1-æм августы зынгæ ирон поэт, журналист, тæлмацгæнæг, æхсæнадон архайæг, йæ радтæг адæмы аккаг фырт æмæ патриот Икъаты Антоны фырт Владимиры райгуырдыл сæххæст 85 азы. Курдиатджын поэтæн кæд 53 азы йедтæмæ цæрын нæ бантыст, уæддæр йæ диссаджы курдиат, хъæздыг миддуне, йæ рæсугъд удыхъæды руаджы йæ ном цæргæйæ баззад  уæлæуыл йе сфæлдыстадæн табугæнджыты, йæ бирæ хæлæртты, йæ уарзон ирон адæмы зæрдæты.

Икъаты Владимирæн æрдзæй ратгæ уыдысты поэты курдиат, царды æнæрынцойдзинад, æдзухдæр царды гуылфæнты уæвын. Уый æнахуыр уарзт кодта йæ радтæг Ирыстоны æмæ кæцыфæнды уысм дæр цæттæ уыд йæ Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау йæ цард нывондæн æрхæссынмæ. Уымæн  хъысмæтæй хайгонд уыд  йæ ирон адæмы хорз фидæны сæрыл тохгæнæджы фæндаг, йæ зæрдæмæ арф иста йæ мæгуыр Ирыстоны, йæ адæмы рис.

Икъаты   Владимир  райгуырд  1936  азы  1-æм августы Цхинвалы районы Соцъийы хъæуы зæхкусæг бинонты ‘хсæн. Райдиан скъолайы ахуыр кодта сæхи хъæуы, уый фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Уæллаг Чъерейы хъæуы. Тынг хорз нысæнттыл астазон скъола каст фæуыны фæстæ æнæ фæлварæнтæй бацыд Сталиниры педагогон техникуммæ æмæ йæ æнтыстджынæй каст фæци 1958 азы. Уыцы рæстæджы райдыдта йæ фыццаг къахдзæфтæ ирон поэзийы, фыссын райдыдта æмдзæвгæтæ йæ уарзон Ирыстоныл. 1958-1963 азты ахуыр кодта Хуссар Ирыстоны педагогон институты ирон-уырыссаг филологийы факультеты. Институт каст фæуыны фæстæ кусын райдыдта областон газет «Советон Ирыстон»-ы редакцийы. Куыста корректорæй, уацхæссæгæй, тæлмацгæнæгæй, культурæйы хайады сæргълæууæгæй. Уыцы иу рæстæджы ма фæсаууонмæ каст фæци Алма-Атайы паддзахадон университеты журналистикæйы факультет. Алы æмæ алы азты куыста радиокомитеты редакторæй, чингуыты рауагъдад «Ирыстон»-ы редакторæй. 1965 азæй  уыд ССР Цæдисы Журналистты æмæ Фысджыты цæдисы уæнг. Владимир йæ цардæй бынтон æнæнхъæлæджы ахицæн 1990 азы 27 январы, йæ тæккæ лæджы кармæ бацæугæйæ. Йæ мæлæты размæ куыста газет «Советон Ирыстон»-ы культурæйы хайады сæргълæууæгæй. Уымæн йæ цыбыр, фæлæ ирд  царды бирæ бантыст саразын, йæ радтæг адæмæн балæггад кæнын. Уый цыма йæ æнæрæстæджы мæлæт зæрдæйæ хатыд, уыйау тагъд кодта, тындзыдта фылдæр уацмыстæ сфæлдисынмæ æмæ йын бирæ, тынг бирæ бантыст сфæлдисын, раст ын цыма уæларвон тыхтæ æххуыс æмæ разæнгард кодтой, уыйау.

Газет «Советон Ирыстон»-ы редакцийы кусгæйæ, уый йæ чысыл Ирыстоны йæ фыссæн сисимæ кæцы къуымы нæ балæууыд, ахæм нæ разындзæн. Уыцы балцыты фæстиуæгæн-иу газеты фæрстыл мыхуыр цыдысты йæ цымыдисон уацтæ, очерктæ, репортажтæ. Арæх-иу æй бахъуыд критикон уацтæ, фельетонтæ ныффыссыны сæр дæр, цыран уый ирдæй æвдыста нæ царды негативон фæрстæ. Уый уарзта цард æмæ тырныдта царды бæрзæндтæм схизынмæ æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта. Йæ радтæг ирон адæмæн лæггад кодта йæ фыссæн сис æмæ рæсугъд удæй. Икъаты Владимир куыд поэт, журналист, æхсæнадон архайæг, афтæ стыр хайбавæрд бахаста ирон литературæйы рæзтмæ, сывæллæтты литературæ фæхъæздыгдæр кодта йæ ирд аивадон уацмыстæй. Йæ алы чиныг дæр сывæллæттæн гом кодта ног, актуалон темæтæ. Тынг популярон уыдысты æмæ сты, поэт сывæллæттæн цы æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдон. Зæгъæн ис афтæ, æмæ сæ уый кæй бавæрдта йæ уд, уымæн æмæ сывæллæттæм йæ уарзондзинад уыд æгæрон. Сывæллæттæн йæ фыццаг æмдзæвгæ райгуырд йæ фыццаг сывæллоны райгуырдимæ. Йæ уацмыстæ аккаг бынат ссардтой скъолайы ахуыргæнæн чингуыты.

30 азы дæргъы, журналисты куыст кæнгæйæ, уый ныффыста 500 публицистон уацæй фылдæр. Йе сфæлдыстадæн табугæнджытæ-иу ын сарæзтой литературон изæртæ, фембæлдтытæ. Абон дæр советон рæстæджы, зæронд газеттæ рафæлдахгæйæ, сæмбæлдзынæ Владимиры уацтыл. Йæ мидисджын уацтæ йын чи бакæса, уыдон иу-уылдæр бамбардзысты, курдиатджын поэтæн хъæздыг миддуне æмæ æнæрынцой зæрдæ кæй уыд. Йæ журналистон архайды руаджы скъуыддзаг цыдысты бирæ ахсджиаг фарстытæ. Ноджы ма йæ зæгъон, раст цыма зæрдæйæ хатыд, хъысмæт ын цыбыр цардвæндаг кæй схай кодта, уыйау йæ амæлæты размæ поэт ирон адæммæ ныффыста йæ фæдзæхст (ныстуан) – «Мæ уды фæдзæхст – ирон адæмæн», зæгъгæ, цыран æвдыст цæуы ирон æвзаджы тыххæй йæ катайдзинад: «Мæ уарзон ирон адæм, абон ацы уæззау рæстæджы нæ адæмæн иууыл æнусондæр хъæздыгдзинад у мадæлон æвзаг бахъахъхъæнын. Уыдзæн æвзаг – уæвынад æмæ уæлахиз кæндзæн наци. Нæй æвзаг – нæй наци! Цæй, æмæ радтæм æххæст бартæ не ‘взагæн, æмæ, уадз, суæд Ирыстоны паддзахадон æвзаг!». Мадæлон æвзагмæ уарзондзинад æмæ катайдзинад  поэт равдыста йæ поэтикон бынты. Уыдонæй сæ иууыл зæрдæмæхъаргæ дæр сты: «Æвзаджы цæрæнбон», «Ирон мады фæсмон», «Фыццаг – мæ мадæлон æвзаг», «Ме ‘взаг – мæ кады цырт» æмæ æндæртæ. Поэты сфæлдыстады сæйраг темæ у райгуырæн къуыммæ уарзондзинад. Йе ‘мдзæвгæтæ «Нæ тæрсын мæлæтæй», «Фæсмон», «Мæ Ирыстон», «Ирыстоны фыййау лæгæй фæцæрон», «Ирыстоны зæрдæ», «Ма дзур, ирон кæй дæ», «Ирыстон – мæ зарæг», «Фыдыбæстæ»-йы поэт ирдæй равдыста райгуырæн бæстæмæ æгæрон уарзондзинад. Ацы æмдзæвгæтæ хаст æрцыдысты йе  ‘мдзæвгæты æмбырдгæндтæ – «Хæхты фарн» æмæ «Зæххы рис»-мæ (1997 аз). 2015 азы мыхуыры рацыд поэты чиныг «Æвзæрст уацмыстæ».

Икъаты Владимиры хуыздæр уацмыстæ тæлмац æрцыдысты уырыссаг æмæ гуырдзиаг æвзæгтæм. Ирон композитортæ йын йе ‘мдзæвгæтыл ныффыстой зарджытæ. Йæ фыды æмдзæвгæтыл зарджытæ ныффыста йæ чызг Икъаты Мадинæ дæр æмæ сæ æххæст кæны йæхæдæг, афтæмæй, йæ фыды ном æнусон кæнгæйæ. Мадинæ куыд загъта, уымæ гæсгæ йын кæддæр йæ фыд афтæ загъта, зæгъгæ, æрцæудзæн ахæм рæстæг, æмæ мын ме ‘мдзæвгæтыл ныффысдзынæ зарджытæ. Æмæ афтæ дæр рауад. Уый тынг рæхстис кафынмæ, зарынмæ æмæ-иу газеты коллективы искуыдæмты сæ балцыты рæстæджы хъæлдзæг кодта йæ музыкалон курдиатæй.

Поэт йæхæдæг дæр ирон æвзагмæ ратæлмац кодта бирæ æфсымæрон адæмты поэтты уацмыстæ. Йæ амæлæты размæ 15  азы бæрц куыста Библи æмæ Библийы дзырдуаты ратæлмац кæныныл. Библийæ ратæлмац сæртимæ базонгæ гениалон Абайты Васо æмæ йын йæ куыстæн стыр аргъ скодта. Тырныдта, цæмæй йæ кæронмæ фæуыдаид, фæлæ… йын нæ бантыст. Æрæджы Владимиры ацы куыст адарддæр кæнынмæ æрæвнæлдта цæгатирыстойнаг поэт æмæ нæ ныфс ис, тагъд рæстæджы  чиныг рухс кæй фендзæн, уымæй.

1989-1990 азты йæ уарзон Ирыстоныл уæззау бонтæ куы ныккодта, уæд поэтæн иуран æрбадт нал уыд. Уый уыд, национ-сæрибаргæнæн змæлды хайадисджыты рæнхъытæм чи бацыд, уыдонæн сæ фыц-цæгтæй иу. «Адæмон ныхас»-ы активон хайадисæг уæвгæйæ, уый тырныдта йæ адæмы æрбаиу кæнынмæ æмæ афтæмæй знагæн ныхкъуырд радтынмæ. Гуырдзиаг фашисттæ ирон адæмæн хъизæмар кæнын куы райдыдтой, уæд алы хатт дæр уыд сæ фарсмæ æмæ йæ рыстзæрдæйы тугтæ калдысты сæ рыстæй. Ацы рæнхъыты автор дæр Владимиры бахъуыды кодта йæ радтæг адæмы рухс фидæныл тохгæнæг адæй-магæй. 1989 азы декабры ацыд Мæскуымæ, цыран уый фембæлд алыгъуызон партиты демократон тыхтимæ, æхсæнадимæ, уыцы нымæцы ирон æхсæнад «Фарн»-ы къухдариуæггæнджытимæ. Мæскуыйы йæ къухты бафтыд иуæй-иу депутаттимæ фембæлын. Æнæ хъусдардæй нæ ныууагъта, уыцы рæстæджы Мæскуымæ протестон акци аразынмæ цы ирон сылгоймæгтæ ацыдысты, уыдоны дæр. Мæскуыйæ æрыздæхгæйæ, уый йæ балцы фæстиуджытимæ газеткæсджыты базонгæ кодта газеты фæрстыл цы уац ныммыхуыр кодта, уымæй. Куыд поэт-патриот, афтæ кæронмæ сæххæст кодта æмæ бафыста йæ хæс Райгуырæн бæстæйы раз.

Куыд бирæ æндæр зындгонд поэттæн, афтæ Икъаты Владимирæн дæр хъысмæт не схай кодта дæргъвæтин амондджын цард. Фæлæ уымæн йæ цыбыр царды бантыст тынг бирæ саразын, йæ фæстæ йæ диссаджы уацмыстæ ныууадзгæйæ. Икъайы фырт никуы бæллыд стыр кадмæ, стыр хъæздыгдзинæдтæм. Уымæн йе стыр хъæздыгдзинад уыд йæ уарзон адæмы уарзт æмæ банымад. Йе ‘нкъараг зæрдæ байдзаг йæ радтæг Ирыстоны мæстæй, нал сфæрæзта æмæ йæ зæрдæ йæ кусынæй банцад бынтон æнæнхъæлæджы. Кæд йæ амæлæтæй 31 азы рацыд, уæддæр æй хъуыды кæнынц æмæ арæх фæкæнынц йæ хорзы кой. Йæ ирд фæлгондз цæрæнбонтæм баззад йæ хæстæфхæрд ирон адæмы зæрдæты.  Владимиры æнæрæстæджы амæлæт фехъусгæйæ, адæм зæрдæдзæфтæ фесты. 1990 азы 1-æм февралы йæ ныгæнæн боны поэты йæ фæстаг фæндагыл фæндараст кодтой æгас Цхинвалы цæрджытæ. Уыйбæрц адæм æрбацыд поэт, патриот æмæ æмбæстагæн хæрзбон зæгъынмæ æмæ Мамсырайы фырты уынджы цæугæ дæр нæ кодтой. 2004 азы йæ амæлæты фæстæ Владимир хорзæхджын æрцыд РХИ-йы Кады орденæй. Нæ горæты йæ номыл ис уынг,  Дменисы астæуккаг скъола  хæссы Икъайы фырты ном æмæ афтæмæй,  æнустæм цæргæйæ, баззад йæ радтæг ирон адæмы зæрдæты.

1990 азы журнал «Фидиуæг»-ы зынгæ фыссæг Хъазиты Мелитон йе ‘мсисы тыххæй афтæ фыста: «Володяйы æнæрынцой уд нæ бауромдзæнис мæрдты дзæнæт дæр, йе ‘нæрынцой уд уым дæр нæ бафæраздзæнис æвæлмон цардæн». Раст загъта Мелитон, уымæн æмæ, æцæгæйдæр, кæд мæрдты бæсты исты ис, уæд йæ ингæны хъизæмар кодтаид, знаджы къухæй хъæбатырæй чи фæмард, Ирыстоны уыцы æдзард сахъгуырд лæппуты мæтæй.

Нафи та поэты тыххæй афтæ загъта: «…Мæ зæрдыл уæлдай тынгдæр лæууынц дæ адæймагдзинад, райгуырæн бæстæмæ дæ æгæрон уарзондзинад. Æз никуы ферох кæндзæн, 1989 азы декабры Гамсахурдиайы лæгмарджытæ нæ зæххыл цы фыдмитæ кодтой, уыдоны тыххæй Мæскуымæ зæрдæрисгæйæ чи хъусын кодта, дæ уыцы фæдисы хъæлæс! Уый уыд уарзты раздæры хъæлæс, фæлæ йемыдзаг уыд, адæмы хъизæмæртты тыххæй зæрдæрысты æмæ уæгъдидон фыдгæнджытæм æнæуынондзинады хъæлæс. Уый уыд, знаджы нæмгуытæ æмæ снарядтæй райгуырæн артдзæст йæ зæрдæйæ æрæхгæнынмæ цæттæ чи уыд, ахæм адæймаджы цæф хъæлæс. Уый нæ уыд цæстмæ ми æмæ патриотизмæй хъазт, æниу нæм ахæм дæсны адæймæгтæ дæр ис. Гъе, фæлæ уый уыд дæ зæрдæйы хæрзæгъ-дауы уавæр…».

«Ирыстоны тыххæй кæддæриддæр уыдис счъилдысæй кусæг, архайæг, тохгæнæг. Æрæнцой нæ зыдта йæ зæрдæ. Зынгæ ирон поэтæн, æхсæнадон архайæгæн, курдиатджын журналистæн æмбисыл аскъуыдысты йæ бæллицтæ, йæ хорз хъуыддæгтæ. Уæззау зиан æрцыдис ирон литературæйыл, ирон культурæйыл, йæ сæрибардзинады æмæ национ хæдбардзинады сæрыл тохы, ирон адæмон змæлдыл йæ амæлæтæй… Володяйы хуызæн лæппуты сæр кæд Ирыстоны искуы хъуыдис, уæд тынгдæр абон, уымæ гæсгæ йæ æнафоны фесæфт махæн у уæлдай стырдæр зиан, зæрдæрисы хос…», – фыста курдиатджын фыссæг Æлборты Хазды-Умар.

Икъаты Владимир нал æрæййæфта Ирыстоны хæдбардзинады банымад, нал ын бантыст сæрибар Ирыстоны рацæрын, фæлæ хъæр мæрдтæм дæр хъуысы æмæ йæм фехъуыстаид, æппынфæстагмæ, стыр хъизæмæртты æмæ 2008 азы æнæмсæр тугуарæн хæсты фæстæ Ирыстоны сæрмæ сæрибары тырыса кæй сфæйлыдта, уый. Уырны мæ, уæдæй фæстæмæ уый йæ ингæны æнцойад кæй ссардта, уый. Нæ дуджы, дæ адæмæн цырагъдарæй басыгътæ æмæ дæ рухс ном цæрдзæн дæ радтæг адæмы зæрдæты.  Рухсаг у ноджыдæр! Мæ уац мæ фæнды Икъаты Владимиры æмдзæвгæйы рæнхъытæй фæуын:

 

Æз уæ фырт дæн, мæ ныййарæг адæм,

Мæн нæ байсдзæн сымахæй мæлæт.

Æз – цырагъ дæн уæ номæн, уæ кадæн,

Иры хуымты – мæ гутоны фæд!

 

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.