Декабры мæйы зæххыл уыдзæн цалдæр карз магнитон тымыгъы. Уыдонæй аирвæзæн нæй, фæлæ хъæуы  бацæттæ кæнын æмæ сæ хи бахъахъхъæнын.

Магнитон тымыгътæ

Магнитон тымыгъты сæвзæрды аххосаг æмбæхст ис космосы, конкретонæй та – хуры активондзинады. Хурыл рæстæгæй-рæстæгмæ фæзыны стъæлфытæ, уыцы бынæтты температурæ къаддæр вæййы. Стъæлфытæ æрбынат кæнынц æмæ сæ ахуыргæндтæ хонынц магнитон активондзинады бынæттæ. Ацы бынæттæй космикон тыгъдадмæ æрвыст цæуынц магнитон тыхджындæргæнæг хайыгтæ, кæцытæн се змæлд у рухсы тагъдады æмбæрц. Зæхмæ куы æрæввахс вæййынц, уæд расайынц планетæйы магнитон быдыры уæлдай активондзинад. Уыцы рæстæджы магнитон быдыры æндавдад у тыхджын – цардуагон электронон прибортæ (ифтонггæрзтæ), спутникты куыст, GPS-сигналы алæвæрды гъæдæй суанг адæмы æнæниздзинады онг.

Адæймагады историйы иууыл тыхджындæр магнитон тымыгъ уыд 1859 азы 1-æм сентябры. Ацы факт банысан кодтой ахуыргæндтæ. Зæххы цæгаттаг тымбылæг ныйирд рухс арвæрттывдæй ноджы тынгдæр. Уыцы рухс ферттывта Гавайаг сакъадахы онг дæр. Электрон рухсæй уæд нырма цадæггай райдыдтой архайын æмæ магнитон тымыгъ æрмæст адæмы не стыхсын кодта, фæлæ ма басыгъта телеграфон хæххытæ дæр.

Магнитон тымыгъты æндæвдад адæмыл

Алчи дæр æй зоны, магнитон тымыгътæ адæмæн сæ фылдæры кæй хъыгдарынц, уый. Куыд ис уымæн бамбарæн? Фылдæр хатт, боныгъæд æмæ магнитон тымыгътæ чи хъусын кæны, уый зæрдыл дарын кæны алыгъуызон космикон æмæ геофизикон факторты, кæцытæ æндавынц æнæниздзинадыл. «Геомагнитон фон у знæт», – ацы фразæ нысан кæны уый, æмæ гипертониктæ æмæ тугдадзинтимæ баст æндæр низтæй рынчынтæ кæй тыхсдзысты. Ахæм бонты фылдæр адæймæгтæ бахауынц рынчын-дæттæм, сæ уавæр февзæрдæр вæййы зæрдæнизæй рынчынтæн дæр.

Адæймаг цас фылдæр низтæй рынчын у, уыйас йе ‘нæниздзинадыл боныгъæд æндавы тынгдæр. Ахæм стыр æндæвдадмæ та æркæнынц тугдадзинты атеросклероз, улæфæн органты низтæ, аллерги, неврастени, афтæ ма æрхæгты кæцыфæнды низтæ дæр. Уымæй дарддæр ма тамако дымын æмæ наркотикты зиан уый мидæг дæр ис, æмæ кæй фæтынгдæр вæййы метеоæнкъарындзинад.

Боныгъæды æндæвдад адæймаджы æнæ-низдзинадыл кæддæриддæр у индивидуалон.

Бирæтæ уый æппындæр ницæмæ æрда-рынц. Ис ахæмтæ, кæцытæн боныгъæды фæивдимæ фæивы сæ зæрдæйы уаг дæр, чидæртæ та бынтондæр нæ фæхатынц атмосферон æлхъывдад æмæ температурæ-йы фæивд. Вæййы афтæ, æмæ, хæдзарæй рахизгæйæ, бирæтæ рынчын кæнын райдайынц, атмосферæйы чысыл ивындзинæдтæ куы ‘рцæуынц, уæддæр. Ахæм бæрзонд æнкъарынады хонынц метеодæл-бардзинад. Ахæм адæймæгтæм, куыд фæтк, афтæ хауынц зæрдæ-дадзинты низтæй рын-чынтæ, бирæ чи кусы æмæ цъус чи улæфынц, афтæ ма æдзух чи фæллайынц, ахæмтæ.

Магнитон тымыгътæ декабры (12-31 декабрмæ)

Уæлдай хъусдард аздахут уе’нæниздзинадмæ 12-14-æм декабрмæ. Пик – 13-æм декабры. Развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ магнитон тымыгъ уыдзæн иууыл карздæр æрмæст декабры мæй нæ, фæлæ азы æрцæугæ магнитон тымыгътæй дæр. Ахуыргæндтæ нымайынц, зæгъгæ, пикы рæстæджы уый уыдзæн 7 баллы онг æмæ, æгæрыстæмæй, бандавдзæн æнæниз адæймæгтыл дæр.

Магнитон тымыгъ 18-22 декабрмæ – хуыцаубон, 19 декабрь, 4 баллы онг. Хи бахизын хъæуы, куыд физикон, афтæ эмоционалон уæз райсынæй.

Афæдзы фæстаг бонты – 30 декабрæй – 31 декабрмæ раив-баив кæндзæн зæрдæйы уаг, фæтынгдæр уыдзæн фæлладдзинад. Уавæр фæвазыгджындæр кæндзæн ног азмæ дзаджджын фынг æрцæттæ кæныны фæдыл архайдтытæ, кæцы хъæздыг вæййы сой хæринæгтæ æмæ алыгъуызон карз нозтытæй (номхуындæй, ацы продуктты нæ рекомендаци кæнынц магнитон бонты).

Куыд фервæзæн ис метеоæндæвдадæй?

Ис фервæзæн боныгъæды раив-баивæй? Кæй зæгъын æй хъæуы, æмæ хъæугæ дæр кæны. Алы адæймаджы дæр фæнды, цæмæй уа йæ хинкъарынады, йæ зæрдæйы равджы хицау. Боныгъæды æндæвдад ын ма хъуамæ хала йæ плæнттæ.

Уæдæ цæмæй адæймаг сæрибар уа зæрдæйы равджы раив-баивтæй æмæ æндæр æппæрццаг æнкъарæнтæй, уый тыххæй аразын хъæуы ахæм процедурæ, куыд донæй организмы фæлтæрын. Уымæй дарддæр ма тынг хорз æххуыс кæнынц ленк кæнын, спортивон цыд æмæ спорты æндæр хуызтæ. Уыдон бирæ тых хардз кæнын нæ домынц. Хорз у фылдæр сыгъдæг уæлдæфмæ тезгъо кæнын, афтæ ма фаг фынæй кæнын дæр.

Сæрмагонд хъусдард аздахын хъæуы психологион уавæрмæ дæр. Боныгъæд кæуыл æндавы, уыдоны хъæуы эмоционалон коррекци – аутогенон фæлтæрæнтæ, йога, алыгъуызон медитацион техникæтæ. Боныгъæд цæхгæр куы фæива, уæд бирæ хæрын нæ хъæуы, хи хизын хъæуы эмоционалон æмæ физикон уæззау фæлварæнтæй, аразын хъæуы хи лæмæгъгæнæн массажтæ.

Хорз зæрдæйы уаг у æвзонгад бахъахъхъæныны хуыздæр фæрæз. Уæдæ боныгъæдæн фадат ма дæттут уæ хинкъарынад æвзæрдæр кæнынæн. Адæймаджы æнæниздзинадыл боныгъæды æндæвдад бирæ-бæрцæй æвдисы йæ мидæнкъарæнтæ æмæ царды активондзинадæй. Кæд æмæ цæттæ стут уе ‘нæниздзинад фидардæр кæнынмæ æмæ уæ ныфс ис æнтыстытæ къухты бафтын кæнынæй, уæд уын ницахæм боныгъæдтæ уыдзысты тæссаг.

Медикты фæдзæхстытæ:

– Организмы бахизут æгæр сой, адджын æмæ уæззау хæринæгтæй.

– Хæрут ныллæгкалорион хæринæгтæ.

– Уæхи бахизут карз цай æмæ кофейæ.

– Фылдæр пайда кæнут сыгъдæг дон æмæ кæрдæджыты цайтæй.

– Ацы бонты уæхи бахизут физикон æмæ  хъуыды кæнын кæуыл хъæуы, ахæм æндæр куыстытæй.

– Фылдæр тезгъо кæнут сыгъдæг уæлдæфмæ.

– Бирæ адæм кæм æмбырд кæны, уыцы бынæттæм æввахс ма цæут.

-Уæхи бахизут уæлдай эмоцитæ æмæ стресстæй.

Æнæниз цард кæнут!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.