Адæмæн сæ фылдæрыл тынг æндавынц магнитон тымыгътæ. Æппæт дунейы ахуыргæндтæ рагæй ахуыр кæнынц ацы уавæр. Карз инфекцитæ æмæ социалон катаклизмæты фæзынд дæр бæттынц хуры активондзинадимæ. Æнæниз адæймагыл хуры активондзинад кæй æндавы, уый бæлвырд факт у. Уымæ гæсгæ ахуыргæндтæспециалисттæ рагацау бафæдзæхсынц, кæд вæййынц магнитон тымыгътæ, уымæй.

Цæмæн вæййы магнитон тымыгътæ?

Магнитон аномалиты фæзынды аххосаг вæййынц хурыл спырхытæ. Ацы спырхæн уыйас тых вæййы æмæ æвзаджы хуызæн судзгæ газæн йæ гуырахст 30 хатты фылдæр вæййы, мах цы зæххыл цæрæм, уымæй. Уыцы тыхæн йæ бон у æмæ фæнык фестын кæна зæххы цъар. Фæлæ Зæхмæ æрбаввахсгæнгæйæ, расайы æрмæстдæр йæ магнитон быдыры змæстытæ. Магнитон быдыр та Зæххæн у, куыд æмбæрзæн, афтæ.

Хурыл куыддæр срæмыгъдтытæ вæййы, афтæ адæмæй иутæ уадидæгæн фæтыхсынц, иннæтæ та банкъарынц хуры активондзинады æндæвдад 2-3 боны фæстæ. Ахуыргæндтæ, уымæ гæсгæ, развæлгъау саразынц алы мæйæн дæр магнитон тымыгъты календарь, цæмæй метеоæндæвдады адæймæгтæн фадат уа сæхи цæттæ дарой уыцы бонтæм.

Цы бонты нæм æнхъæлмæ кæсынц магнитон тымыгътæ августы мæйы?

Августы магнитон тымыгъты сæйраг катаклизмæтæ æрцæудзысты мæйы райдиан æмæ æмбисы.

2-3 август – адæймаг гæнæн ис æгъуыссæг фæуа, рисдзæн сæр, уыдзæн мæстыгæр. Йе ‘нæниздзинад лæмæгъ кæмæн у, уый хъуамæ йæ хъус дара туджы æлхъывдадмæ æмæ нуæрттæм.

16-17 августы уыдзысты иууыл карздæр магнитон бонтæ. Тыхсын кæндзысты централон нуæртты æмæ зæрдæ-дадзинты системæтæ. Зæрдæ-дадзинты низтæй чи тыхсы, уыдон сæхи хъуамæ бахизой физикон куыстытæй æмæ бахъахъхъæной сæ эмоцитæ. 11 сахатæй 19 сахатмæ уынгмæ ма хъуамæ рахизой.

29-30 августы фæлæмæгъдæр уыдзысты магнитон тымыгътæ. Эмоциалон адæймæгтæн сæ бон у спайда кæной сабыргæнæн зайæготы препараттæй.

Боныгъæды æндæвдад адæймаджы æнæниздзинадыл

Боныгъæды æндæвдад адæймаджы æнæниздзинадыл кæддæриддæр у индивидуалон.

Ис ахæм адæймæгтæ, кæцытæ сæ царды уавæртæ æмæ архайдмæ гæсгæ арæх цæуынц иу ранæй иннæ ранмæ, иу бæстæйæ иннæ бæстæмæ æмæ бахауынц куы тæвд бынатмæ, куы та – уазал бынатмæ. Æмæ бирæтæ уый æппындæр ницæмæ æрдарынц. Бирæтæ та йæ зынтæй сфæразынц æмæ хуыздæрыл банымайынц ахæм балцыты нæ цæуын.

Ис ахæмтæ дæр, æмæ боныгъæды фæивдимæ фæивы сæ зæрдæйы уаг дæр, чидæртæ та бынтондæр нæ фæхатынц атмосферон æлхъывдад æмæ температурæйы фæивд. Вæййы афтæ, æмæ, хæдзарæй рахизгæйæ, бирæтæ рынчын кæнын райдайынц, атмосферæйы чысыл ивындзинæдтæ куы ‘рцæуынц, уæд дæр. Ахæм бæрзонд æнкъарынады хонынц метеодæлбардзинад. Ахæм адæймæгтæм, куыд фæтк, афтæ хауынц зæрдæ-дадзинты низтæй рынчынтæ, бирæ чи кусы æмæ цъус чи улæфынц, афтæ ма æдзух чи фæллайынц, ахæмтæ.

Адæймаг цас фылдæр низтæй рынчын у, уыйас йе ‘нæниздзинадыл боныгъæд æндавы тынгдæр. Ахæм стыр æндæвдадмæ та æркæнынц тугдадзинты атеросклероз, улæфæн органты низтæ, аллерги, неврастени, афтæ ма æрхæгты кæцыфæнды низтæ дæр. Уымæй дарддæр ма тамако дымын æмæ наркотикты зиан уый мидæг дæр ис, æмæ кæй фæтынгдæр вæййы метеоæнкъарындзинад.

Куыд фервæзæн ис метеоæндæвдадæй?

Алы адæймаджы дæр фæнды, цæмæй уа йæ хиæнкъарынады, йæ зæрдæйы равджы хицау. Боныгъæды æндæвдад ын ма хъуамæ хала йæ плæнттæ.

Уæдæ цæмæй адæймаг сæрибар уа зæрдæйы равджы раив-баивтæй æмæ æндæр æппæрццаг æнкъарæнтæй, уый тыххæй аразын хъæуы ахæм процедурæ, куыд донæй организмы фæлтæрын. Уымæй дарддæр ма тынг хорз æххуыс кæны ленк кæнын, спортивон цыд æмæ спорты æндæр хуызтæ. Уыдон бирæ тых хардз кæнын нæ домынц. Хорз у фылдæр сыгъдæг уæлдæфмæ тезгъо кæнын, афтæ ма фаг фынæй кæнын дæр.

Сæрмагонд хъусдард аздахын хъæуы психологион уавæрмæ дæр. Боныгъæд кæуыл æндавы, уыдоны хъæуы эмоционалон коррекци – аутогенон фæлтæрæнтæ, йога, алыгъуызон медитацион техникæтæ. Боныгъæд цæхгæр куы фæива, уæд бирæ хæрын нæ хъæуы, хи хизын хъæуы эмоционалон æмæ физикон уæззау фæлварæнтæй, аразын хъæуы хи лæмæгъгæнæн массажтæ.

Бацархайут уе ‘нæниздзинад фидардæр кæныныл æмæ боныгъæдæн фадат ма дæттут уæ хиæнкъарынад æвзæрдæр кæнынæн. Уæ къухты бафтæт æнтыстытæ, æмæ уын уæд ницахæм боныгъæдтæ уыдзысты тæссаг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.