой æмæ уарзæм кæрæдзи. Адæм хъуамæ сæхи хизой алы-гъуызон æвзæр хъуыддæгтæй, куыд æхсæнадон, афтæ бинонты царды дæр, хиуæттимæ дæр, сыхы дæр, куысты, æцæгæлон бæстæйы æмæ афтæ дарддæр. Абон мах чырыстон адæм хъуамæ кувæм Хуыцаумæ, цæмæй нын радта, зæххыл адæймаджы царды цы хæрзиуджытæ ис, æппæт уыдон æмæ нæхи бахизæм фыдæхдзинад, сайд, мастхæссын, хæлæгдзинад æмæ æндæр ахæм æвзæр хъуыддæгтæй», – загъта фыд Серги.

Мадымайрæмы иконæ «Авдфатон» хъахъхъæнæг æмæ хæрзиуджытæ дæттæг кæй у, уый чырыстон адæмæй бирæтæ бавзæрстой сæхиуыл, фæлæ абон дæр бæрæг нæу йæ автор, нæдæр цы рæстæджы æрцыдис ныв, уый у бæлвырд. Ацы иконæ тынг рагон кæй у, ууыл та æппындæр нæ дызæрдыг кæнынц, аргъуанты истори чи ахуыр кæнынц, уыцы историктæ. Сæ нымадмæ гæсгæ иконæйы фыццаг сыгъдæг хуыз фыст æрцыдис 500 азæй раздæр, ссардтой йæ Вологдайы зæххыл. Ам иу мæгуыр зæхкусæг лæг бирæ азты дæргъы тох кодта алы амæлттæй хосгонд чи нæ цыдис, уыцы низимæ, афтæ ма уыдис къуылых дæр. Иухатт тарфынæй куы бацис, уæд фыны хъусы Хуыцауы хъæлæс æмæ йын зæгъы, цæмæй сыгъдæг апостол Иоанн Богословы номыл аргъуанмæ дзæнгæрджыты бынатмæ бацæуа æмæ дзы рагон иконæты æхсæн ссара Сыгъдæг Мадымайрæмы хуыз, зæрдиагæй йæм скува æмæ уæд йæ хъизæмарæй дæр фервæздзæнис, зæгъгæ. Лæг дыккаг бон бацыд аргъуанмæ, фæлæ йæ хъуыддагæй ницы рауад, уымæн æмæ йын йæ ныхæстыл нæ баууæндыдысты аргъуаны службæ-гæнджытæ. Æртыккаг хатт дæр та йæм фыны æрбацыдис Хуыцау æмæ та йын амоны, цы сараза, уый. Лæг бацыдис ногæй аргъуанмæ, радзырдта та сын йæ фыны хъуыддаг æмæ йын уæд бар радтой дзæнгæрджыты бынатмæ схизын. Асинтыл хизгæйæ, лæг федта дæлгоммæ æвæрдæй иконæйы, кæцыйы сæрты бирæ азты дæргъы хызтысты дзæнгæрæгцæгъдджытæ. Уыдон æй ницæмæ æрдардтой, æнхъæлдтой, зæгъгæ, у хуымæтæджы фæйнæг æмæ афтæмæй чъизи кодтой сыгъдæг иконæйы. Уайтагъд æй систой, ныссыгъдæг æй кодтой æмæ йæ разы сæххæст кодтой дин куыд амоны, ахæм бакуывд. Рынчын лæг дæр æм скуывта Хуыцау ын куыд бацамыдта, афтæ æмæ йæ низæй фервæзт.

Диссагæн ма хастой ацы иконæйы стыр тых, Вологдайы зæххыл емынæйы эпидеми куы сыстадис, уæд. Сауджынтæ уæд сфæнд кодтой æмæ иконæйы рахастой аргъуанæй, цæмæй йемæ сарæзтаиккой дзуарджын цыд. Алкæцы адæймаг дæр-иу ыл куы амбæлдис, уæд-иу æм скуывтой, цæмæй сæ фервæзын кодтаид сæ иумиаг низæй æмæ æцæгæй дæр фесæфтис эпидеми.

Ацы иконæмæ ма ис иу диссаджы миниуæг  рæстæгæй-рæстæгмæ йæхи æгъдауæй бауымæл вæййы, æртахы хуызы дзы фæцæуы, миро кæй хонынц, уыцы уымæлад. Дины кусджытæ йæ куыд æмбарын кæнынц, уымæ гæсгæ иконæ куы фæуымæл кæны, уæд нæ, зæгъгæ, Хуыцау цавæрдæр фыдбылыз æмæ æнамонд цаутæй фæфæдзæхсы. Ахуыргæндтæ ацы хъуыддаг нырма кæронмæ нæ сахуыр кодтой, фæлæ у тынг диссаг. Ныр дæр ацы дыууæ боны аргъуанмæ цы адæм цæуынц, уыдон æвдисæн уыдысты ацы    хъуыддагæн. Уый та нысан кæны, цæмæй чырыстон адæм фылдæр кувой Хуыцаумæ æмæ аразой хæрзиуджытæ.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.