Сингапуры, коронавирусон низы фæзынды фæстиуæгæн, скъоладзаутæн æмæ, æгæрыстæмæй, сывæллæтты рæвдауæндæтты дæр бакæнын кодтой маскæтæ дарыны режим. Æртæаздзыд сывæллоны мад куыд зæгъы, афтæмæй йæ фырт раздæр уыдис галиу, тæлфаг, хъæлæбагæнаг, æмæ маскæ скæныны фæстæ йæ уагахаст цæхгæр фæивта, – бæрæг фæсабырдæр, ссис коммæгæс æмæ йын ныр бирæ хæттыты йæ сыбыртт дæр нал фехъусдзынæ. Ацы цауыл лæмбынæг куы ахъуыды кæнæм, уæд ирдæй бæрæг у пандеми саразджыты фæнд.

Хорз у, æмæ Уæрæсейы нырма уыййонг нæ бацыдысты, цæмæй сывæллæттæн дæр маскæтæ скæнын кæной. Æниу, кæцыдæр ныййарджытæ бацин кæниккой, зæгъгæ мæ сывæллон тынг нал галиу кæнид маскæ куы дара, уæд, æмæ сразы уаиккой. Фæлæ йын уыдон йæ фæстиуджытыл нæ хъуыды кæнынц, нæ йæ æмбарынц, адæймаджы æнæниздзинадыл куыд тынг æндавы маскæ дарын, уый, уæлдайдæр та рæзгæ организмыл. Китайы дыууæ скъоладзауы фæмардысты физкультурæйы урокыл, уымæн æмæ сæ лидзын кодтой маскæты æмæ сæ организмæн туаггуыр нал сфаг ис.

Сбæлвырд уал кæнæм, куыд æндавы адæймаджы психикæйыл маскæ дарын. Фыццаджыдæр, адæймагæн маскæ тых-хæй дарын басæтты йæ психикæ, свæййы æнæбон, ныфссаст, коммæгæс, æмæ ахæм адæймагыл, кæй зæгъын æй хъæуы, манипуляци кæнын æнцондæр у. Адæймагæн йæ цæсгом куы нæ зына, куы ничи йæ уына, уæд йæхи æххæст гой-магæй нæ хаты, йæхи хъуыдытæ аиуварс кæны æмæ æрмæстдæр хъусы искæй ныхæстæм. Маскæтæ дарын чи æрæмысыдис æмæ сæ чи домы, уыдонæн дæр сæ фæнд ахæм у, цæмæй сæ дæлбар бакæной адæмы фылдæр хайы æмæ сын уой, куыд цагъайрæгтæ, афтæ. Ӕгæрыстæмæй ма, Уæрæсейы къухдариуæгады бæрнон кусджытæй дæр чидæртæ срæдийынц æмæ катайдзинад равдисынц, зæгъгæ, адæймаг йæ цардыл куы æххæсса, куы йын уа фаг фæллой цæрынæн, уæд ыл æлдариуæг кæнын зын у, манипуляцийы методтæ нал фæкусынц, æмæ, ома, ацы уавæр цæхгæр фæивын хъæуы.

Рагон ахуыргæндтæ дæр ма сæ цæстдарды фæстиуæгæн бамбæрстой адæймаджы ацы миниуæг æмæ рагон паддзахадты къухдариуæггæнджытæ, ацы психологон фæзынд хынцгæйæ, ивындзинæдтæ хастой сæ адæмы царды фæткмæ. Зæгъæм, бирæ бæстæты, уæлдайдæр та пысылмон диныл хæст адæм кæм цæрынц, уым, сылгоймæгтæн æмбæрзын кæнынц сæ цæсгæмттæ. Ахæм сылгоймагæн йæ уагахаст фæивы, – свæййы сабыр æмæ коммæгæс, йæ бартæ иууылдæр ратты йæ хæдзары нæлгоймагмæ, йæ къахдзæфтæ дæр баст вæййынц искæй фæндонимæ. Ӕгæрыстæмæй хайад нæ фæисынц политикон царды, нæ сæ фæуадзынц æвзæрстытæм, бирæтæн дзы нæ вæййы паспорттæ æмæ нæ бацæуынц скъолатæм ахуыр кæнынмæ дæр. Уыцы бæстæты нæлгоймæгтæ ахæм фæткыл цæрыныл разы сты æмæ сылгоймæгтæн та сæ бон нæу сæ бартыл сдзурын, афтæ сæм кæсы, ома сæ æрдз уый тыххæй равзæрста, цæмæй хъусой сæ нæлгоймæгтæм, æххæст сын кæной сæ хæслæвæрдтæ æмæ алцæмæн дæр быхсой, фæразой. Иудзырдæй, ацы бæстæты сылгоймæгты хъысмæт ис сæ нæлгоймæгты къухты, закъон сын алы бар дæр дæтты. Æмæ уæдæ ахæм адæймаг цагъайрагæй цæмæй хицæн кæны æмæ ахæм адæмы къорд та – фосы дзугæй?

Куыд уынæм, афтæмæй ма маскæ дарын хæссы социалон эффект дæр. Маскæтæ чи дары, уыдонмæ афтæ кæсы, ома йæ чи нæ дары, уыдон низджын сты æмæ сæ хъавынц фæрынчын кæнынмæ. Уымæ гæсгæ сæм фæкæсынц знаджы цæстæй, се ‘хсæн рауайы конфликттæ æмæ æхсæнады сæвзæры æндыгъд уавæр. Ӕмæ уый дæр у пандеми саразджыты фæнд, – ахæм конфликтты руаджы ныддихтæ кодтой адæмы æмæ ныр, æмткæй, сæ бартыл сдзурын сæ бон нал у. Уымæй уæлдай ма рæдийын кæнынц барадхъахъхъæнæг органты æмæ æндæр службæты кусджыты дæр, аразын сын кæнынц æнæзакъонон къахдзæфтæ, æххæст кæнын сын кæнынц алыгъуызон уынаффæтæ, кæцытæ сты Конституцийы ныхмæ. Уый та уымæн афтæ аразынц, цæмæй адæмæн сæ ныфс асæтта, бамбарын сын кæной се ‘дыхдзинад æмæ мауал лæууой ныхмæ.

Уымæй уæлдай ма маскæтæ дарын бирæ пайда хæссынц хуыйæн фабрикæтæн. Куы йæ банымайæм, уæд алы адæймаг дæр боны дæргъы хъуамæ спайда кæна цалдæр маскæйæ. Ӕмæ ма алыгъуызон пропагандæгæнджытæ телеуынынад æмæ æндæр информацион фæрæзты æмбарын кæнынц дзыллæтæн, зæгъгæ маскæ дарын у адæмы размæцыдыл дзурæг æмæ бæстæты къухдариуæггæнджытæ та, ахæм метод-тæй пайда кæнгæйæ, æрмæстдæр мæт кæнынц цæрджыты æнæниздзинадыл.

Ӕрдзурæм ныр та маскæ дарыны пайдадзинадыл. Вирусы ныхмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, хъуамæ тох кæнæм алыгъуызон методтæй, фæлæ уыдон адæймаджы æнæниздзинадæн зианхæссæг ма хъуамæ уой. Фæлæ маскæ дарын ахæм æвзæр фæстиуджытæ ныууадзы йæ фæстæ æмæ ма уæд пайда та цы у. Ӕмбисонд афтæ у, – «фæнды мæ урс бирæгъ бахæрæд, фæнды цъæх бирæгъ».

Ӕдзух маскæ дарыны фæстиуæгæн райдайы сæр риссын гипокси æмæ гиперкапни фæзыныны фæстиуæгæн (гипокси хонынц – организмы туаггуыр куы фæкъаддæр вæййы, уый, æмæ иууыл тынгдæр бандавы централон нуæртты системæйыл, зæрдæйыл, уыргтыл æмæ игæрыл. Гиперкапни та хонынц – адæймаг бирæ рæстæджы дæргъы куы фæулæфы сыгъдхъæстæ æмæ уый фæстиуæгæн сæр куы райдайы риссын, йæ сурхид фæкæлы, тыхулæфт райдайы æмæ ма дзы бирæтæ уадзыг дæр бавæййынц). Хроникон низтæ кæмæн ис, уыдонæн та сæ рæуджытæ рæстмæ нал фæкусынц, ома, сæ функцитæ кæронмæ нал феххæст кæнынц. Уымæй уæлдай ма бæрæг фæлæмæгъдæр вæййы адæймаджы иммунитет, кæцыйы фæстиуæгæн онкологон æмæ æндæр уæззау низтæй рынчынты уавæр февзæрдæр вæййы. Стæй ма маскæйы уæлæ сбирæ вæййынц алыгъуызон бактеритæ æмæ зианхæссæг микроорганизмтæ, кæцытæ фындзыл комкоммæ бахауынц сæры магъзмæ.

Медицинон маскæтæ фæзындысты 1897 азы æмæ дзы пайда кодтой æрмæстдæр дохтыртæ, цæмæй рынчынмæ мацы низ бахæссой. Пайда кæнын дзы райдыдтой рынчындæтты инфекцион хайадты. 1919 азы гриппы эпидеми куы апарахат Европæйы, уæд стыр ныфс æвæрдтой медицинон маскæтæй æмæ сæ адæмæн дæр дарын кодтой. Фæлæ йæ рæстæг куыд равдыста, афтæмæй маскæтæ эпидемиологон уавæр фæхуыздæр кæнынæн бынтондæр ницы фæахъаз сты. Уæды рæстæджы нырма бæлвырд нæ уыд, гриппы вирус кæй у тынг лыстæг æмæ йæ маскæ бынтондæр кæй нæ уромы. Фæнысан кæнын ма хъæуы уый æмæ COVID-19 вирус дæр кæй нæу гриппы вирусæй егъаудæр. Чизоны ныры коронавирус «снард», фæлæ уый дæр сбæлвырд кæнын хъæуы.

2010 азы АИШ-ы Национ наукæты академийы ауагътой иртасæн куыстытæ æмæ сбæлвырд кодтой, медицинон маскæтæ респираторон низты ныхмæ кæй ницы пайда сты, эффективон кæй не сты гриппы эпидемийы рæстæджы хæдзарон уавæрты дæр. Уымæй уæлдай ма бæлвырд æрцыдис, пандемийы рæстæджы æнæниз адæймаджы маскæ бынтондæр кæй нæ хизы низæй.

Ахæм иртасæн куыстытæ ма æвдай боны дæргъы ауагътой Токиойы иу рынчындоны персоналæн дæр æмæ сбæлвырд кодтой, уазалдзыдимæ баст низыхаттыты ныхмæ дæр маскæ кæй нæу эффективон. Уымæй уæлдай ма Францы та дохтыртæ сæ хъусдарды руаджы рабæрæг кодтой, гриппæй рынчын адæймаг, маскæ даргæйæ, кæй нæ хъахъхъæны йæ бинонты вирусæй.

Маскæ дарыны эффективондзинад рабæрæг кæныны тыххæй иууыл масштабондæр иртасæн куыстытæ ауагътой Меккайы пысылмон диныл хæст адæмæн, кæцытæ ныццыдысты алы бæстæтæй Аравиаг æрдæгсакъадахмæ. Эксперименты хайад райстой 7 мин адæймаджы бæрц. Куыд рабæрæг, афтæмæй маскæ дарын ноджы фæахъаз ис респираторон инфекцион низты апарахатæн æмæ ахуыргæндтæ хатдзæг сарæзтой, зæгъгæ бирæ адæм кæм ис, уыцы бынæтты маскæ дарын хæссы æрмæстдæр зиан.

Хуымæтæг адæмы бирæтæ фæазымджын кæнынц, ома маскæ скæнын рæстмæ нæ зонынц æмæ сын зиан уый тыххæй хæссы. Фæлæ 2007 азы Японы дохтыртæ сæхимæ сæ хъус даргæйæ сбæлвырд кодтой – хирургтæн маскæ даргæйæ сæ пульсы тагъдад кæй фæтынгдæр вæййы, туаггуыры сатураци туджы фæкъаддæр вæййы, сыгъдхъæстæ газ та туджы фæфылдæр вæййы, æмæ уый фæстиуæгæн, сæ артериалон æлхъывдад хæрдмæ схизы. Хатдзæг ма сарæзтой, ома æнæниз адæймагæн маскæйы 6 минуты бæрц фистæгæй ацæуын фаг у, цæмæй тыхулæфт кæнын райдайа æмæ йæ тугмæ фаг туаггуыр мауал цæуа. Уымæй уæлдай ма медицинон персонал æдзух маскæтæ куы фæдарынц, уæд дзы бирæтæн сæ цæсгæмттæ рафадынц æмæ сæ сæртæ фæзилынц.

Ӕвæццæгæн æмбæрстгонд у, маскæ вирусы ныхмæ тох кæныны рæстæджы кæй ницы æххуыс у, фæлæ йæ уæддæр алыгъуызон бæрнон кусджытæ дарын кæнынц. Цас рæстæг ма ахæсдзæнис ацы æвзæр дуг, уый бæрæг нæу, фæлæ алы адæймагæн дæр сæйраг у йе ‘нæниздзинад æмæ йæ алы амæлттæй дæр хъæуы хъахъхъæнын.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.