Национ музейы, 3-аг иумæйаг ахуыргæнæн скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Бекъойты Майайы хъæппæрисæй уагъд æрцыд мадзал. Мадзалы куысты хайад райстой Фысджыты цæдисы уæнгтæ, литературæйы фадыджы къахдзæфтæ чи аразы скъоладзаутæй, ахæм ахуыргæнинæгтæ. Мадзалы сæйраг темæ уыд «Ирон адæмы геноциды 100 азы».

Мадзалы райдианы йæ раныхасы музейы директор Зассеты Мераб банысан кодта, зæгъгæ, æнæ истори зонгæйæ нæй фидæнмæ фæндаг. «Бирæ фыст æрцыд нæ ирон адæмы хъизæмæрттыл. Цал æмæ цал геноцид бавзæрстам Гуырдзыстоны æрдыгæй, куынæг нын кодтой нæ раззагон адæймæгты æнæаххосæй, ирæттæ кæй уыдысты, æрмæстдæр уый тыххæй. Нæ ирон адæмы размæцыдæн гуырдзы æвæрдтой алыгъуызон ныхдуртæ. Махæй алчидæр хæсджын у, цæмæй агура æрмæджытæ ацы темæйыл æмæ сæ гæххæттыл фыстæй адæттæм нæ кæстæртæм, уадз, зоной цы тухитæ бавзæрстой сæ адæм. Мæхирдыгæй та уый зæгъдзæн æмæ геноциды тыххæй музейы цы сæрмагонд къуым сырæзт, уым æвæрд цæудзысты ацы геноцидимæ баст экспонаттæ», – загъта уый.

Мадзал геноциды темæйыл

Бекъойты Майа бакаст йæхи фыст æмдзæвгæтæ æмæ уый фæстæ радзырдта, геноциды азарæй йæ бинонтыл цы фыдтæ æрцыд, уыдоны тыххæй: «Мæ фыд-иу мын дзырдта йæ фыды фыд Джеры комы зындгонд кæй уыд. Дардта бирæ фос, уыдæм æхца дæр. Гуры цы æлдар бадт, уый дзы  айста хæс, фæлæ йын сæ фæстæмæ нал лæвæрдта æмæ йæ амардта. Уыцы цау уыд 1920 азтæм хæстæг, мæ дадайы фыды, кæй зæгъын æй хъæуы, æрцахстой. Йæ бинонтæ та сæхи бааууон кодтой. Джугъелийы æфсад схæццæ сты нæ хъæумæ дæр, ахастой сын сæ мулк. Мæ фыд-иу арæх æрымысыд, къаннæг дам, уыдтæн мæхæдæг дæр, фæлæ йæхицæй къаннæгдæр хойыл цыд иу мæй, афтæмæй йæ йæ мад фæхаста хæхты сæрты.

Бекъойты Майа ма радзырдта ноджы цалдæр  хабары йæ хæдзарвæндаджы историйæ. Уыдон иууылдæр уыдысты трагикон æмæ зæрдæмæхъаргæтæ.

Поэтессæ Чехойты Оля дæр бакаст йæхи фыст æмдзæвгæтæ. Уый канд 1920 азы геноцидыл нæ дзырдта йе ‘мдзæвгæты, фæлæ ма уый фæстæ азты дæр куыд цагътой æнæаххос адæмы, Хуссар Ирыстоны территорийæ «сыгъдæг быдыр» саразынмæ куыд хъавыдысты.

Публицист Наниты Асиат та куыд загъта, афтæмæй уый æппынæдзух архайы, цæмæй йæ иувæрсты ма аивæрза иунæг цау дæр, кæцыйы дзырдæуы ирон адæмы геноцидыл. Уыцы цаутæ æххæссст æмбырдгондæй рацыдысты 2 томæй. «Уæрæсейы къухдариуæгад ме ‘мбæстæгты бахъахъхъæныны сæраппонд райста æмбæлон мадзæлттæ – æрурæдта тугкалд нæ зæххыл. Гуырдзыстоны фæшизмы æркодта сабырадмæ æмæ уыцы аз 26 августы банымадта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад. Уый фæстæ нæ адæм сулæфыдысты сæ риуты дзаг. Фæлæ… Хъæуы Уæрæсейы скондмæ бацæуын, цæмæй та знаг кæддæрау ма сфæлхатт кæна, нырмæ нын цы фыдмитæ кодтой, уыдон. Ахъуыды ма кæнæм лæмбынæг, ныр цал азы цæуы Женевæйы дискусситæ, цæмæй гуырдзиаг фарс йæ къух æрфысса хæцæнгарзæй ма спайда кæныны тыххæй документыл, фæлæ Гуырдзыстоны фарс алы æфсæнттæй йæхи тылиф кæны, – дзырдта Наниты Асиат.

Туаты Ленæ, Пæррæстаты Эллæ æмæ Джыгкайты Бэлæ дæр бакастысты сæхи фыст æмдзæвгæтæ геноциды темæйыл.

Бекъойты Майайы ахуыргæнинаг Хъотайты Ленæ бакаст йæхи фыст æмдзæвгæ «Ирыстоны хъæбатыртæ», 3-æм  скъолайы рауагъдон Гобозты Роман – Зассеты Мерабы поэмæ, кæцы фыст æрцыд Коцойты Арсены радзырд «Саломи»-мæ гæсгæ, Гæджиты Аллæ та – йæ мад Харебаты Юзæйы поэмæ «Саст хид»-æй скъуыддзаг.

Мадзалы 3-æм скъолайы рауагъдон сæххæст кодта гитарæйыл ирон зарæг.

Зассеты Мераб æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодта рæстæг кæй ссардтой ахæм мадзалы хайад райсынæн æмæ бакаст, æрæджы цы æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдонæй цалдæр.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.