Мыхуыры  рацыд  журнал  «Мах дуг»-ы 9-æм номыр.

Поэт Тетцойты Таймуразы райгуырды 100 азы бонмæ журнал мыхуыр кæны йе ʻмдзæвгæты цикл «Хуæнхаг цæвгæ дунгау мæ зæрдæ».

Фыссæг æмæ журналист Черчесты Хъасболаты райгуырдыл сæххæст 75 азы. Журналы бакæсдзыстут йæ радзырдты цикл «Æмгары рис», «Дзибыл æмæ Гибыл», «Мады зæрдæ», «Фыдæнхъæл», «Хæстоны цæссыгтæ».

«Æмдугонты хъуыдытæ», зæгъгæ, ахæм рубрикæйы бын Черчесты Хъасболаты тыххæй сæ хъуыдытæ зæгъынц Дзасохты Музафер – «Дæ уарзон адæмы фæндиаг», Цгъойты Хазби – «Райгуырæн хъæуыл æнувыд фыссæг», Колыты Витали – «Адæймаг æмæ финсæги бæрзонд ном хæсгæй», Абайты Эдуард – «Сфæлдыстад – уæлмонц æнкъарæн», Бызыккаты Земфирæ – «Нывæнды уырнинаг фæлгонцтæ», Гасанты Валери – «Кæстæртыл зæрдæйы хорзæх тауы». Æрмæджытæ мыхуырмæ бацæттæ кодта Тъехты Тамерлан.

Рубрикæ «Поэзи æмæ прозæ»-йы бын поэзиуарзджытæ æхсызгонæй бакæсдзысты Къадзаты Станиславы æмдзæвгæты цикл «Уæлхурæй Дæлхурмæ», Аланты Рæстдзинæйы æмдзæвгæты цикл «Хуыцауы комулæфт». Прозæйæ мыхуыргонд æрцыд фыссæг Цомартаты Изæтбеджы роман «Зынгхуыст бæллицтæ» (æртыккаг чиныгæй), фыссæг Цгъойты Хазбийы новеллæ «Рагбонты фыстæджытæ».

Аланыстоныл Саргъуыды 1100 азмæ журналы мыхуыргонд æрцыд Борис Синановы «Аргъуанты революци» æмæ «Ны-рыккон дуг» уырыссаг æвзагæй Тъехты Тамерланы тæлмацæй.

Рубрикæ «Критикæ æмæ библиографийы» бынмæ журналкæсæг бакæсдзæн Безаты Фаризæйы уац фыссæг Дауыраты Дамиры тыххæй – «Лæгау лæгтæ».

Рубрикæ «Нæ разагъды лæгтæ»-йы  бын мыхуыр цæуы Тъехты Тамерланы уац политик, æхсæнадон архайæг, фыссæг, журналист, мыхуыры кусæг Цæлыккаты Ахмæты тыххæй – «Уды хъарм».

«Мах дуг»-ы равдыст нæ зонгæ кæны нæ рухс кувæндæтты къамтимæ: Дзæуджыхъæуы Сыгъдæг Мады Майрæмы аргъуан, Дзæуджыхъæуы Сыгъдæг Георгийы номыл кафедралон аргъуан, Уæлладжыры комы Сылгоймæгты моладзандон æмæ æндæртæ.

«Бакæсæм нæ чысыл хуртæн», зæгъгæ ахæм рубрикæйы бынмæ мыхуыр цæуы Еленæ Михаленкойы радзырдтæ сывæллæттæн: «Карчы цъиу», «Уызын», «Хъыбыл», «Бабызы лæппын», «Хæфсы лæппын».

Журнал ма мыхуыр кæны Хъауыраты Дауыры цыбыр хъæлдзæг радзырдтæ  æмæ «Мæйы цаутыл афæлгæст».

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.