12-æм июлы Республикæ Хуссар Ирыстоны столицæ Цхинвалмæ та цалдæр боны æмгъуыдмæ радон хатт  æрластой Мадымайрæмы «Авдфатон» иконæ æмæ йæм адæм стыр æхсызгонæй цыдысты сæхи фæдзæхсынмæ. Уаз иконæ æрластой Цæгат Ирыстонæй æмæ йæ сæвæрдтой нæ горæты Сыгъдæг Æртиуон Хуыцауы Аргъуаны астæу. Чырыстон дунейы ацы иконæйæн кæнынц стыр аргъ æмæ кад. У диссаджы уаз иконæ æмæ йæм æппæт уырнæг адæм фæбæллынц, цæмæй йæм бацæуой æмæ йæм зæрдиагæй скувой, бафæдзæхсой сæхи æмæ се ‘ввахс хиуæтты. Ахæм диссаджы æмæ тыхджын иконæ кæй у, уымæ гæсгæ йæм кæм вæййы, уырдæм æрцæуынц æндæр горæттæй дæр. Фыд Серги нын куыд загъта, уымæ гæсгæ аргъуанмæ фæцыдис тынг бирæ адæм.

– «Канд горæты нæ, фæлæ районтæй æмæ хъæутæй дæр сæхи фæдзæхсынмæ цыдысты «Авдфатон» иконæмæ. Йе ‘ххуысы сæр кæй бахъæуы, уыдон æм куы æрбацæуынц, уæд рахатынц уаз нывы стыр тых, удæхцондзинад æмæ цавæрдæр тых. Куы йæ ‘рластой, уæд ыл сæмбæлдыстæм цытджын æгъдауæй, чырыстон дины æгъдæуттæм гæсгæ. Бузныг Хуыцауæн, кæй та нæм æй æрластой æмæ та йæм адæм кæй скуывтой. Ныртæккæ рæстæг тынг хæццæ у, бирæ ирон лæппутæ ис хæсты быдыры Украинæйы зæххыл æмæ нæ алкæй дæр хъæуы уыдоны тыххæй арæхдæр кувын. «Авдфатон» иконæ, фыццаджыдæр, у саузæрдæтæ фæлмæнгæнæг æмæ йæм кувын хъæуы, цæмæй адæймаджы зæрдæ æрфæлмæн уа æмæ кæрæдзийæн æвзæр хъуыддæгтæ ма аразæм, уарзæм кæрæдзи æмæ уæм æнæниз. Мах, чырыстон адæм, хъуамæ æдзухдæр кувæм Хуыцаумæ, зæдтæм, цæмæй нын рад-та, зæххон царды цы хæрзиуджытæ ис, æппæт уыдон æмæ сæйраджы та нæхи хизæм æвзæр хъуыддæгтæй. Ацы иконæмæ бакуывдтытæй æмæ лæгъстæтæй, арæх рынчынтæ адзæбæх вæййынц, кæнæ царды уæззау уавæртæй рахизынц æмæ афтæ дарддæр, – зæгъы уый.

Мадымайрæмы «Авдфатон» иконæ хъахъ-хъæнæг æмæ хæрзиуджытæ дæттæг кæй у, уый бирæтæ бавзæрстой сæхиуыл. Иконæмæ ис иу диссаджы миниуæг – бирæ азты дæргъы æппынæ-дзух йæхи æгъдауæй уымæл кæны, миро кæй хо-нынц, уыцы уымæлад дзы цæуы. Хатт афтæ дæр вæййы, æмæ иконæ цы авгæй æмбæрзт у, уымæй дæр æддæмæ рацæуы уыцы уымæлад æмæ зæхмæ дæр æртæдзы. Аргъуан амоны, зæгъгæ, иконæ куы фæуымæл кæны, уæд нæ Хуыцау цавæрдæр фыдбылызтæй фæфæдзæхсы.

Фæстаг хатт ма ацы иконæ Цхинвалмæ æрластой фæззæджы. Уæд дæр æм тынг бирæ адæм цыдис æмæ чырыстон динылхæст адæм уæд фыццаг хатт æвдисæн уыдысты, иконæйыл туджы хуызæн ставд тæппытæ дæр кæй уыд, уы-мæн æмæ адæм дисы ныххаудысты, зæгъгæ, цæмæн афтæ уыдзæнис æмæ нæм цы ‘нхъæлмæ кæсы. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ацы иконæйыл «Курск» куы фæдæлдон, уый размæ æмæ Беслæны трагедийы размæ дæр кæй фæзынд туджы хуызæн тæппытæ.

– Æз куы фехъуыстон æмæ нæм Мадымайрæмы иконæ «Авдфатон» æрластой, уæд бацыдтæн нæ аргъуанмæ æмæ федтон, иконæ, æцæгæй-дæр, кæй уымæл кæны, уый æмæ ма дзы федтон сырхгонд тæппытæ дæр. Ацы хъуыддагыл тынг дис кодтон æмæ-иу ыл æхсæв дæр хъуыды кодтон, зæгъгæ, цы уыдзæнис. Хорзыл кæй нæ ахъуыды кодтон, ууыл дзырд дæр нæй. Бирæ рæстæг нæ рацыд æмæ Украинæйы зæххыл райдыдта сæрмагонд æфсæддон операци, цыран ирон туг дæр ныккалд. Цхинвалæй дæр дзы кæй фæмард, уый алчи дæр зоны æмæ уæд уайтагъд мæ зæрдыл æрбалæууыд ацы уаз иконæ æмæ мæ цæстытыл ауадысты, йæ уæлæ цы сырх тæппытæ уыд, уыдон. Ныр лæгъстæ кæнынмæ æрбацыдыстæм, цæмæй бæстæ æрсабыр уа æмæ тугкалд мауал цæуа зæххыл. Нæ хæстонтæ дæр цæмæй сæ бинонтæм æрцæуой æнæнизæй æмæ сæ хæстмæ цæуыны сæр макуыуал бахъæуа, – зæгъы чырыстон динылхæст Цхуырбиан.

Фыд Серги нын куыд загъта, афтæмæй уаз иконæйы Хуссар Ирыстонæй хъуамæ аластаиккой 14-æм июлы, фæлæ нæм æдзух кæй нæ вæййы æмæ бирæ адæм кæй тырнынц йæ фенынмæ, уый тыххæй йæ ныуугътой 15-æм июлмæ æмæ йæ уыцы бон райсомæй раджы аластой.

Цхуырбаты Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.