(Фыссæг  Соттиты  Риммæйыл  сæххæст 80  азы)

Ирыстоны сылгоймаг – фысджыты дæ къухы æнгуылдзтыл анымайдзынæ. Бирæ не сты. Æмæ уый диссаг нæу. Кæцыфæнды адæммæ дæр сылгоймагыл бирæ хæстæ æвæрд ис, сфæлдыстадон куысты фадат ын нæй. Курдиат кæмæ вæййы, уыдонæн дæр сæ фылдæр, бинонты хицау чи бавæййы, уыдон сæ гæрзтæ æрæвæрынц. Уæлдайдæр ирон сылгоймæгтæ. Махæн нæ царды уаг æндæр у. Дæ бинонтæй уæлдай хъуамæ дæ уды хъарм æххæсса дæ хæстæг, дæ къабæзтæ, дæ сыхбæстыл… Æмæ арæх курдиат кæронмæ нæ райхæлы, афтæмæй бамынæг вæййы.

Фæлæ ис ахæмтæ æмæ хъысмæты фыдæнæн сæттын чи нæ бакомы. Уыдон канд сæ ирон сылгоймаджы хæстæ нæ феххæст кæнынц, фæлæ аккаг бынат бацахсынц æхсæнады, зонады, политикæйы, литературæйы… Уыдонæй иу у курдиатджын поэт, Уæрæсейы фысджыты æмæ журналистты цæдисы уæнг, Æмбалты Цоцкойы номыл премийы лауреат Соттиты Риммæ.

Риммæ фæрнджын бинонты ʻхсæн схъомыл. Йæ фыд Нестъор йæ бирæ бинонтимæ 20-æм азты, гуырдзиаг меньшевикты аххосæй, лидзæг фæцис Хуссар Ирыстоны Къусджыты хъæуæй Мызурмæ. Риммæ гуыргæ дæр Мызуры ракодта авд лæппуйы фæстæ. Фæстæдæр ралыгъдысты Ногиры хъæумæ. Фæлæ дзы нырма цæй хъæу уыд. Нестъор уыд хъæуы бындурæвæрджытæй иу. Арæзтой скъолатæ, колхозтæ, культурæйы уагдæттæ… Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ Нестъоры фырттæ ацыдысты цыппарæй æмæ сæ цард радтой уæлахизы сæраппонд. Уымæй фыды æнæниздзинад тынг фæцудыдта, саугуырм бацис, фæлæ уæддæр йæ æхсæнадон хъуыддæгтæ нæ ныууагъта. Нестъор уыд ахуырæн стыр аргъ чи кодта, ахæм. Арæх сæм цыдысты Ирыстоны зынгæ адæймæгтæ. Уый фидæны æнæзынгæ нæ фæцис Соттиты чызджы удыхъæд æмæ курдиатыл.

Риммæ хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæцис Ногиры астæуккаг скъола, стæй та Цæгат Ирыстоны педагогон институт. Йæ литературон фæлварæнтæ райдыдтой суанг скъолайы ахуыркæнгæйæ. Йæ уацхъуыдтæ цыдысты районтæ æмæ республикон газетты æмæ дзы ахуыры фæудмæ рауад курдиатджын фыссæг æмæ журналист.

Соттион куыста бирæ бæрнон бынæтты: журнал “Ногдзау”-ы, газеттæ “Социалистическая Осетия, “Рæстдзинад”, “Молодой коммунист” æмæ “Ленинон тырысайы”. Цалдæр азы бакуыста ахуыргæнæгæй дæр.

Соттиты Риммæ стыр бавæрæн бахаста канд ирон нæ, фæлæ уырыссаг литературæмæ дæр. Æппындæр куы ницы ныффыстаид, уæддæр йæ тæлмацтæ сты литературæйы æвæджиауы хæзнатæ. Джусойты Нафийы роман “Сырдоны цæссыгтæ”-йæн тынг вазыгджын æвзаг ис, ирон адæмæй дæр бирæтæн зынæмбарæн у. Уымæн æмæ дзы ис бирæ историон æмæ архаикон ныхæстæ. Фæлæ йæ Соттиты Риммæ æнтыстджынæй ратæлмац кодта уырыссаг æвзагмæ. Тагъд рухс фендзæн. Уымæй уæлдай иронæй уырыссагмæ раивта Цгъойты Хазбийы фольклорон æрмæджыты æмбырдгонд “Арвы дуар”, Æгъуызаты Иуанейы поэмæ “Алгъуызы кадæг”, Агънаты Гæстæны роман “Темыры кæстæр чызг”… Бирæ йæм ис уырыссагæй иронмæ тæлмацтæ дæр.

Стыр æнтыст уыд Соттионы чиныг “Фыдæлты къæсæр”-æн дæр. Уым адæмы рæгъмæ рахаста йæ фыдæлты уæзæг, йæ мыггаджы цард æмæ фарн. Ахæм æнтыст уыд йæ иннæ чиныг “Удæй удмæ”-йæн дæр. Риммæ кæд прозаикыл нымад у, уæддæр литературæйы рæбинаг хæзнатæ сты йæ диссаджы æмдзæвгæтæ дæр.

Фыссæг йæ азтæй цалдæр батыдта йæ рæстæджы рухстауæг Æмбалты Цоцкойы бынтæ æмбырд кæныныл æмæ сæ рауагъдта æмбисонды чиныг “Удварны хæзнатæ”. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй Цоцко уыд йæ фыд Нестъоры ахуыргæнæг. Чиныг у мидисджын. Бахаста йæм, Цоцко йæхæдæг кæй фембырд кодта, уыцы адæмон сфæлдыстады хæзнатæ, мысинæгтæ, фыстæджытæ… Уыдон фембырд кодта музейты, фæфарста хистæрты. Уымæй Цоцкойæн самадта æнусон мæсыг, стæй адæмы рæгъмæ рахаста уыцы рох адæмон хæзнатæ.

Чиныджы рацыд тынг æхсызгон уыд, Цоцко кæм цард, уыцы Æрыдоны цæрджытæн, стæй Æмбалты мыггагæн. Соттиты Риммæйы схорзæхджын кодтой Æмбалты Цоцкойы номыл премийæ, стæй йын радтой Æрыдоны районы кадджын æмбæстаджы ном.

Риммæ ма фæстаг азтæй цалдæр батыдта, рохуаты чи баззад, уыцы зындгонд рухстауæг, фыссæг, хосгæнæг Зæнджиаты Бæбуйы тыххæй æрмæг æмбырд кæныныл, æмæ та уый дæр йæ къухы бафтыд. Бахаста йæм Бæбуйæн йæхи фыст æрмæджытæ дæр. Уыцы гуырахстджын чиныг рухс федта хæрзæрæджы “Уæсиат” (завещание), зæгъгæ, ахæм номимæ.

Бирæ дзурæн ис Соттионы цард æмæ сфæлдыстадыл, стыр аргъ ын кæнынц чиныгкæсджытæ. Уый рабæрæг ныр дæр, йæ 80 азы юбилейы бон  Дзæуджыхъæуы центрон библиотекæмæ цас адæм æрбацыд, уымæй. Уым уыдысты фысджытæ, нывгæнджытæ, æхсæнады архайджытæ, Ногиры хъæубæстæ, журналисттæ, йе сфæлдыстадæн аргъгæнджытæ, Æрыдоны районы, стæй Æмбалты æмæ Зæнджиаты мыггæгты минæвæрттæ.

Изæр амонæг, библиотекæйы бæстæзонæн хайады сæргълæууæг Дзугаты-Мурасты Риммæ радзырдта Соттиты Риммæйы цард æмæ сфæлдыстыды тыххæй. Уый ранымадта цы сарæзта, цы фæндтæ ма йæм ис, уыдæттæ: “Соттион йе сфæлдыстадон рындзмæ схызт кад æмæ радимæ, аккаг чызг у Соттиты мыггагæн, Ирыстонæн, Ногиры хъæуæн. Царды мæсыг амайы йæ адæммæ уарзты бындурыл. Ирон литературæйы къæбицмæ цы дзаджджын хуынтæ бахаста, уыдон аккаг бынат æрцахстой ирон аив дзырды хæзнадоны… Йæ æмдзæвгæтыл фыст зарджытæ зарынц Ирыстоны алы къуымты».

Риммæйы цард æмæ сфæлдыстадыл, стæй сæ мысинæгтæ ма радзырдтой фысджытæ Хуыгаты Сергей, Агънаты Гæстæн, Дауыраты Дамир, Цгъойты Хазби, Хохойты Энвер, Соттионы хæлар Гуылæрты Барис. Лæвæрттæ æмæ йæм музыкалон саламимæ бацыдысты Æрыдоны районы Æмбалты мыггаджы минæвæрттæ, культурæйы хæдзары директор Биа-зырты Таймуразы сæргълæудæй.

Республикæйы культурæйы министрады æмæ Дзæуджыхъæуы центрон библиотекæйы номæй Соттионæн лæвæрд æрцыд Кады грамотæтæ.

Дзæуджыхъæуы сывæллæтты аивадон коллективтæ равдыстой цалдæр концерт, бакастысты Риммæйы фыст æмдзæвгæтæ.

Мах дæр арфæ кæнæм Соттиты Риммæйæн йæ 80 азы юбилейы фæдыл. Йæ сæдæ азы сæрты æнæнизæй ахизæд. Ирыстон ахæм курдиæттæй макуы рацух уæд.

Джусойты Нинӕ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.