УФ-йы Хъахъхъæнынады министрад радзырдта Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæджы уæрæсейаг æфсæддон службæгæнæг, медицинон службæйы дæлбулкъон Макъоты Хазбийы стыр сгуыхтдзинады тыххæй. Хæстон архайдтыты рæстæджы æфсæдты сæрмагонд сконд равдыста стыр хъайтардзинад. Макъоты Хазби Донецк æмæ Луганскы Адæмон Республикæты бахъахъхъæныны фæдыл сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæджы оперативонæй равæрдта быдырон госпиталь æмæ сифтонг кодта эвакуаци, цæфты химæрайст, афтæ ма сорганизаци кодта медицинон персоналы эффективон куыст.

Цæрæн пункт ссæрибар кæныны фæдыл карз тохты рæстæджы, госпиталы бынат ныхмæлæууæг артиллерион æхст кæй кодта, уый фæстиуæгæн Макъоты Хазби фæконтузи æмæ цыдæр рæстæгмæ йæ зонд фесæфта. Йæхи куы æрæмбæрста, æмæ уавæрæн раст аргъ куы скодта, уæд Хазби сорганизаци кодта госпиталы сæхицæн чи хос кодта, уыцы цæфты эвакуаци бæстыхайы ныккæндмæ æмæ сын афтæмæй бахъахъхъæдта сæ цард. Хæстон хæстæ æххæст кæныны райдианæй фæстæмæ æдæппæтæй дæлбулкъон Макъоты Хазбийы къухдариуæгады бын медицинон батальоны тыхтæй эвакуаци æрцыдысты 1000 æфсæддон службæгæнæгæй фылдæр, кæцы сын ахъаз кодта се службæйон хæстæм тагъдыл фæстæмæ  æрбаздæхынæн. Хæстон архайдтыты рæстæджы, командир-медицинон кусæг дæлбулкъон Макъоты Хазби сæрмагондæй йæхæдæг медицинон æххуыс бакодта 120 æфсæддон службæгæнæгæн æмæ сын уымæй бахъахъхъæдта сæ цард.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.