Мыхуыры рацыд литературон-аивадон æмæ æхсæнадон-политикон æрвылмæйон журнал «Мах дуг»- ы ацы азы æвдæм номыр.

Журнал байгом Бицъоты Грисы публицистон уацау «Царды аууæттæ кæнæ фыссæг мæ цæуылнæ рауади»-йæ. Уацауы райдайæн мыхуыр æрцыд журналы ацы азы цыппӕрӕм ӕмӕ фӕндзӕм номырты.

Поэт Къодоты Альберты райгуырдыл ацы аз сæххæст уыдаид 65 азы. Уый цытæн журналы мыхуыр æрцыд æмдзæвгæты цикл «Мæ исбон – зарæг æмæ уарзт».

Ног тæлмæцтæ, зæгъгæ, ацы рубрикæйы бын мыхуыр цæуынц зындгонд абхазаг фыссæг Даур Начкебиайы æртæ уацмысы, уырыссаг æвзагæй сæ ратæлмац кодта фыссæг, литературæиртасæг Мзокты Аслæнбег.

Рубрикæ «Фысджыты цардæй» мыхуыр кæны «Секъайы фыстæджытæ Цомахъмæ» сæ къамтимæ.

«Журналкæсджыты сфæлдыстад»-ы бын журналкæсæг бакæсдзæн Томайты Ритæйы æмдзæвгæтæ ахæм сæримæ – «Мæ урссæр цъититæ – мæ уарзт».

Ивгъуыд æнусы 70-æм азты Ирыстоны нывгæнджытæй йе ʻрмдзæфæй уæлдай бæрæгдæр чи дардта, уыдоны ʻхсæн сæрмагонд бынат ахсы Хетæгкаты Хъазыбег. Ацы аз Хъазыбеджы райгуырдыл сæххæст 85 азы, уый цытæн журналы мыхуыр æрцыдысты: Биазырты Людмилæйы уац «Цыбыр, фæлæ ирд сфæлдыстадон фæндаг», Галазты Руслан æмæ Кокайты Тотрадзы мысинæгтæ, афтæ ма Дзбойты Михалы «Ныв кæнынмæ æмæ зарынмæ кæуылты уыди, кæ…». Мыхуыр ма æрцыдысты Хъодзаты Æхсар, Джыккайты Шамил æмæ Касаты Батрадзы фыст æмдзæвгæтæ Хетæгкаты Хъазыбегыл.

«Мах дуг»-ы равдыст» нæ зонгæ кæны Хетæгкаты Хъазыбеджы цымыдисон аивадимæ.

Хуссар Ирыстоны драмон театрыл 90 азы сæххæст æмæ уый фæдыл журнал мыхуыр кæны Хетæгкаты Оксанæйы «Æмбæрзæн байгом» (къамтимæ) æмæ Гæбæраты Юрийы уац «Курдиат æхсидæг артдзæст» сæргæндтимæ: «Æртхутæджы риссаг хъарæг», «Фарн æмæ лæджыхъæды фидауц», «Фæсæмбæрзæн цæрæг аивад» æмæ æнд.

Рубрикæ «Фысджытæ худынц»-ы бынмæ мыхуыр æрцыдысты Дигороны фыст худæджы хабæрттæ.  Журналы ма мыхуыр æрцыдысты Петр Мамоновы «Базырджын хъуыдытæ» Дедегкаты Зæлинæйы тæлмацæй.

«Нæ уидæгтæ», зæгъгæ, ахæм рубрикæ мыхуыр кæны Мамиаты Таймуразы уац «Æнгом бинонтæ цард арынц…».

Сокъаты Дианæйы аргъау «Цуанон лæг» мыхуыр цæуы рубрикæ «Адæмон сфæлдыстад – адæмæн»-ы бын.

«Ирон прозæйы антологи» нæ зонгæ кæны, Уæрæсейы Федерацийы Журналистты цæдисы уæнг, Джусойты Нинæйы цыбыр биографиимæ æмæ мыхуыр æрцыд йæ радзырд «Сæхъис  къуыбылой».

Журнал ма мыхуыр кæны «Мæйы цаутыл афæлгæст» æмæ журнал «Мах дуг»-ы редакцийы тæфæрфæс Ирыстоны адæмон поэт, критик, драматург, тæлмацгæнæг, публицист, Хетæгкаты Къостайы номыл преми æмæ Национ литературон преми «Нарты фæткъуы»-йы лауреат Ходы Хазбийы фырт Камалы амæлæты фæдыл.

ДЗЕБЫСАТЫ Г.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.