Уæрæсейы столицæйы уыд Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны фысджыты æмбырдгонд чиныг «Здесь были»-йы презентаци, – хъусын кæны Мæскуыйы ирон æхсæнады пресс-службæ.

Мæскуыйы ирон æхсæнады уагъдцæуæг мадзалмæ æрбамбырдуæвджыты ‘хсæн уыдысты РЦИ-Аланийы мыхуыр æмæ дзыллон коммуникациты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг Габæлаты Мадинæ, сывæллæтты литературон-сфæлдыстадон журнал «Ногдзау»-ы сæйраг редактор Сæлбиты Дианæ, æмбырдгонд чиныджы фысджытæ Тадтаты Тамерлан, Булкъаты Игорь æмæ Гобайты Георги. Чиныджы автор-аразæг, фыссæг æмæ литературон журнал «Дарьял»-ы сæйраг редактор Цхуырбаты Аланы ныхæстæм гæсгæ, чиныджы автортæй   15 адæймаджы равзарын æнцон нæ уыд, Ирыстоны нырыккон фысджытæ-прозаиктæ ацы æмбырдгондæн æвзæрст цыдысты æртæ азы дæргъы. Æмбырдгондмæ хаст æрцыдысты Булкъаты Игорь, Гобаты Георги, Тадтаты Тамерлан, Бекуыраты Руслан, Кира Круглова, Бугъуылты Денис, Габуты Азæмæт, Бицъоты Барис, Виктор Чигира, Хуыгаты Ирлан, Хасанов Резван, Станислав Харин, Дзираиты Динæ, Цхуырбаты Алан æмæ Черчесты Аланы уацмыстæ. «Æз авторты æвзæрстон сæ уацмысты актуалондзинадмæ гæсгæ. Растдæр уымæ гæсгæ уым сыхагиуæг кæнынц нæ цытджын автортæ, куыд Черчесты Алан, æмæ йæ уацмысты цур та ис чысыл чызджы радзырд, кæцыйæн уый у нырма иунæг уацмыс. Фæлæ мæм уый афтæ тынг бахъардта йæ аивадон, æмæ тыхджындæр, актуалондзинадæй, æмæ аскъуыддзаг кодтон чиныгмæ йæ бахæссыны тыххæй», – загъта Цхуырбаты Алан.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, 15 ирон нывгæнæджы иллюстрацитæ сарæзтой радзырдтæй алкæцыйæн дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.