1-æм мартæй йæ куыст сног кодта хæрзаудæн магазин «Рухсы тын». Уый ивгъуыд аз æхгæд æрцыд коронавирусы пандемийы аххосæй. Фæлæ та ныр магазин йæ дуæрттæ байгом кодта нæ республикæйы æххуысхъуаг адæмæн. Раздæр магазин кæд улæфтбонты, ома, сабат æмæ хуыцаубоны нæ куыста, уæд ныр та кусдзæнис уыцы бонты дæр. 12 сахатæй 14 сахатмæ ардæм æрбацæуæн уыдзæн æрвылбон дæр, дыццæг æмæ æртыццæг бонтæй дарддæр.

Хæрзаудæн магазин байгом ивгъуыд аз. Йæ организатортæ сты Хаситы Михаил æмæ Хъуылымбегты Ленæ. Магазины ис æххуысхъуаг цæрджытæн алыгъуызон уæлæдарæс, хъазæнтæ, хæлцадон продукттæ, гæрзтæхсæн фæрæзтæ, къахыдарæс, хуыссæны цъæрттæ æмæ а.д. Ардæм сæ бон у æрбацæуын, цæмæй æнæаргъæй райсой, цы сæ хъæуы, уый. Хæрзаудæн магазины байгом кæнынæн баххуыс кодта нæ бæстæйы Президент Бибылты Анатоли. «Рухсы тын»-æн бынат рахицæн æрцыд, Тельманы уынджы  раздæры æфснайæн лагъзæн цы агъуыст уыд, уым. Иууыл раздæр магазинмæ хуынд æрцыдысты Ленингоры поселочы сывæллæтты хъæдзары хъомылгæнинæгтæ. Уыдонæн магазин «Рухсы тын»-ы организатортæ канд дарæс равзарыны фадат нæ радтой, фæлæ ма сын сæвæрдтой бæрæгбонон фынг дæр, æрбахуыдтой сæм аргъæутты уарзондæр персонажты. Сывæллæттæй алчидæр йæхицæн равзæрста, йæ зæрдæмæ чи фæцыд, ахæм уæлæдарæс, чингуытæ, хъазæнтæ. Се ‘хсæн уыд цалдæр рауагъдоны, уыдонæн та «Рухсы тын» балæвар кодта, фæстаг дзæнгæрæг æмæ уый фæстæ банкетмæ цæй мидæг хъуамæ бацыдаиккой, ахæм уæлæ-дарæс. Сывæллæттæ се ‘ппæт дæр фæстæмæ аздæхтысты райгондæй. Уый хæдфæстæ та организатортæ сæ магазинмæ фæхуыдтой зæрæдты хæдзар «Аудындзинад»-ы цæрджытæй йæ бон къахыл лæууын кæмæн у, уыдонæй цалдæр адæймаджы. Уыдон дæр сæхицæн равзæрстой, æхсызгонæй сæ цы хъуыд, ахæм уæлæдарæс.

«Рухсы тын» нæ республикæйы у фыццаг æмæ иунæг ахæм магазин, кæцы кæны хæрзаудæн куыст. Ардæм æрбацæуын йæ бон у алкæцы æххуысхъуаг адæймагæн дæр. Æцæг, Хъуылымбегты Ленæ куыд зæгъы, афтæмæй уыдонмæ хатт æрбацæуы бынтондæр ахæм уавæры чи нæ вæййы, ахæмтæ дæр. Уыдонæн, зæгъгæ, мах бамбарын кæнæм цæмæй «искæй къæбæр ма исой».

Магазины дæрдджын дзаумайæ дарддæр бирæ ис ног дарæс дæр. «Уый та у Бибылты Анатолийы руаджы. Уый нæм фæкаст йæхи сæрмагонд фондæй. Бадзырдта Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны хицæн магазинтимæ æмæ нын уыдон æрвитынц хъæугæ дзаумæттæ. Стæй нæхæдæг дæр иуран нæ бадæм. Не ‘мбæстæгты ‘хсæн дæр бирæ ис ахæмтæ, кæцыты фæнды хæрзаудæн куыст кæнын – мæгуыртæн æххуыс кæнын. Уыдон æрбахæссынц алыгъуызон дзаумæттæ, мах сæ ахицæнтæ кæнæм, æхсинаг чи вæййы, уыдон ныхсæм, ныиту сæ кæнæм æмæ сæ уый фæстæ ауындзæнтыл æрцауындзæм», – зæгъы Хъуылымбегты Ленæ.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй кæйдæрты бафæнды, бирæ фæлыст дзаумæттæ ахæссын. Фæлæ магазинæн ис йæхи фæтк: хæссæн ис æрмæстдæр дыууæйы фæлыст дзаумæттæн.

Магазин «Рухсы тын» цæмæн хуыйны, уый           тыххæй та нын Хаситы Михаил афтæ загъта: «Рухсы тын – рухс кæны алы адæймаджы зæрдæ дæр. Адæм алы дуджы дæр æххуыс кодтой кæрæдзийæн æмæ мах та стæм æрмæстдæр æхсæны лæгтæ. Бирæтæм ис ног, кæнæ хорз уавæры чи ис, ахæм дзаумæттæ æмæ сæ æрбахæссынц махмæ. Адæм иууылдæр æмхуызон уавæры нæ цæрынц. Мæгуырдæр чи у, мах зонæм ахæмты, чи сæ бирæсывæллонджын у, чи – иунæг. Ахæмты мах фæхонæм сæрмагондæй. Ирон адæймаг мæгуыргур нæ ацæудзæн. Фæлæ йæ уæзданæй куы фæхонай, ома, нæм æрбацу, мах сæрмагондæй сымах хуызæн адæмæн сарæзтам ацы магазин, уæд стыр æхсызгонæй бацæуынц. Куы фенынц, дзаумæттæ зæххыл калд не сты, фæлæ бæстон ауыгъд, магазины куыд вæййы, афтæ, уæд сæ зæрдæйы равг фæхъæлдзæгдæр вæййы æмæ равзарынц сæ бинонтæ цух цæмæй сты, уый. Ис нæм хæлцадон продукттæ дæр æмæ уыдон дæр æхсызгонæй хæссынц», – зæгъы Хаситы Михаил.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.