Мæскуыйаг информацион агентад «Россия сегодня»-йы ахуырадон программæты къухдариуæггæнæг æмæ практикон журналистикæйы фадыджы раззагон тренертæй сæ иу – Олег Щедров Хуссар Ирыстоны журналисттæн ауагъта мастер-къластæ ахæм темæтыл: «Военная журналистика. Специфика работы журналиста в зоне вооруженного конфликта» æмæ «Работа корреспондента на пресс-конференции». 30 азы дæргъы Щедров куыста Советон телеуынынады репортерæй, хайад иста фыццаг егъау сæрмагонд информацион агентад «Интерфакс»-ы сырæзты. Репортерæй схызт Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады бюройы шефы хæстæ æххæстгæнæджы онг. Дунейы змæст рæстæджыты Олег Щедровы бахъуыд хæсты, революцийы, экономикон кризисты, æрдзон катастрофæты тыххæй дзурын. 2010 азæй фæстæмæ уый йæ фæлтæрддзинад амоны журналисттæн æмæ афтæмæй ныр дунейы дæсгай бæстæты цалдæргай мин специалисты хайад райстой Щедровы курсыты аст азы дæргъы.

Хуссарирыстойнаг журналисттæн амыдта, куыд равзарын хъæуы уацæн  æнтыстджын сæр? Цахæм амæлттæй пайда кæнын хъæуы, цæмæй æрмæг цымыдисон уа? Цы саразын хъæуы, цæмæй газеткæсæг ма агура информаци райсыны æндæр гуырæнтæ? Æппæт уыцы фарстытæн лæмбынæг дзуаппытæ радта Олег Щедров. Афтæ ма æвзонг æмæ райдайгæ журналисттæ бæстон дзуаппытæ райстой, дæргъвæтин рæстæджы сæ цы фарстытæ тыхсын кодтой, уыдонæн. Щедров дзырдта æнцонæмбарæн æвзагæй, цæвиттонтæ хаста цардæй, йæ хъæздыг журналистон фæлтæрддзинадæй дзырдта цымыдисон историтæ.

«Иу хатт ме ‘мбалимæ ацыдыстæм хъæдмæ. Æвиппайды бацыд цахæмдæр къутæры бынмæ. Бирæ рæстæджы дæргъы дзы цыдæр къахта æмæ мын уый фæстæ йæ армыдзыхъхъы фенын кодта сыджыт, йæ мидæг чысыл лæдзгуытæ афтæмæй æмæ мын дзуры: «æрбакæс ма, мæнæ уый у саджы сæры хуызæн». Æз ыл мæхинымæр бахудтæн, фæлæ хæдзармæ куы рбаздæхтыстæм, уæд цы ссардта, уый ныхсадта, балыг æй кодта æмæ уыцы уидаг, æцæгæйдæр разынд саджы сæры хуызæн. Мах сымахимæ æрвылбон дæр хъуамæ фæлварæм цахæмфæнды ног хабары дæр уыцы «саджы сæр» ссарынмæ æмæ æндæртæ цы нæ уынынц, уый уынынмæ.  Уæд газеткæсæг махæй нæ ацæудзæн», – дзырдта Олег Щедров.

Уый ма йæ зонындзинæдтæ бацамыдта нырыккон онлайн-журналистикæйы принципты тыххæй, нырыккон дунейы куыд зын у газеткæсæджы хъусдард химæ раздахын.

«Ахуыргæндтæ сбæлвырд кодтой, зæгъгæ, адæймаджы хъæуы цыппар секунды, цæмæй æрмæджы сæр бакæсгæйæ райса уынаффæ, дарддæр æй кæса æви нæ, уый тыххæй. Афтæмæй, зынаргъ хæлæрттæ, сымахæн ис цыппар секунды, цæмæй газеткæсæджы сцымыдис кæнат. Уæ зæрдыл бадарут, сымахæн ис æрмæстдæр цыппар секунды!», – банысан кодта уый.

Хуссарирыстойнаг журналисттæ ахстой уæрæсейаг специалисты алы ныхас дæр, кæцы цалдæр сахатмæ Sputnik-ы пресс-центры ссис сæ ахуыргæнæг. Журналисттæ хъуыстой, уынаффæ кодтой, дискусси кодтой кæнæ та дзырдтой сæ куысты рæстæджы цы проблемæтыл сæмбæлынц, уыдоны тыххæй.

Кокайты Заринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.