Мадæлон æвзаджы рæзты тыххæй нæ республикæйы стыр куыст уагъдæуы. Мыхуыры цæуынц алгъуызон зонадон уацтæ, ахуыргæнæн чингуытæ, аивадон литературæ.

Фæсивæд фылдæр архайынц дзурынц мадæлон æвзагыл.

Сабидæтты, скъолаты уагъд цæуынц цымыдисон тематикон мадзæлттæ. Сабидон у фыццаг къахдзæф æхсæнадон цардмæ.

Сабийæн йæ фыццаг фембæлд æхсæнадимæ, социумимæ æрцæуы йæ дыккаг хæдзары – сабидоны. Ам ын фæзыны фыццаг æмгар, фыццаг зонæнтæ йæ алварс уæвæг предметы тыххæй йын амоны хъомылгæнæг, хъомылгæнæгимæ йын цадæггай æууæнчы ахастытæ фæзыны.

Сабидоны бындур æвæрд æрцæуы сабийæн йæ психологон æнæниздзинад æмæ интеллектуалон райрæзтæн.

2013 азы нæ республикæйы сабидæттæн арæзт æрцыдысты методикон бацамындтытæ (чингуытæ) мадæлон æвзагыл.

Профессор Битарты Зойæ Алыксандры чызг бацæттæ кодта программæ «Малусæг». Уый фæлгæтты мыхуыры рацыд 42 чиныджы. Чингуытæ (методикон бацамындтытæ) сты математикæйæ, ныхасы райрæзтæй, æрдззо-нынадæй, ныв кæнынæй, музы-кæйæ.

Программæ «Малусæг» у ногдзинад Хуссар Ирæн. Йæ хорздзинад у, æрмæг лæвæрд кæй цæуы иронау æмæ уырыссагау.

Программæ «Малусæг»-мæ гæсгæ цы методикон æрмæг æрцыд у арæзт, уыдонæй иу у Тыбылты Ингæйы чиныг «Сабидоны гоймаг схъомыл кæныны методикон бацамындтытæ».

Ацы чиныгмæ гæсгæ мæхæдæг дæр кусын цалдæр азы æмæ мæ фæнды зæгъын чиныджы æрмæджы тыххæй мæ хъуыдытæ.

Сабитæ алцæмæ дæр тынг фæцымыдис кæнынц: цыдæриддæр уынынц, уый, алы предметы ном дæр, цæмæн хъæуы иу кæнæ иннæ предмет, цæмæн уары къæвда, цæмæн кæсы хур, дидинæг цæмæн хъæуы æмæ æнд.

Ранымад фарстытæ хъуамæ уой хуымæтæг æмæ æнцонæмбарæн æвзагыл фыст, цæмæй саби, хъомылгæнæг ын цы дзура, уый æмбара. Чиныджы авторæн уый иттæг хорз бафтыд йæ къухы.

Чиныджы æрмæг у комплексон. Темæтæ сты математикæйæ, ныхасы рæзтæй, социалон æмæ æрдзон дунейæ, физикон хъомылады, афтæ ма хъомылгæнæг æмæ сабиты иумæйаг архайды фæдыл.

Æрвылбондæр саби зонындзинæдтæ исы мадæлон æвзагыл математикæйæ. Нæ сабитæ дзурынц ахæм математикон терминтæ, куыд, зæгъæм, æртæкъуымæг, цыппаркъуымæг, къопп, зылд; базыдтой æнæудджын (буарадон) фæзындтæ. – дон, змис, тæвд æмæ æнд. Æнæмæнгдæр мæ фæнды банысан кæнын, сабитæн цадæггай кæй хъæздыг кæны сæ лексикæ, базыдтой дзæвгар дзырдтæ мадæлон æв-загыл, сæ ныхасы сын арæх фехъусæн ис: æнгуз, хъæдындз, уырыдзы æмæ а.д.

Сабитæ æвзыгъдæй ахуыр кæнынц аивадон æрмæг дæр – æмдзæвгæтæ, зарджытæ,тырнынц хи ныхæстæй аргъауы мидис радæттынмæ.

Ацы чиныджы мидисджын æмæ цымыдисон æрмæг нæ сабитæ хорз куы сахуыр кæной, куы йæ бамбарой куыд æмбæлы, афтæ, уæд мæ ныфс ис, Ирыстоны кæй уыдзæн зондджын æмæ размæдзыд фæсивæд.

Куымæридтаты Эльзæ,

г. Цхинвалы 12-æм сабидоны  хъомылгæнæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.