Цæгатирыстойнаг Марзайты Аланы Башкирийы парламент сфидар кодта бæстæйы хицауады вице-премьерæй. Уый тыххæй хъусын кæны регионалон паддзахадон æмбырды пресс-службæ. Депутаттæ ахæм уынаффæ райстой хъæлæсæппæрсты фæстиуæгæн. Паддзахадон æмбырды сæрдар Марзайты Аланы схуыдта профессионал æмæ хорз организатор. Афтæ ма фехъусын кодта, зæгъгæ, дзы ног бынаты æнхъæлмæ кæсы «эффективон куыстмæ».

Марзайты Алан райгуырд 1973 азы 14 майы горæт Æрыдоны. Каст фæцис Хæххон паддзахадон аграрон университет, барад æмæ управленийы академи. У экономикон зонæдты кандидат. 1994 азæй 2019 азмæ уый куыста алыгъуызон бынæтты хъалонты федералон службæйы. 2019 азæй Марзайы фырт кусы Башкирийы. Уый уыд Башкирийы фæндагон хæдзарады управленийы сæргълæууæг, транспорт æмæ фæндагон хæдзарады фæдыл паддзахадон комитеты сæрдар, республикæйы транспорт æмæ фæндагон хæдзарады министр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.