Мыхуыры рацыд журнал «Мах дуг»-ы радон 4-æм номыр.

100 азы сæххæст, Цæгат Ирыстоны адæмон фыссæг, сценарист, Цæгат Ирыстоны киностудийы бындурæвæрæг Æгъуызарты Æхсарбеджы райгуырдыл. Журналы мыхуыр æрцыд Æхсарбеджы радзырд «Авгау æрхауынæй…», Мæхæмæтты Ахуырбеджы мысинæгтæ «Æхсарбеджы кадæг», афтæ ма Дзасохты Музаферы мысинæгтæ «Кады аккаг сæдæ азы».

Рубрикæ «Мах дуг»-ы равдыст» нæ зонгæ кæны Æгъуызарты Æхсарбеджы цардвæндагыл дзурæг къамтимæ.

Поэт, прозаик, публицист, тæлмацгæнæг Хъодзаты Æхсары райгуырдыл сæххæст 85 азы. Уый цытæн журнал мыхуыр кæны йе ʻмдзæвгæты цикл «Поэзийы цъайкъахæг», афтæ ма Къадзаты Станиславы уац «Фарны фидиуæг» æмæ Брытъиаты Анжелæйы критикон уац «Сфæлдыстадон удгоймаджы хъысмæт æмæ рæстæджы ныхмæдзыд фæлгонц Хъодзаты Æхсары поэзийы 1960-1980 азты».

Поэзийы жанрæй журнал мыхуыр кæны Биазырты Кромвелы æмдзæвгæты цикл «Монхæссæг».

«Мах дуг»-ы премийы лауреатты сфæлдыстад», зæгъгæ, ахæм рубрикæйы бын мыхуыр æрцыдысты Уыртаты Сæрмæты эссетæ «Ног дуг – ног фæлтæрæн» æмæ «Тугæй сæрст къонатæ».

Рубрикæ «Аланийы саргъуыды 1100 азы бонмæ» нæ зонгæ кæны Куыдзойты Анжелæйы уац «Тæлмацы ахъаз æвзагзонынады фæрстытæ лыг кæнынæн»-имæ.

«Публицистикæ», зæгъгæ, ацы рубрикæ дарддæр мыхуыр кæны Гусалты Барисы «Уыгæрдтæ». Челехсаты Михалы радзырд «Зазхæссæн» журналкæсæг бакæсдзæн рубрикæ «Рохуатæн æвгъау»-ы бын.

Журналкæсæг ма æхсызгонæй бакæсдзæн «Хъæлдзæг хабæрттæ»-йы бын «Хæларзæрдæ, цыргъзонд Дзибис». Æрæмбырд сæ кодта Дзугаты Барис.

Украинæйы цы цаутæ цæуы, уыдонмæ сæ хъус дарынц Уæрæсейы фысджытæ дæр. Уыдонæй бирæтæ æргомæй дзурынц дзыллон информацийы фæрæзты сæ патриотон цæстæнгас, сæ хъуыдытæ райгуырæн бæстæмæ. «Фыссæг æмæ йæ дуг», зæгъгæ, ацы рубрикæйы бын мыхуыр цæуынц уырыссаг фысджытæй цалдæры хъуыдытæ.

Журнал ма мыхуыр кæны «Мæйы цаутыл афæлгæст» дæр.

Нæ уацх.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.