Алчи дæр æй зоны, магнитон тымыгътæ адæмæн сæ фылдæры æнæниздзинадыл кæй æндавынц, уый. Куыд ис уымæн бамбарæн? Фылдæр хатт  боныгъæд æмæ магнитон тымыгътæ чи хъусын кæны, уый зæрдыл дарын кæны алыгъуызон космикон æмæ геофизикон фактортæ.

Боныгъæды æндæвдад адæймаджы æнæниздзинадыл кæддæриддæр у индивидуалон. Ис ахæм адæм, æмæ боныгъæды фæивдимæ фæивы сæ зæрдæйы уаг, чидæртæ та бынтондæр нæ фæхатынц атмосферон æлхъывдад æмæ хъæрмады фæивд. Вæййы афтæ, æмæ, хæдзарæй рахизгæйæ, бирæтæ рынчын кæнын райдайынц, атмосферæйы чысыл ивындзинæдтæ куы ‘рцæуынц, уæд дæр. Ахæм бæрзонд æнкъарынады хонынц метеодæлбардзинад. Ахæм адæймæгтæм, куыд фæтк, афтæ хауынц зæрдæдадзинты низтæй рынчынтæ, бирæ чи кусы æмæ цъус чи улæфынц, ахæмтæ.

Цас фылдæр низтæй тыхсы адæймаг, уыйас йе ‘нæниздзинадыл боныгъæд æндавы тынгдæр. Тыхст бонты фæкарздæр вæййынц хроникон низтæ, тæссаг вæййы тугдадзинты атеросклероз, улæфæн органты низтæ, аллерги, неврастени, афтæ ма æрхæгты кæцыфæнды низтæй дæр. Уымæй дарддæр ма тамако дымын æмæ наркотикты зиан уый мидæг дæр ис, æмæ кæй фæтынгдæр вæййы метеоæнкъарынад.

Магнитон тымыгътæ кæцы бонты уыдзысты марты дыккаг æмбисы?

16 март. Геомагнитон æндæвдад уыдзæнис лæмæгъдæр. Иуæй-иу адæймæгтæ банкъардзысты физикон фæлладдзинад, гипертониктæ, зæрдæнизджынтæ æмæ психикон низтæй чи тыхсы, уыдонæн уæлдай фæкарздæр уыдзысты сæ низтæ. Æнæниз адæймæгтыл дæр бандавдзæн ацы бон – фæллайдзысты, уыдзысты мæстыгæр, хуыссæгхъæлдзæг.

19 март. Зæрдæ æмæ психикон низтæй чи тыхсы, уыдонæн фæкарздæр уыдзысты сæ низтæ. Æнæниз адæймæгтæ та хъуамæ бахъахъхъæной сæ нуæрттæ.

21 март. Магнитон æндæвдад уыдзæн тыхджын. Бирæ адæм кæм тымбыл кæны, ахæм бынæттæй уæхи хизут. Хуыздæр у уæ рæстæг арвитат бинонты ʻхсæн, сабыр уавæры.

22 март. Лæмбынæгдæр æркæсут уе ʻнæниздзинадмæ. Уæхи хизут, бирæ адæм кæм æмбырд кæны, ахæм бынæттæй.

28-29 март. Ацы бонты, гæнæн ис уа критикон, нуæртты низтæй чи тыхсы, уыцы адæймæгтæн.

Алы адæймаджы дæр фæнды, цæмæй уа хорз йæ хиæнкъарынад,   зæрдæйы равг. Боныгъæды æндæвдад ын ма хъуамæ хала йæ плæнттæ.

Уæдæ цæмæй адæймаг сæрибар уа зæрдæйы равджы раив-баивтæй æмæ æндæр æппæрццаг æнкъарæнтæй, уый тыххæй сæрмагонд хъусдард аздахын хъæуы уымæ, цæмæй ма фæкарздæр уой хроникон низтæ, хъус æрдарын хъæуы психологион уавæрмæ дæр. Хорз зæрдæйы уаг у æвзонгад бахъахъхъæныны хуыздæр фæрæз. Уæдæ боныгъæдæн фадат ма дæттут уæ хиæнкъарынад æвзæрдæр кæнынæн. Афтæ куы уа, уæд уын ницахæм боныгъæдтæ уыдзысты тæссаг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.