Мыхуыры рацыд литературон-аивадон æмæ æхсæнадон-политикон æрвылмæйон журнал «Мах дуг»- ы ацы азы фæндзæм номыр.

«Ирон æвзаг – нæ номгæнæг», зæгъгæ, ацы рубрикæйы бын мыхуыр æрцыдысты Нафийы æмдзæвгæтæ «Бузныг, ирон дзырд» æмæ «Ирон æвзаджы ныстуан адæммæ».

Зындгонд ирон поэт Дарчиты Дауыты райгуырдыл сæххæст 110 азы. Уый цытæн журнал мыхуыр кæны æмдзæвгæты цикл «Хæсты цæхæртæ, уарзты фæндæгтæ».

Прозæйæ мыхуыр цæуы Бицъоты Грисы публицистон уацау «Царды аууæттæ кæнæ фыссæг мæ цæуылнæ рауади»  (дарддæр).

Баситы Мысост зындгонд у цыбыр радзырдтæ æмæ æмдзæвгæтæй сывæллæттæн. Фыссæгы райгуырдыл сæххæст 110 азы æмæ уый цытæн журналы мыхуыр æрцыд æмдзæвгæты цикл «Бакæсæм нæ хуртæн», зæгъгæ.

Политикон архайæг, фыссæг, Уæрæсейы Профессионалон литераторты цæдисы уæнг Торчынты Хъазыбегыл сæххæст 80 азы. Журналкæсæг æхсызгонæй бакæсдзæн юбиляры сатирикон радзырд «Лалымбег».

Ирон поэт, прозаик, публицист, тæлмацгæнæг, литературон критик Хохойты Энверыл дæр сæххæст 65 азы æмæ журналы ацы номыры мыхуыр æрцыд æмдзæвгæты цикл «Хæссун кæдзосæй лæги ном».

Рубрикæ «Карз хæсты фæндæгтыл – уæлахизмæ»-йы бынмæ мыхуыр цæуы Заойты Аслæнбеджы мысинæгтæ ахæм сæримæ «Æнæнхъæлæджы фембæлд».

Рубрикæ «Мах дуг»-ы равдыст» нæ зонгæ кæны, Уæлахизы боны цытæн нывгæнджыты республикон аивадон равдыстимæ «Деты войны – отцам героям», зæгъгæ.

Мамиаты Михалы уац «Ирон адæмы традицион къæлиндар куыд алайнаг рæстдинæй баззайгæ хæзна» мыхуыр цæуы рубрикæ «Аланыстоныл саргъуыды 1100 азы бонмæ»-йы бынмæ.

«Адæмон сфæлдыстад», зæгъгæ, ацы рубрикæйы бын журналкæсæг бакæсдзæн Хъайттаты Сергейы таурæгъ «Ирæд» æмæ англисаг адæмон аргъау «Кæсагахсæг».

Егары «Хæст – лæджы удæн дзæхст» мыхуыр æрцыд рубрикæ «Ирон зонды авналæнтæ»-йы бын.

Рубрикæ «Мах дуг»-ы æвæрæнтæй» мыхуыр кæны «Хъæлдзæг хабæрттæ».

Журналкæсæг ма бакæсдзæн Дзасохты Музаферы цыбыр биографион зонæнтæ, новеллæ «Мады зæрдæ» æмæ этюдтæ. Мыхуыр цæуынц «Ирон прозæйы антологи»-йы бынмæ.

Журнал ма мыхуыр кæны «Мæйы цаутыл афæлгæст».

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.