15-æм февралы йæ 65 азы юбилей банысан кодта зынгæ пианист, композитор, дирижер, РЦИ-Аланийы композиторты цæдисы правленийы сæрдар, Цæгат Ирыстоны филармонийы аивадон къухдариуæггæнæг æмæ директор, УФ æмæ РЦИ-Аланийы аивæдты сгуыхт архайæг Махъоты Ацæмæз. Уый у бирæнымæц вокалон, хорон, камерон æмæ программон музыкæйы, афтæ ма кинофильмты  æмæ 50 фылдæр спектаклы музыкæйы автор.

Махъоты Ацæмæз райгуырд 1957 азы  горæт Беслæны. Йе сфæлдыстадон фæндаг райдыдта Чайковскийы номыл Дзæуджыхъæуы музыкалон скъолайæ, кæцыйы каст фæцис тынг хорз нысæнттыл. Каст фæцис Дзæуджыхъæуы аивæдты ахуыргæнæндоны фортепианойы хайад. 1976-1980 азты ахуыр кодта Ленинграды консерваторийы профессор Н.Перельманы фортепианойы къласы фæдыл. Композиторы ахуырад райста Комитассы номыл Ереваны консерваторийы профессор Л.Сарьяны къласы. Композицийы къабазы йæ фыццаг серьезон фæлтæрддзинæдтæ хауынц 1976 азмæ. 1980 азы  ралæууыд Ленконцерты эстрадон къорды. 1984 азæй 1986 азмæ разамынд кодта Цæгат Ирыстоны аивæдты республикон скъола æмæ сывæллæтты 1-æм музыкалон скъолайæн. 1986 азæй 1996 азмæ уыд Цæгат Ирыстоны драмон театры музыкалон хайы сæргълæууæг. 1996 азæй у филармонийы къухдариуæггæнæг æмæ директор. Музыкæ у йæ ныхы фыст. Уый у æвидигæ сфæлдыстадон энерги æмæ удцырындзинады гуырæн. Уый фæстæ ….  Абон Ацæмæз Владимиры фырт у ирд цæвиттон музыканттæ æмæ композиторты рæзгæ фæлтæрæн. Махъойы фырты уникалон курдиат фадат дæтты музыкæ фæлдисынæн, кæцы фыццаг нотæтæй фæстæмæ цæрæнбонтæм баззайы адæймаджы зæрдæйы. Йæ алы уацмыс дæр у æнæхъæн дуне.

Симфонитæ, мюзиклтæ, балеттæ, инструменталон концерттæ. Композиторы сфæлисгæ дæсгай уацмысты зонынц æмæ сын кад кæнынц æнæхъæн дунейы. Цæгат Ирыстоны гимны музыкæ дæр у йæ бакуыстгонд. Йæ музыкæ æвæлмасæй никæйы ныууадзы. Йæ виртуазон музыкæйы алыхатт дæр æнкъардæуы райгуыæрн Ирыстонмæ æгæрæнон уарзондзинад, кæцыйы уый рæдауæй дих кæны йæ хъусджытимæ.

Махъоты Ацæмæз у «Дзæуджыхъæуы театралон фæззæг-99»-ы конкурсы «За лучшую музыку к спектаклю»-йы премийы лауреат, 1989 азæй УФ-йы композиторты цæдисы уæнг. 2006 азы æвзæрст æрцыд Уæрæсейы Федерацийы композиторты цæдисы секретарæй. 2008 азы ссис аивады къабазы национ преми «Нарты фæткъуы»-йы премиийы лауреат. Уый ма у ноджы æндæр хорзæхты хицау дæр. Махъойы фырты регалитæ æмæ кадджын нæмттæ гæнæн ис бирæ рæстæджы нымайын, фæлæ уымæ æнæкæсгæйæ маэстро баззад æнахуыр хæдæфсарм адæймагæй. Уый æгæрон æнувыд у йæ хъуыддагыл.

Махъоты Ацæмæзæн йæ ном раджы ссис музыкæйы синоним. Æмæ йæхæдæг та лæууы стыр адæймæгты рæнхъы. Зын бауырнæнæн у уый дæр, æмæ чысылæй уымæн  пианинойыл бирæсахатон ахуыртæ кæй уыдысты хъизæмары хуызæн. Æвзонг лæппу хъуыды кодта бынтон æндæр цæуылдæртыл. Уацмыстæ репетици кæнгæйæ, уымæн йæ хъуыдытæ уыдысты йе ‘мкарæнтимæ, кæцытæ-иу хъазыдысты кæрты пуртийæ. Уый фæстæ та йæ фæндыд дохтыр суæвын, фæлæ уæддæр йæ мад йæхион акодта. Музыкалон ахуыры тыххæй бинонтæ цæрынмæ рацыдысты Беслæнæй Дзæуджыхъæумæ. Зынгæ композитор суæвгæйæ, уый иу æмæ дыууæ хатты нæ фæхуыдтой йæ райгуырæн Беслæнмæ каджын уазæгæй. Уый абоны онг дæр у скъолайы хъомылгæнинæгты хуыздæр хæлар.

П.Чайковскийы номыл Дзæуджыхъæуы 1-æм музыкалон скъолайы директор Козаты Заремæ загъта: «Нæ сывæллæттæн æнæмæнг у райгуырæн къуымыл музыкæ æххæст кæнын. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Махъоты Ацæмæзы музыкæйы иууылдæр уарзынц. Уый йæ хъус дары республикæйы курдиатджын адæймæгтæм, кæцытимæ йын вæййы æнгом ахастытæ æмæ сæ рæзын кæны композицийы къабазы».

Ленинграды æмæ Ереваны консерваториты рауагъдонæн йæ бон у æрмæст йæ иу музыкæйæ дæр адæймаджы зæрдæйы тæгтæм бавналын. Йæ иууыл карздæр критик алыхатт дæр уыд йæ иууыл æввахсдæр адæймаг, кæцыйæн абоны онг дæр фыссы музыкæ. «Мæ мад тынг карз ахаст дардта цы фыссын, уымæ. Йæ зæрдæмæ тынг цæуы æрмæстдæр иу уацмыс – «Молитва» симфонион оркестрæн. Уый мын загъта, цæмæй музыкæ ныффыстаин «Чермен» æмæ «Æфхæрдты Хасанæ»-йæн», – банысан кодта уый.

Филармонимæ Махъоты Ацæмæзы фæхуыдта легендарон Уататы Бимболат. Æмæ композиторы ныхæстæм гæсгæ, уæдæй фæстæмæ уый цæрæбонтæм бахаудта симфонион музыкæйы уацары. Уыимæ никуы æмбæхста йæ уарзондзинад национ сфæлдыстадмæ. «Мæн фæнды афтæ саразын, цæмæй номхуындæй, ирон музыкæ макуы банымæг уа. Уымæн æмæ мæнæн уыд ахæм развæдгæнджытæ æмæ сæ музыкæ ницæмæй дæлдæр лæууы ныгуылæйнаг-европæйаг композитортæй. Æрмæст мах хъæуы уыдон æрвылбон дæр æххæст кæнын, æмæ йæ уæд бамбардзыстæм куыд диссаг æмæ зæрдæмæхъаргæ у Æлборты Феликс, Гæбæраты Феликс, Плиты Жаннæ, Хаханты Дудары музыкæ. Уыцы курдиатджын адæймæгты номхыгъд стыр у», – банысан кодта Махъоты Ацæмæз.

Маэстройы царды симфони йæ ахуыргæнинæгтæн раджы ссис фæндагамонæг стъалы. Йæ «Ноктюрин» у æвзонг пианистты уарзонддæр уацмыстæй иу. Махъоты Ацæмæзы уацмыстæ сты саргъгæнæн дæр кæмæн нæй ирон композиторон скъолайы ахæм хæзна. Йе сфæлдыстадæн табугæнджытæ йын æхцондзинад исынц йæ диссаджы аивадæй.

Композиторы уацмыстæ зындгонд сты бæстæйæн æддейæ дæр.  Йæ зынгæ уацмыс «Ручеек» хъуысы дунейы алы къуымты. Ацы хатт та – Европæйы музыкалон столицæ Венæйы. Сыгъдæг Иоанн Капистраны аргъуаны йæ æххæст кæны маэстройы ахуыргæнинаг Нелли Гончарук. Уый алыхатт дæр сæрыстырæй сдзуапп кæны: «Мæ ахуыргæнæг у Махъоты Ацæмæз, кæцы у тынг хæларзæрдæ æмæ алыхатт дæр цæттæ у æххусмæ фæзынынмæ. Ацæмæз Владимиры фырты ахургæнинаг уæвын у хъысмæты стыр лæвар. Стыр бузныг дзы дæн цы зонындзинæдтæ мын радта, уыдоны тыххæй», – нымайы Нелли Гончарук.

Махъоты Ацæмæзæн йæ 65-азы юбилейы цытæн райста бирæ арфæтæ. Зæрдæбын арфæтæ йын ракодтой РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис æмæ æндæр бæрнон адæймæгтæ. Йæ юбилейы цытæн ын раарфæ кодтой йæ бирæ ахуыргæнинæгтæ, уыцы нымæцы Ф.Шопены номыл Мæскуыйы паддзахадон колледжы ахуыргæнинаг Макар Кулик дæр. «Мах систам видеоролик, цыран хайад исынц цыппар адæймаджы. Мах цæгъдæм фортепианойыл Махъоты Ацæмæзы ноктюрн æмæ мæ бафæндыд афтæ æнахуыр амалæй йын раарфæ  кæнын. Ацæмæз Владимиры фырт мæнæн æрмæст æввахс адæймаг нæу, фæлæ ма у мæ ахуыргæнæг дæр. Уадз, йæ зæрдæйы алыхатт дæр хъуысæт амонды мелоди», – загъта Макар Кулик.

Мах дæр арфæ кæнæм нæ курдиатджын æмзæххонæн йæ юбилейы цытæн. Бирæ азты æнæнизæй фæнысан кæн дæ юбилейтæ дæ бинонтæ æмæ æввахс адæмимæ.  Ноджыдæр адæмы зæрдæтæн æхцондзинад хæсс дæ кæлæнгæнæг музыкæйæ!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.