Æлборты Хадзы-Умар фыста: «Къостайы тыххæй абон нæ поэттæ, нæ фысджытæ цы уацмыстæ ныффыстой, уыдонæй ныр рауаид томтæ». Иу фембæлды сæ Васо та вагæтты дзаг схуыдта.

Æцæгдæр, Къостайы сфæлдыстады тыххæй загъд хъуыдытæ вагæтты дæр нæ бацæудзысты, фæлæ уæддæр Къостайы бæрзæндтæм æввахсдæр нæ лæууынц. «Аивадон сфæлдыстадыл цасфæнды цæуæд дзырд, цахæмфæнды бæрзæндмæ йæ истæуæд, уæддæр, уыцы бæрзондгæнæнтæн йæхи æмвæзадмæ схизыны амонд Уæллагæй нæу махæн лæвæрд», — загъта Хъазиты Мелитон йæ монографи «Къостайы». Стыр куыст бакодта Мелитон Къостайы цард æмæ сфæлдыстадон фæндаг иртасгæйæ æмæ аив ныхæстæй сфæлыста йæ арф хъуыдытæ.

«Чиныджы æз тынг бирæ ног хъуыдытæ ссардтон, цæмæдæрты та бынтон æндæр цæстæй ракастæн. „Ирон фæндыр“ кæсгæйæ, алы хатт дæр ссарын цавæрдæр ног æнкъарæнтæ, алы хатт дæр мæ зонындзинæдтæ фæарфдæр вæййынц. Кæцыдæр бынæтты раст не ’мбæрстон не стыр генийы рæнхъытæ, æмæ сæ ацы чиныджы фæрцы бамбæрстон. Дзæвгар дзы ис, Къостайæ иннæ адæмты зынгæ минæвæрттæй алчи йæ рæстæджы цы хъуыдытæ загътой, йе сфæлдыстад ын куыд бамбæрстой, уый фæдыл.

Махæн Къоста æрмæст бындурæвæрæг нæу, уый баззад иууыл бæрзонддæр хохæй — Къостайы бæрзæндтæм нæ литературæйы нырма æввахсдæр ничи бацыд. Æмæ уыцы стыр æнтыст йæ къухы бафтыд, фыццаджыдæр „Ирыстоны сагъæсты хуым кæй ссис йæ зæрдæйы рис“. Мелитон фыссы: Ирыстоны æгæрон уарзт дзы æрбынат кодта алыварсон æмæ æнусыкконæй. Уыцы уарзт ын, Атейау, лæвæрдта æвæджиаг тых. Разæнгард æй кодта æнæмсæр, удуæлдай тохтæм».

Абайты Васо загъта: «Адæмтæ сæрыстырæй фæдзурынц сæ национ гений, иууыл æххæстдæрæй æмæ тæмæнкалгæдæрæй кæмæй рарттывта, уыдоны нæмттæ. Англисаг зæгъы — Шекспир. Шотландиаг зæгъы — Бернс. Немыцаг зæгъы — Гете. Италиаг зæгъы — Данте. Уырыссаг зæгъы — Пушкин. Мах, ирæттæ, зæгъæм — Къоста, æмæ нæ удтæ байдзаг вæййынц сæрыстырдзинад æмæ дыз-дызгæнаг уарзтæй».

Ӕцæгдæр афтæ у, махæн Къоста у нæ национ, паддзахадон символ. Уыцы хъуыды ирдæй равдыста Мелитон йæ чиныджы сæргæндтæй сæ иуы, æмæ загъта: «Къоста алы ирон адæймагæн дæр басгуыхт, дун-дунейы дзыллæ нæ кæмæй фæзонынц, кады адæймагыл нæ цæй тых-хæй нымайынц, уыцы паспортыл».

Мелитон йæ чиныджы сæргонд «Къостайы амынд фæндаг», зæгъгæ, фыссы: «Цæмæй Ирыстон йе ‘нусон фыдæй фервæза, æрцæуæг хæддзуйæ æлдар мауал кæна, иугай ма уæм, æмæ дæлбынты фароны хæлттæ мауал уидзæм, нæхицæн сæрфат скæнæм, нæ Фыдыбæстæ, нæ адæмы хъысмæт нæхæдæг скъуыддзаг кæнæм, уый тыххæй Къоста йæхæдæг дæр йæ хуымгæнды хайæн йæ дзыллæйы зæрдæ равзæрста». Ныры дуджы зын уавæрмæ кæсгæйæ, нæ уæлдай тынгдæр хъæуы слæууын нæ хуыздæры — Къостайы амынд фæндагыл: «Цæй-ут, æфсымæртау, Радтæм нæ къухтæ, Абон кæрæдзимæ Иры лæппутæ! Скæнæм нæ тырыса Дзыллæйы номæй». Уый у Къостайы амынд фæндаг! Æмæ нæ хъæуы слæууын иууылдæр иумæ, «нæ фæстагæтты амонды сæрвæлтау уæддæр».

Куыд филологон факультеты журналистикæйы хайады студент, афтæ мын тынг цымыдисон уыд чиныджы Къостайы публицистикæйы темæ. Уый Мелитон райхæлдта цыбыртæй æмæ цымыдисонæй. Загъта йæ хъуыды, зæгъгæ, «Публицистикæйы æцæг тых уый мидæг ис, æмæ кæуыл фыссыс, уыдон дæр дæ хъуыдыимæ зонгæ кæнгæйæ, сæхæдæг… куыд ныккæрзой. Гениалон поэт æмæ публицист адæммæ се ’фхæрджыты ныхмæ æрмæст тохмæ нæ сидт, фæлæ йе ’мдзæвгæ „Балцы зарæджы“, куыд зæгъы: „Цæйут, æфсымæртау, радтæм нæ къухтæ“ — афтæ йæ публцистикæйы дæр архайы адæмы кæрæдзимæ æнгом кæныныл, цæмæй цæуой размæ, царды ‘фсондзы бын ма æрхауой». Цæвиттон — йе ’мзæххонтæм йæ фыстæг — «Зиу».

Тынг æнтыстджын уыд Къоста куыд публицист, афтæ дæр — 19 æнусы 90-æм азты йын радтой Кавказы иууыл стырдæр журналисты ном. Йæ публицистон уацтæ фыста йæ рæстæджы судзаг фарстатыл, зæгъæм, «Цæгат Кавказы æнæсæрфатдзинæдтæ». Ацы уац рухс куы федта, уæд æндæр ницæй кой уал уыд, адæм æй кæрæдзийы къухтæй скъæфтой. Уæды министр дæр уац бакæсгæйæ, тынг смæсты æмæ сфæнд кодта уыцы æнæуагдзинæдтæн кæрон скæнын, æнæхъæн къамис сфæнд кодта арвитын Терчы зылдмæ. Уый дзурæг у Къостайæн йæ бæрзонд публицистон æмæ аивадон æмвæзадыл. Æрмæст йæ очерк «Особа» дæр цасы аргъ у! Цæвиттойнаг у, канд ирон нæ, фæлæ æмткæй дунеон публицистикæйæн.

Къоста егъау фæд ныууагъта хуызфыссынады. Æмæ йыл Хъазиты Мелитон дæр йæ монографийы æрдзырдта хицæн сæргонды, «Ирон нывкæнынады бынудурæрæвæрæг», зæгъгæ. Ам æрæмбырд кодта Къоста-нывгæнæджы тыххæй уæрæсейаг æмæ ирон зынгæ ныв-гæнджыты ныхæстæ поэты нываивады тыххæй. Къоста стыр нывгæнæг кæй уыд, уый махæй хуыздæр зыдта Тугъанты Махарбег: «Если бы Коста ничего не оставил после себя, кроме одной картины „Каменщики“, то и этого было бы вполне достаточно, чтобы считать его основоположником осетинской живописи».

Чиныджы фæсныхасы æвдыст æрцыдысты Къостайы ахастытæ Цæлыккаты Аннæимæ. Бирæтæ Аннæмæ зулцæстæй кæсынц, критикæ йæ кæнынц, суанг ма æмдзæвгæты хуызы дæр, дызæрдыг кæнынц йæ уарзондзинадыл æмæ йæ зылынджын кæнынц, Къостайæ не смой кодта, зæгъгæ, ома, хуыздæр цард равзæрста Дзасохты афицер-лæппуимæ. Ацы фарсты фæдыл Хъазиты Мелитон æрхаста Арсены мысинæгтæ: «Ныр Къостайæн йæ писмотæм гæсгæ бæрæг кæны, уыцы кой раст кæй нæ уыди. Аннæ Къостайæн куымдта, фæлæ уыцы дзырдæй, Къоста куыд ныууадза йе ’хсæнадон æмæ литературон куыст æмæ хи царды сагъæстыл куыд ныллæуа, Къоста та йын уый дзырдта, зæгъгæ, æхсæнадон æмæ литературон куыстæн ныууадзæн нæй. Гъе, æмæ æрмæст уымæ гæсгæ не сбастой сæ цард иумæ».

Бирæтæ уыцы хъуыдыимæ разы нæ уыдысты, фæлæ Мелитон та фыссы: «Мах фæнды æви нæ, уæддæр сылгоймаг амонд ссарын фылдæр йæ цард саразынимæ фæбæтты. Æмæ, уæдæ, Аннæйæн цæмæннæ хъуамæ уыдаид уыцы бар, уый дæр Хуыцау иунæг цæрæнбонæй дарддæр куы нæ схай кодта, уæд? Фæлæ, адæм, æгъатыр стæм, никæмæн нæ ницы фæнды ныххатыр кæнын. Нæ литератортæй дæр бирæтæ уымæн фæкæсынц Аннæмæ зулцæстæй. Уымæн ын схæцынц уайдзæфтæ кæныныл».

Уæлдæр куыд загътон, афтæмæй Къостайы цард æмæ сфæлдыстадон фæндагыл бирæ куыстытæ æрцыд фыст, фæлæ дызæрдыггаг нæу, Хъазиты Мелитоны монографи «Къоста» се ’хсæн егъау бынат кæй ахсы.

САНАХЪОТЫ Аннæ,
ХИПУ-йы журналистикæйы хайады 2 курсы студент

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.