Мыхуырæй рацыд литературон-аивадон æмæ æхсæнадон политикон æрвылмæйон журнал «Мах дуг»-ы ацы азы радон 3-аг номыр.

Журнал байгом Уæрæсейы Президент Владимир Путины Сидтæй  Уæрæсейы цæрджытæм. Сидтæй ист цалдæр зæрдæмæхъаргæ рæнхъы та мыхуыр цæуы журналы фыццаг цъарыл: «Æз дæн уырыссаг адæймаг. Куыд фæзæгъынц, мæ фыдæлтæ æмхуызонæй сты Ивантæ æмæ Марьятæ, фæлæ, Дагестаны гуырд æрыгон лæппу Нурмагомед Гаджимурадов, лекъаг цы хъæбатырдзинад равдыста, ахæм дæнцæгтæ куы фенын, уæд мæ ‘рфæнды афтæ зæгъын: «Æз дæн лекъаг, дагестайнаг, цæцæйнаг, мæхъхъæлон, уырыссаг, тæтæйраг, дзуттаг, мордвинаг, ирон… Æппæты ранымайæн нæй».

85 азы сæххæст поэт Чеджемты Æхсары райгуырдыл. Уый цытæн журналы мыхуыр æрцыд йе ‘мдзæвгæты цикл «Уалдзыгон райсом – сыгъзæрин базыр».

Зындгонд уырыссаг советон фыссæг, публицист æмæ æхсæнадон архайæг, Социалистон Фæллойы Хъайтар, ССР Цæдисы дыууæ паддзахадон премийы лауреат Валентин Распутины райгуырдыл сæххæст 85 азы. Журналкæсæг бакæсдзæн йæ радзырд «Францаг æвзаджы уроктæ», уырыссаг æвзагæй йæ ратæлмац кодта Безаты Фаризæ.

«Мах дуг»-ы премийы лауреатты сфæлдыстад», зæгъгæ, ахæм рубрикæйы бынмæ бакæсдзыстут Годжыцаты Наирæйы радзырдтæ «Фыдохы бон», «Тæргай амонд», «Æнæхуынд уазджытæ».

Поэзийæ журнал мыхуыр кæны Хъæцмæзты Азæйы æмдзæвгæты цикл «Куыд мысын дæу, нæ къуылдым»,  афтæ ма Дыгъуызты Зæлинæйы æмдзæвгæты цикл «Сусæг хъуыдыты аныгъуылд зæрдæ».

Сергей Малаховы уац «Дин æмæ дингæнджыты фæндæгтæ» мыхуыр цæуы рубрикæ «Аланыстоныл саргъуыды 1100 азы бонмæ»-йы бын. Уац уырыссаг æвзагæй ратæлмац кодта Тохсырты Къоста.

Рубрикæ «Аивад, культурæ»-йы бынмæ журналкæсæг бакæсдзæн интервью – «Ныфс æмæ царддæттæг тых», Уæрæсейы сгуыхт артисткæ, РЦИ-Аланийы сгуыхт артисткæ Мелыкаты Замирæимæ, интервью райста Тъехты Тамерлан. Мелыкаты Замирæйы сфæлдыстадон архайдыл дзурæг къамтимæ нæ зонгæ кæны рубрикæ «Мах дуг»-ы равдыст» ахæм сæримæ «Мæ цард, мæ хъысмæт – театр», зæгъгæ.

Мелыкаты Замирæйы тыххæй ма мыхуыр цæуынц драматург Хуыбецты Райæ, ЦИПУ-йы ахуыргæнæг Гаджиты Михал, аивадиртасæг Бациаты Агуыдз, журналист Гобозты Валери, поэт Дыгъуызты Тенгиз, аивадиртасæг Четиты Рубен, журналист Лæцойты Мурат.

Рубрикæ «Базырджын хъуыдытæ»-йы бын журналы мыхуыргонд æрцыдысты Александр Куприн, Максим Горький, Лев Толстой, Гиппократ, Соломон, Иван Бунин, Оскар Уайльд, Генрих Гейне, Александр Дюма æмæ æндæр зындгонд адæймæгты базырджын хъуыдытæ сылгоймæгты тыххæй «Зæххон стъалытæ», зæгъгæ, Дедегкаты Зæлинæйы тæлмацæй.

«Алы адæмты хабæрттæ», зæгъгæ, уырыссаг æвзагæй Гусалты Барисы тæлмацæй мыхуыр цæуынц рубрикæ «Хæзнадон»-ы бынмæ.

Рубрикæ «Публицистикæ»-йы бынмæ мыхуыр æрцыд Дзугаты-Мурасты Риммæйы уац «Сыгъдæг уды рухс бæллиц».

«Фыссæг æмæ хъысмæт», зæгъгæ, ахæм рубрикæйы бын журналкæсæг æхсызгонæй бакæсдзæн Цгъойты Хазбийы уац «Уыцы уæззау бонтæ». Уацы уый фыссы Къосираты Сæрмæт, Куымæридтаты Шакро, Къубалты Алыксандр, Малиты Геор-ги, Тедеты Бетъре, Темырханты Сослан, Тыбылты Алыксандр, Фæрниаты Къоста, Хъороты Хъазыбег, Хъуылаты Созырыхъо (Сикъо), Цомайты Хадзырæт æмæ æндæрты цард æмæ архайдыл.

Журнал ма мыхуыр кæны «Мæйы цаутыл афæлгæст».

ДЗЕБЫСАТЫ Гуло

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.