Дыууæ азмæ нæ республикæйы цы бирæ арæзтадон диссæгтæ фæзынд, фæндæгтæ сæ хуыз куыд скалдтой, уый, бæгуыдæр, стыр æхсызгондзинад у. Æндидзы, размæ цæуы ныфсджынæй нæ чысыл Хуссар Ирыстон, ног бæстыхæйтты рæсугъддзинадмæ кæсгæйæ æмæ сыгъдæг фæндæгтыл уайгæйæ зæрдæ райы, цин кæны. Адæм фæныфсджын сты æмæ сæ цардуагон хъуыддæгтæ нывæндынц, дард фидæныл хъуыдыгæнгæйæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, цалдæр азы размæ нæ уырнгæ дæр нæ бакодтаид, ног цардмæ ахæм къахдзæфтæй цæудзыстæм, уый, фæлæ нын æй цард реалонæй фенын кодта. Уыцы æнтыстдзинæдтæ æмæ размæдзыды бæрæггæнæнтæ нæ къухы бафтыдысты, фыццаджыдæр, нæ бæстæйы къухдариуæгады, сæрмагондæй та Президент Тыбылты Леониды фæрцы. Не ’ппæт дæр æй уынæм, куыд хъазуатонæй æмæ æвæллайгæйæ архайы бæстæйы хицау нæ адæмы хæрзиуæгæн, Хуссар Ирыстоны раразмæ кæныны сæраппонд. Æрæджы мын иу зонгæ сылгоймаг афтæ зæгъы: «Æнæуый йæм зынтæй бахаудзынæ, фæлæ йæм бахаудтæ — баххуыс дын кæндзæн æвæстиатæй, афтæ дæ нæ рауадздзæн». Мæн ницы хъуыддаг ис Президентмæ, Хуыцауы фæрцы, ницæмæй хъаст кæнын ницы цух дæн. Фæлæ мын кæд искуы фадат фæуа æмæ йæ æввахсмæ фенон, уæд ын мæ арфæйы æмæ бузныджы ныхæстæ нæ бахæлæг кæндзынæн.

Уыдæттыл бирæ дзурæн ис, хорздзинадæн арæнтæ нæй, фæлæ ацы фыстæг «Хурзæрин»-ы редакцимæ фыссын, иу цауæн æнæнхъæлæджы æвдисæн кæй сдæн, уый фæстиуæгæн. Ме ’ввахс æмбалæн йæ чызг ахуыр кæны Аивæдты лицейы. Куыстæй нæ фæндаг иумæ ракодтам, æмæ мæм бахатыд, цæмæй сывæллоны кæнынмæ йемæ ацыдаин. Уарыд тыхджын къæвда æмæ йын фæтæригъæд кодтон, ацыдтæн. Ныххизæны дон ахæм лæсæнтæ кодта, æмæ дзы куыд ахызтаиккам, уый нал зыдтам. Ме ’мбал хорзау нал фæци, фефсæрмы, ахæм боны мæ йемæ кæй ракодта æмæ мæм бадзырдта: «Мæ къахыл мын æрлæуу æмæ фалæмæ бакъахдзæф кæн, афтæ 11-æм скъолайы æмбондыл хæцгæйæ æнцон цæуæн у». Æз амæсты дæн æмæ алæгæрстон уæрагмæ доны. Афтæмæй ныххæццæ стæм лицеймæ. Фойейы лæууыдысты бирæ ныййарджытæ æмæ кæрæдзийæн дзырдтой, куыд æмæ цы амæлтты æривæрзтысты, уыдæттæ. Æз сæм хъуыстон æмæ хъуыды кодтон: ау, иу-нæг иу хатт æрцыдтæн ацы ахуыргæнæндонмæ æмæ мæ къахыдарæс æппаринаг фæци, уæд ацы ныййарджытæ сæ сывæллæттимæ куыд быхсынц, алкæмæн хæдтулгæ балхæнын кæнæ æрвылбон таксийыл цæуыны фадæттæ кæм ис! Афарстон мæ зонгæ ахуыр-гæнджытæй цалдæры æмæ уыдон дæр, цыма мын мæ фарстмæ æнхъæлмæ кастысты, уыйау райдыдтой хъаст кæнын: «Æппæты зын та, дыккаг сменæйы цы ахуырдзаутæ цæуынц, уыдонæн у, уæлдайдæр та фæззыгон-зымæгон рæстæджы, раджы куы талынг кæны, уæд. Уыцы æрхизæныл сывæллон æрхизы, йæ къæхтæ ныххуылыдз вæййынц, афтæмæй уроктыл фæбады. Ивæнтæ сын ис, фæлæ сæ ацафон нал фæивынц. Бирæты дзы арвитæм фæстæмæ хæдзармæ, цæмæй ма фæрынчын уой. Уынгыл цæугæйæ дæр хуыздæйраг нæу, ахæм боны дзы азмæлæнтæ нал вæййы, æндæра нын уæд та цы у!»

Фæстæдæр куыд базыдтон, афтæмæй Колыты Аксойы уынджы корпусты цæрджытæ дæр, 11-æм скъолайы æмæ лицейы ахуыргæнджытæ, ныйзйарджытæ бирæ фæхъаст кодтой æмбæлон инстанцитæм, фæлæ сæм кæсгæ дæр ничи ныккодта.

Ныр сывæллæттæн райдыдтой сæ сæрдыгон улæфтытæ æмæ хорз уаид, исчердæм уыцы ныххизæн куы сцалцæг кæниккой. Боны дæргъы дзы дыууæрдæм цæуы мин адæймагæй фылдæр: дыууæ корпусы цæрджытæ, сабидоны ныййарджытæ æд сывæллæттæ æмæ дыууæ ахуыргæнæндоны ахуыргæнджытæ, ахуырдзаутæ, ныййарджытæ.

Лицейæ фæстæмæ куы цыдыстæм, уæд къæвда банцад, фæлæ уыцы ныххизæны дон уæддæр лæсæнтæ кодта. Æз ын уайтагъд йæ ныв фелвæстон, стæй фæфæсмон кодтон: уырдæм цæугæйæ йæ цæмæннæ æрхъуыды кодтон. Фæлæ мæ уæд уыдæттæ кæм æндæвтой. Ме ’мбалы чызг йæ рæ-сугъд дзабыртæм æркаст æмæ уый фæстæ афтæ: «Тæхуды базыртæ ныл куы уаид, уæд бæрзонд стæхиккам æмæ сыгъдæгæй баззаиккам».

Æз ма хæдзары дæр бирæ фæхъуыды кодтон. Уæдæ та ныр ацы нарæг фæндаджы гæбаз дæр Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонидæй аразгæ у? Уымæн ис ахъаззагдæр æмæ вазыгджындæр скъуыддзаггæнинаг хъуыддæгтæ. Ахæм фарстытæ та хауынц, сæрбæрзондæй бынæтты чи бадынц, бæрндзинад чи хæссынц, хæсджын чи сты, цæмæй адæмы проблемæтæ иуварс кæной, уыдонмæ. Æз уыцырдыгæй нæ цæрын, фæстаг хатт дзы кæд уыдтæн уыцы боны размæ, уый хъуыды дæр нæ кæнын, фæлæ цæрджытæ æмæ бирæнымæц сывæллæттæ тæригъæд сты, кæдмæ фыдæбон кæндзысты?

Коцты А.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.