Мæхъæлоны бафæндыд Горæтгæрон районы скæсæйнаг хайы ном раивын, Абхазы та уæй кæнынц консервтæ Гуырдзыстоны картæимæ.

Ацы бонты Интернет хызæджы апарахат информаци, зæгъгæ, абхазаг горæт Пицундæйы магазинты уæй кодтой Новоалександровскы дзидзагуыстгæнæн комбинаты фыдызгъæлæй арæзт консервтæ. Сæ этикеткæтыл ис Гуырдзыстоны картæ Абхаз æмæ Хуссар Ирыстонимæ (æгæрыстæмæй, этикеткæтыл Хуссар Ирыстоны бæсты фыст уыд Цхинвалы регион). Ацы хъуыддаг æнæразыдзинад сæв-зæрын кодта Абхазы 1992-1993 азты гуырдзиаг-ирон хæсты ветеранты организаци «Аруаа» (Воины)-мæ. Уыдон бахатыдысты абхазаг таможнæмæ, цæмæй лæмбынæгдæр сæ хъус дарой республикæйы территоримæ ластцæуæг товарты маркировкæтæм. Таможнæйон комитеты фехъусын кодтой, зæгъгæ, басгæрстой Пицундæйы магазинты æмæ байстой 58 консервы, кæцытæн сæ этикеткæтыл нывгонд уыд Гуырдзыстоны картæ æмæ тырыса. Уыимæ банысан кодтой, зæгъгæ, Абхазмæ продукци æрбаластой «архайæг таможнæйон закъондæттынад фехалгæйæ». Хъуамæ ма сбæрæг кæной гуырдзиаг сæнты æрбаласыны, реализацийы, æмæ абхазаг скъолаты 7-æм къласæн географийы атласæй пайда кæныны закъондзинад, кæцыйæн йе ’ддаг цъарыл ис Гуырдзыстоны тырысайы ныв. УФ-йы РХИ-йы минæварад ацы цауы тыххæй фехъусын кодта Уæрæсейы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн, зæгъгæ, уæрæсейаг базары сбæрæг кодтой сæны æвгтæ сæ этикеткæтыл Гуырдзыстоны картæтæ хæдбар Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны территоритимæ.

Дыууæ азы размæ та французаг компани «Леруа Мерлен»-ы магазинты уæй кодтой сывæллæтты обойтæ дунейы картæйы нывимæ, цыран Уæрæсейы скондмæ хаст не ’рцыдысты Хъырым, Луганск æмæ Донецкы Адæмон Республикæтæ. Уымæй дарддæр ма картæйыл Абхаз æмæ Хуссар Ирыстон нысан уыдысты, куыд Гуырдзыстоны сконды, афтæ.

Уæд УФ-йы Паддзахадон Думæйы спикер Вячеслав Володин бахæс кодта Дæллаг палатæйы æдасдзинады фæдыл комитетæн, контролон-цæстдарæн органтæн «Леруа Мерлен»-ы магазинты хызæг бабæрæг кæныны тыххæй. Паддзахадон Думæйы бамбарын ко-дтой, зæгъгæ, æнæкорректон бæрæггæнæнтæ бахастой дунейы картæимæ сывæллæтты фотообойтыл. Уымæй дарддæр ма, уым нæ разындысты хæдбар Хуссар Ирыстон, Абхаз, До-нецк æмæ Луганскы Адæмон республикæтæ дæр.

Паддзахадон Думæйы сæрдар Вячеслав Володины хъуыдымæ гæсгæ, уый нысан кæны, НАТО кæй фæлвары йæ боны фæтк Уæрæсейы территорийыл апарахат æмæ размæ кæ-нынмæ. Компани «Леруа Мерлен» регистра-цигонд у НАТО-йы. Ахæм цауты ныхмæ тох кæ-нын хъæуы, — банысан кодта Вячеслав Воло-дин.

Æцæгæй дæр уый у идеологион диверси. Куыд зыны, афтæмæй Гуырдзыстон нæма сразы Абхаз æмæ Хуссар Ирыстон йе сконды кæй никуыуал уыдзысты, уыимæ. Æмæ æппæт тыхтæй дæр фæлвары йæ сау фæнд сæххæст кæнынмæ. Хорз у æмæ Хуссар Ирыстоны æмцæдисон Стыр Уæрæсейæ нæ уæнды, æндæра та стыр хæст расидид Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ.

Фæзæгъынц, зæгъгæ, дæ сыхагæй дæр амонд хъуамæ уа. Уымæй растдæр ницы ис, фæлæ ирон адæммæ не ’рхаудта ахæм амонд нæдæр цæгаты æмæ нæдæр хуссары. Дыууæрдыгæй дæр Ирыстоны сыхæгтæ сты тынг æлгъаг æмæ сын фадат куы фæуаид, уæд та сæ кард нæ раздахиккой ирон адæмæй.

Фысы цармы — бирæгъ

Ацы бонты ма Интернет хызæджы апарахат Мæхъæлы сæргълæууæджы уынаффæгæнæг, Уæрæсейы сгуыхт юрист Исса Костоевы хъусынгæнинаг. Уый фæндон бахаста, Цæгат Ирыстоны Горæтгæрон районы иу хай Мæхъæлон район схоныны тыххæй. «Ирыстоны абон ис Дыгуры район, уымæн æмæ ис дыгурон этнос, ис Ирæфы район. Уæдæ рагæй фæстæмæ мæхъæлæттæ Горæтгæрон районы цæрынц æмæ цæмæннæ ис гæнæн Цæгат Ирыстоны сконды, уый Мæхъæлон район схонæн», — банысан кодта уый. Костоев нымайы, зæгъгæ, мæхъæлæттæ уæд сæхи æнкъардзысты Цæгат Ирыстоны æмбар æмбæстæгтыл. Фарстæуы, чи сæ хъыгдары, чи сын дæлдзиныг кодта æмæ кæны сæ бартæ?

Ахъуыды ма кæнæм, рацыд 30 азы 1992 азы октябры кæрон Цæгат Ирыстонмæ мæхъæлон æрдонгтæ гадзрахатæй куы æрбабырстой, фæлæ сæ рæдыд бамбарыны бæсты ноджы ахæм змæнтæн ныхæстæ кæнынц. Фыццаг бакастæй афтæ зыны, цыма Костоев у сабырадуарзаг, йæ ныхæсты хъуысы фидауынгæнæг хъæппæрис, фæлæ æцæгæй та уый бензин калы, 30 азы дæргъы чи нæма ахуыссыд, йæ фæздæг кæмæн кæлы, уыцы артыл æмæ ахæм змæнтæн хъусынгæнинæгтæ гæнæн ис суой æцæг бомбæйы хуызæн. Уый фæндон хæссы ныртæккæйы Горæтгæрон район, сæрмагондæй скæсæйнаг хайы ахицæн кæныны тыххæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, Ирыстоны Костоевмæ ничи байхъусдзæн. Йæ хинæйдзаг пълæнттæ бамбарын зын нæу. Горæтгæрон районы скæсæйнаг хай «мæхъæлон» район куы схоной, уæд сомбоны знæгтæ зæгъдзысты, зæгъгæ, иугæр «мæхъæлон» хуыйны, уæд уый хъуамæ официалонæй æфтыд æрцæуа Мæхъæлыл.

Костоев фесгуыхт юриспруденцийы, фæлæ йын чи радта дзедзыройгæнæг сабырады цадмæ дуртæ æппарыны бар. Бамбарæт æй, Горæтгæрон районы скæсæйнаг кæй никуы суыдзæн мæхъæлон район. Бамбарæт æй Гуырдзыстоны дæр, ирон адæм йе сконды кæй никуыуал уыдзысты, уый. Ирон адæм фыдæлтæй фæстæмæ сæрибаруарзаг адæм сты æмæ сæ сæрмæ никуы схæсдзысты искæмæн цагъайрæгтæ суæвыныл…

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.