Нæ бæстæйы æхсæнадыл æрцыд, баххæстгæнæн кæмæн нæй, ахæм зиан. Йæ царды 90-æм азы уæззау æмæ дæргъвæтин рынчыны фæстæ не ‘хсæнæй фæхъуыд нæ хæлар, æмбал æмæ коллегæ – зынгæ паддзахадон æмæ æхсæнадон архайæг Мæргъиты Алекси Георгийы фырт.

Æппæт йæ цард Алекси Георгийы фырт снывонд кодта йæ адæмæн æнувыдæй лæггад кæнынæн, кæцыйы уарзта æцæг фырты уарзтæй æмæ кæцыйæн лæггад кодта йæ царды фæстаг бонмæ.

Мæргъиты Алекси райгуырд 1927 азы 20 декабры бирæсывæллонджын зæхкусæг бинонты ‘хсæн Ленингоры районы Уæллаг Цъолды хъæуы. Йе скъолайон азты уый хъуыд ахуыры æмрæнхъ йæ райгуырæн хъæуы колхозы уæззау куыст кæнын, уыцы рæстæджы йæ хъæуы хистæр фæсивæд фронтмæ кæй ацыдысты, уымæ гæсгæ. Уый тыххæй æвзонг Алекси ссис фыццаг паддзахадон хорзæхы – «Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы намысджын куысты тыххæй» майданы аккаг. 1944 азы уый ахуыр кæнынмæ бацыд Тбилисы паддзахадон университеты физикæ-математикæйы факультетмæ, кæцыйы иттæг хорз нысæнттимæ каст фæцис æмæ æрбаздæхт Ленингормæ. 1956 азы Алекси нысан æрцыд Ленингоры районы адæмон ахуырады хайады сæргълæууæгæй. Ацы бынаты йæ æнтысгæ куысты тыххæй хорзæхджын æрцыд «Адæмон ахуырады иттæг хорз кусæг»-ы майданæй.

1961 азы Мæргъиты Алекси раконд æрцыд Ленингоры райæххæсткомы сæрдары хæдивæджы бынатмæ. Цалдæр азы уый къухдариуæг кодта районы советон æмæ партион органтæн. Ацы рæстæджы æххæстæй раргом сты йæ курдиат æмæ организаторон æвзыгъддзинæдтæ. Уый руаджы районы къухты æфтыд зынгæ æнтыстытæ социалон-экономикон рæзты æппæт бæрæггæнæнтæй дæр. Ахæм æнтыстыты тыххæй Мæргъийы фырт хорзæхджын æрцыд Фæллойадон Сырх Тырысайы æмæ Кады нысаны ордентæй, афтæ ма цыппар майданæй дæр.

1973 азы Алекси Георгийы фырт æвзæрст æрцыд Хуссар Ирыстоны облæххæсткомы сæрдары фыццаг хæдивæгæй, цалдæр азы фæстæ та слæууыд автономон областы фæндæгты хайады сæргъ, цыран æнтысгæйæ фæкуыста, цалынмæ пенсийы ацыд, уæдмæ. Ацы бынаты кусгæйæ, стыр æнтыстытæ къухты æфтыд областæн фæндагон арæзтады. Йæ комкоммæ разамынадæй Хуссар Ирыстоны территорийыл арæзт æрцыдысты 300 километрæй фылдæр хуырвæндæгтæ, арæзт æрцыдысты 56 хиды.

Пенсийы ацæугæйæ Мæргъиты Алекси стыр куыст бакодта хуссайраг ирæтты национ-сæрибаргæнæн тохы тыххæй æрмæджытæ æмбырд кæнын æмæ систематизацимæ æркæныны фæдыл. Иттæг ахсджиаг документтæ æмæ сæ æрмæджытæ, кæцытæ мыхуыр цыдысты æндæр æмæ æндæр бæстæты дзыллон информацийы фæрæзты, уый æрæмбырд кодта æмæ сæ рауагъта 200 томæй фылдæр. Уыдонæй бирæты Алекси Георгийы фырт балæвар кодта Ирыстоны Цæгат æмæ Хуссары зонадон библиотекæтæн, Мæскуыйы Ленины номыл,  АИШ-ы Конгрессы библиотекæтæн æмæ Британийы музейæн.

Мæргъиты Алекси РХИ-йы Президенты цур Куырыхонты советы, ветеранон организациты, Журналистты цæдисы уæнг, афтæ ма республикон-æхсæнадон организацийы сæрдар уæвгæйæ, кодта æвæллайгæ æхсæнадон куыст.

Мæргъиты Алексийы бирæварсон æмæ æнтысгæ архайдæн аккаг аргъ æрцыдис. Уый хорзæхджын æрцыд Райгуырæн бæстæйы уæлдæр паддзахадон хорзæх – Кады орденæй, афтæ ма бирæ æндæр ордентæ æмæ майдантæй.

Мæргъиты Алексийы фæзианæй Хуссар Ирыстон фесæфта зынгзæрдæ патриот æмæ энтузиасты, йæ хистæр фырты, мах – йемæ чи куыста, æппæт уыдон та – хæларзæрдæ, адæймагуарзон зондамонæджы, хæлар æмæ æмбалы.

Мæргъиты Алекси Георгийы фырты рухс фæлгондз цæрæнбонтæм баззайдзæн нæ зæрдæты.

Рухсаг у!

 

Тыбылты Леонид, Хъуылымбегты Доменти, Бибылты Анатоли, Хуыгаты Илонæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.