Мыхуыры рацыд 2021 азы «Мах дуг»-ы фæстаг 12-æм номыр. Журнал байгом ногазон арфæтæй: «Цæразонты ногбоны зарæг» (ныффыста йæ Гасынты Жорж 1962 азы йæ фыдыфсымæр Гасынты Дзамболаты фырт Харитойы ныхæстæй), Цомайты Ростиславы æмдзæвгæты цикл «Ног азы ног хæрзтæм кастæн æнхъæлмæ»-йæ.

Поэт Чехойты Серебийы райгуырдыл сæххæст 105 азы. Уый цытæн ын журнал мыхуыр кæны цалдæр æмдзæвгæйы.

Зонады къабазы иууыл стырдæр æнтыстытæ сæ къухты кæмæн бафтыдысты, уыдонæй сæ иу у Сиукъаты Никъала Уасилы фырт. Сиукъайы фырты райгуырды 105 азы цытæн «Мах дуг» мыхуыр кæны Касаты Батрадзы биографион уац «Уæларвон диссæгтæ раргомгæнæг», зæгъгæ. Сиукъаты Никъала астрономийы фæдыл ныффыста бирæ зонадон куыстытæ, уыдоны нымæцы чиныг «Дун-дуне нæ алфæмблай» ирон æвзагыл. Уый руаджы ирон æвзаг космосмæ дæр авнæлдта. Мыхуыр цæуы ацы чиныгæй йæ разныхас. «Æз æркастæн нæ дуджы астрономийы сæйрагдæр фарстатæм, æмæ мæ бон цас баци, уыйбæрц сæ бамбарын кодтон ирон чиныгкæсæгæн», – фыссы Сиукъаты Никъала разныхасы.

Рубрикæ «Ног уацмыстæ»-йы бын мыхуыр цæуы Уанионы радзырдтæ «Алæмæттаг ног аз», «Мады зæрдæ» æмæ æндæртæ.

Рубрикæ «Интервью», зæгъгæ, мыхуыр кæны Хетæгкаты Оксанæйы ныхас Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлои-мæ ахæм сæримæ «Сæйрагдæр мын у Ирыстоны аккаг хъæбулæй фæцæрын».

«Мах дуг»-ы равдыст» нæ зонгæ кæны Калманты Алан, Цæгæраты Валери, Джыккайты Мурат æмæ æндæрты конд нывтимæ.

Рубрикæ «Æрыгæтты æрмдзæф»-ы бын мыхуыр цæуы æвзонг поэт Уыртаты Сæрмæты цыбыр биографи æмæ йе ʻмдзæвгæтæ. Хъесаты Валодяйы «Санаты Сем»-ы хабæрттæ мыхуыр æрцыдысты рубрикæ «Адæмон сфæлдыстад»-ы бын.

«Нæ хæзнаты хæзна зонд у. Хæздыг сты йе ʻвæрæнтæ алы адæмты къæбицты. Гъемæ уын дзы иу къорд цæвиттоны уæ зæрдыл лæууын кæндзыстæм «Мах дуг»-ы руаджы», – фыссы Егар (Гусалты Барис) «Алы рæстæджыты цаутæ»-йы та мыхуыр цæуынц рубрикæ «Хæзнадон»-ы бын.

«Нæ уидæгтæ», зæгъгæ, ацы рубрикæй бын журналкæсæг бакæсдзæн Мамиаты Таймуразы уац фыдæлтыккон кувæндæтты тыххæй – «Уд сыгъдæггæнæн фæрæз». Рубрикæ «Ирон мыггæгты историйæ» нæ зонгæ кæны ХИЗИ-йы истори æмæ этимологийы хайады зонадон кусæг Мæргъиты Ирбеджы куыст «Æнусон уидæгтæ»-имæ. Автор нæ зонгæ кæны Бицкатæ, Бицъотæ, Дзæгъиатæ æмæ Куыдзеты мыггæгты равзæрды историимæ.

Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты лаборанткæ Джиоты Раисæйы «Базырджын хъуыдытæ Джусойты Нафийы поэтикон æмбырдгонд «Изæры рухс»-ы» мыхуыр æрцыд рубрикæ «Литературæйы фарстатæ»-йы бынмæ æмæ «Арæныл».

«Ирон прозæйы антологи»-йы бын журналкæсæг æхсызгонæй бакæсдзæн Биазырты Роланды царды цыбыр биографи æмæ радзырдтæ «Чындз цæра» æмæ «Афæхъойы хабæрттæ».

Журнал ма мыхуыр кæны, 2021 азы цы ныммыхуыр кодта, уыдоны номхыгъд.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.