Ацы бонты Хуссар Ирыстонмæ кусæгон балцы æрцыдысты Женевæйы дунеон дискусситы æмсæрдæрттæ Евроцæдисæй, ЕÆÆО-йæ æмæ ИНО-йæ. Балцы нысан уыд, дискусситы радон раунды боны фæткы фарстатыл æруынаффæ кæнын. Дунеон дискусситы минæвæрттæ фембæлдысты хуссарирыстойнаг делегацийы уæнгтимæ. Дискусситы Хуссар Ирыстонæй делегацийы сæргълæууæг, Фæсконфликтон фарстатæ бæстон кæныны фæдыл РХИ-йы Президенты Æххæстбарджын Джиоты Муратæн йе ‘нæниздзинад ныртæккæ йæ уагыл кæй нæу, уымæ гæсгæ фембæлд уагъта Президенты Паддзахадон уынаффæгæнæг Коцты Константин.

Йæ ныхæстæм гæсгæ коронавирусы тæссагдзинæдты ныхмæ æнтыстджынæй бакуыстой сæ уæрæсейаг коллегæтимæ. Уымæ гæсгæ радон раунд ауадзынæн ницы цæлхдуртæ ис сæ разы. Фæрстæ хъуамæ æппæт сæ хъарутæ аздахой конструктивон бадзырдтытæм алы фарсты фæдыл дæр.

Банысан кодта, дискусситы фæстаг форматæй фæрстæн фадат кæй уыд цæмæй ахъуыды кодтаиккой Женевæйы информацион сессийы фæстиуджытыл æмæ боны фæткы фарстатыл.

Ацы фембæлд та фадат дæтты сæ хъуыдытæ кæрæдзийæн зæгъынæн, женевæйаг процессы рæзтыл, æввахс фидæны перспективæтæ æмæ хæстыл æруынаффæ кæнынæн.

“Сæйраг у æдасдзинады проблемæтыл, тыхæй пайда кæй нал æрцæудзæн, уыцы документыл къухтæ æрфыссыны уавæртæ æмæ фæндæттыл æруынаффæ кæнын. Ахсджиагыл нымайын уый, æмæ иу хъуыдыйыл хæст хъуамæ уæм Женевæйы фембæлды хæдразмæ. Æхсызгон нын у, æмæ бирæ рæстæг онлайн-конференциты бæсты ныр фембæлд уагъд кæй æрцæудзæн Женевæйы», – банысан кодта Президенты уынаффæгæнæг.

Евроцæдисæй æмсæрдар Тойво Клаар бузныг загъта хуссарирыстойнаг делегацийы минæвæрттæн сæ хъарм райсты тыххæй. Ныфс бавæрдта, дискусситы радон раунды æнтыстджын куыстæй.

Уымæй дарддæр ЕÆÆО-йæ æмсæрдар Анника Седер æмæ ИНО-йæ æмсæрдар Джихан Султаноглуйау Тойвойы цæст бауарзта Джиоты Муратæн фидар æнæниздзинад. Минæвæрттæ ма мæсæллæйы ныхæстæ загътой Цоциты Барис æмæ Æлборты Динæйы æнæрæстæджы мæлæты тыххæй. Тойво Клаар куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ацы адæмимæ, дæргъвæтин рæстæг кодтой æнтыстджын куыст.

Дарддæр фембæлд уагъд цыд æхгæд дуæртты мидæг.

 

Президентимæ фембæлд

Фæскавказы æдасдзинады фæдыл женевæйаг дунеон дискусситы æмсæрдæртты Хуссар Ирыстонмæ сæ балцы рæстæджы йæхимæ райста бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли. Уый уазджытæн радзырдта ацы бонты Хуссар Ирыстон кæй банысан, кодта Республикæ расидыны бæрæгбоныл 31 азы кæй сæххæст, уыцы ахсджиаг бон.

«Нæ бæстæмæ ахасты гуырдзиаг фарсы геноцид æмæ агрессийæн дзуаппæн у сæрыстыр кæмæй стæм, нæ уыцы бæрæгбон», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Дискусситы куыстыл дзургæйæ бæстæйы сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, къухдариуæгад хæст сты ацы форматы куыст адарддæр кæныныл. Уыцы-иу рæстæг ма æвзæрынц форматы архайдимæ баст фарстатæ. Фыццаджыдæр, уый хауы Гуырдзыстонмæ, уымæн æмæ Хуссар Ирыстон хæстон архайдтыты хъуыдыйыл хæст нæ уыд.

«Сæйраг у тыхæй пайда кæй нал æрцæудзæн, уыцы документыл къухтæ бафыссын, цæмæй Гуырдзыстон, мидæггагон проблемæтæ аиуварс кæнын фæлваргæйæ, Хуссар Ирыстоны ныхмæ ма раздаха йе знæтдзинад. Уымæ гæсгæ мах цæттæ стæм, цæмæй Женевæйы дискусситæ эффективон уой, цæмæй оперативон æгъдауæй хъусдард здæхт цæуа æппæт проблемæтæм», – дзырдта бæстæйы сæргълæууæг.

Президент дунеон дискусситы æмсæрдæртты рæгъмæ рахаста Знауыры районы Уисты хъæуы сæвзæргæ серьезон æмæ проблемон уавæр. Уым 2019 азы гуырдзиаг тыхон структурæты минæвæрттæ сæвæрдтой æнæзакъонон блокпост. Президенты ныхæстæм гæсгæ уыцы рæстæг бæстæйы къухдариуæгады зондджын архайды фæрцы пайда не ‘рцыд тыхæй, фæлæ уæдæй абонмæ архайынц политикон æмæ дипломатон æгъдауæй, уыцы бынаты тæссагдзинад чи æвзарын кæны, уыцы фарст æрбæстон кæнынмæ.

Уымæ гæсгæ Бибылты Анатоли æрсидт дунеон организациты минæвæрттæм, уымæн æмæ бирæбæрцæй ацы фарст æрбæстон кæнын уыдонæй кæнгæ кæй у, æмæ ныфс бавæрдта, абон уа æви сом, кæй аскъуыддзаг уыдзæн.

Евроцæдисæй æмсæрдар Тойво Клаар ныфс бавæрдта, йæ коллегæтимæ кæй бацархайдзысты æппæт тыхтæй, цæмæй дискусситы куыст уа эффективон, уымæн æмæ йæ хайадисджиытæй бирæ кæнгæ у. Уый тыххæй хъæуы æмгуыст кæнын, цæмæй иумиаг æмбарынад уа, тыхæй пайда кæй нал æрцæудзæн, уыцы ахсджиаг фарсты фæдыл. Уый тыххæй, зæгъгæ, мах стыр хъусдард здахæм, бæстæйы территоритыл цæрæг адæмы æдасдзинады фарстмæ. Уымæн æмæ дардæй уынаффæтæ чи хæссы, уыдонмæ абаргæйæ хъаугъатæй фылдæр уыдон æййафынц æфхæрд.

Уымæ гæсгæ Женевæйы дзырд цæудзæн, тæссаг бынæтты чи цæры, уыцы адæмы æдасдзинадыл. Минæвар ма банысан кодта, зæгъгæ, «ахæм уавæры сты Ленингоры цæрæг адæм дæр».

ЕÆÆО-йæ æмсæрдар Анника Седер дæр банысан кодта, кæй сты хæст, Уисты хъæуы сæвзæргæ уавæр æрбæстон кæныныл, уыцы нымæцы арæнты сæрты чи хизы, уыцы æмбæстæгты проблемæтæ æрбæстон кæнын дæр. Æввахс рæстæджы, зæгъгæ, нырма не рбæстон уыдзысты Цхинвал æмæ Тбилисæн цы хъуыдытæ ис административон хаххы фæдыл, уыдон. Фæлæ мах куыд æмсæрдæрттæ, афтæ цæттæ стæм баххуыс кæнынмæ, ацы хъуыддаджы чи тыхсы, уыдонæн.

Бибылты Анатоли йæ ныхас дарддæргæнгæйæ банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны территоримæ гуырдзиаг полициæгты бакондæн аргъгæнæн ис, куыд провокаци, афтæ. Хуссар Ирыстоны ныфс уыдис, Гуырдзыстоны къухдариуæгад кæй бамбардзæн, æнæзакъонæй кæй сæвæрдта, уыцы пост, уый. Хуссар Ирыстон та нæ дих кæны йæ цæрджыты иу кæнæ иннæ районыл.

“Ленингоры районы цæрджытæ æрмæст уыцы районы цæрджытæ не сты, фæлæ Республикæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæ, æмхуызон царды уавæртæ æмæ бартимæ. Æмæ Ленингоры районимæ абаргæйæ Уисты хъæуы цæрджытæн сæ хъæуы æдæрсгæйæ цæуын сæ бон нæу.

Ныртæккæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы æфсæддон тыхтæ куынæ уæвынад кæниккой, уæд Гуырдзыстон раджы сæххæст кодтаид йæ план», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Уый ма фехъусын кодта, зæгъгæ, Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевæйы дискусситы боны фæткы фарстатæй ныр 13 азы дæргъы иу дæр æвæрццагæй бæстон нæма æрцыд.

ИНО-йæ æмсæрдар Джихан Султаноглу дæр банысан кодта, кæй сты хæст уыцы хъуыддагыл, цæмæй дискусситæ фæстиуæгджын уой, Механизмты фæлгæтты куыст æмæ «тæвд хаххы» куысты руаджы.

Дискусситы дунеон организациты минæвæрттæ куыд банысан кодтой, уымæ гæсгæ дунейы цы пандеми рапарахат ис, уый ныхмæ тох кæныны нысанæн æххуыс кæнынц бирæ бæстæтæн. Ахæм æххуыс бакæнынмæ цæттæ сты Хуссар Ирыстонæн дæр.

Уыцы фæндондзинады тыххæй сын бузныг загъта бæстæйы сæргълæууæг æмæ банысан кодта, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы руаджы кæй фæтых сты ацы низыл. Стæйдæр, хуссарирыстойнаг медиктæ цæттæ сты Гуырдзыстонæн сæхицæн баххуыс кæнынмæ.

Дискусситы куыстæн хатдзæгтæ аразгæйæ абоны онг дæр бæстон нæу йæ сæйраг фарст

Бæстæйы къухдариуæгад нæ гуырысхо кæны ууыл, æмæ дискусситы æмсæрдæрттæ кæй архайынц, цæмæй Хуссар Ирыстоны арæнтыл биноныг цæуа сабырдзинад. Бæстæйы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ уый бæрæг у, фæлæ хъуыддаг уый у æмæ абоны онг дæр йæ сæйраг фарст – Хуссар Ирыстонæ æмæ Абхазы бæстæты ныхмæ тыхæй пайда кæй нал æрцæудзæн, уый скъуыддзаг нæу. Йæ бынатæй не ‘ггуырсы, æбæрæгæй цы æмбæстæгтæ сты сæфт, уыдон хъысмæт рабæрæг кæныны фарст дæр.

«Уыцы здæхты Хуссар Ирыстон хорз къахдзæфтæ сарæзта, фæлæ Гуырдзыстоны ‘рдыгæй нæ федтам ахæмтæ. Хорз зонæм уый, æмæ Гуырдзыстоны тыхон структурæты къухты кæй ис видеоæрмæджытæ, цыран бæрæг сты, не ‘мбæстæгты нын куыд фæрсынц, уыцы факттæ. Æмæ кæд уыцы æмбæстæгтæ сæрæгас нал сты, уæд нын сæ баззайæццæгтæ цæмæннæ дæттынц æмæ сæ сæ хиуæттæ æгъдауыл бавæрой.

Æмæ иннæ стыр проблемæ та – Уисты æнæзакъонæй абоны онг чи уæвынад кæны, уыцы полициæгты пост. Ацы районы сæвзæргæ уавæрыл Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ куы сдзурынц, уæд махæн та Ленингоры районы кой ракæнынц. Афтæмæй та Ленингоры районы махæн ницы проблемæ нæй», – банысан кодта Президент.

Бибылты Анатоли ма бацымыдис кодта, ацы фарсты фæдыл кæм ис Гуырдзыстоны позици. Фæлæ абоны онг дæр дзуаппдæттæг нæй, уыцы пост уым цæмæн æвæрд æрцыд, уымæн.

ЕÆÆО-йæ æмсæрдар Анника Седер банысан кодта, зæгъгæ, дунеон организациты минæвæрттæ, цæмæй тыхæй пайда мауал æрцæуа, уый тыххæй бавдыстой цалдæр хъæппæрисы. Ныфс бавæрдта, дискусситы хайадисджыты æнæформалон фембæлдтыты рæстæджы фылдæр рæстæг кæй аздахдзысты ацы фарстыл уынаффæ кæнынмæ.

«Иумиагæй сисгæйæ та женевæйаг процесс æмæ Механизмты фæлгæтты куыст здæхт сты Уисты æмæ Чорчанайы сæвзæргæ проблемæ æрбæстон кæнынмæ. Чизоны, æмæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстонæн ма уа иу позици административон хаххы хъуыддаджы, фæлæ мах, куыд æхсæны лæгтæ, афтæ æппæт дæр хъуамæ саразæм, æмæ хъаугъаты æфхæрд цы адæм баййæфтой, уыдон царды уаг фæхуыздæр кæнæм. Æмæ Женевæйы конструктивон æмæ æргом баныхæстæ, гæнæн ис æмæ фæкъаддæр кæной æндыгъддзинад», – афтæ нымайы ЕÆÆО-йы минæвар.

2008 азы æбæрæгæй цы æртæ æвзонг лæппуйы фесæфт, уыдон тыххæй та банысан кодта, Тбилисы уыдон фарсты фæдыл стыр куыст кæй æрцыд. Æмæ сын ныртæккæ дæр Гуырдзыстоны прокуроримæ ис бастдзинад.

Уисты хъæуы цур сæвзæргæ уавæры фæдыл ма Президент банысан кодта, зæгъгæ, уый уыд Гуырдзыстоны иуфарсон уынаффæ. 11 азы дæргъы ацы районы уыд сабыр цард, арæнты фæйнæфарс цæрджытæ кодтой æнцой цард. Æмæ ныр дыууæ азæй фылдæры размæ Хуссар Ирыстоны территорийыл цы провокацион пост æвæрд æрцыд, уый ныхмæ йæ рæстæджы хъæуæг мадзæлттæ ист уымæн не ‘рцыд æмæ Хуссар Ирыстоны ныфс уыд, Женевæйы дискусситы руаджы Гуырдзыстон кæй бамбæрстаид, уыцы уынаффæ раст кæй нæу, уый.

«Мах фæнды сыхæгтимæ хæларæй цæрын. Сисæм æй афтæ, æмæ адæймаджы буары сындз куы фæныхса, уæд æй хъуамæ сиса, цæмæй ма æндава æгас буарыл. Æмæ Хуссар Ирыстонæн та уыцы сындз у Уисты пост, кæцы фадат нæ дæтты æххæст гуырахстæй кусынæн Женевæйы дæр æмæ Механизмты фæлгæтты дæр. Æмæ ацы проблемæ цæмæннæ цæуы бæстон, уый абоны онг дæр мæнæн нæу æмбæрстгонд», – банысан кодта Президент.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.